Дыууынӕм ӕнусы ӕппӕты карздӕр бӕллӕх уыди Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст. Уый бабын кодта милуангай адӕймӕгты. Цал ӕмӕ цал ныййарӕджы фесты зӕрдӕхӕлд сӕ хъӕбулты фыдохы хабарӕй. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты арт сыгъди 1418 боны ӕмӕ ӕхсӕвы. Карз тохы бацыдысты Советон Цӕдисы адӕм иууылдӕр. Цыфыддӕр знагӕй уӕгъд кодтой райгуырӕн зӕххы алы метр дӕр. Уӕлахиз, Цытджын Уӕлахиз цины цӕссыгтимӕ бӕрӕгбон!
— 75 азы рацыд уӕдӕй нырмӕ. Ӕппӕт бӕстӕйы дӕр ныртӕккӕ ницы ис уыцы кадджын бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕнынӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ вазыгджындӕр хъуыддаг. Ничи ферох, ницы ферох. Ацы аз у зӕлдылдарыны ӕмӕ намысы аз, — ацы ныхӕстимӕ республикӕйы Ветеранты советы сӕрдар, авиацийы инӕлар-майор Къаболаты Солтан сӕмбӕлд кадджын уазджытыл. Ветеранты хӕдзармӕ ӕрбацыдысты Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы студенттӕ, сӕ сӕргъы профессор Сергей Плахтий, афтӕмӕй.
Ӕмбырды уыдысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг, фӕллойы ветеран Гулуты Хизир, Афганистаны хӕсты архайӕг, Ветеранты советы сӕрдары хӕдивӕг Геннадий Зеньков ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ. Цалдӕр фӕлтӕры минӕвӕртты ‘хсӕн бацайдагъ цымыдисаг ныхас. Уымӕй равдыстой, фӕлтӕрты ‘хсӕн бастдзинад фидар кӕй у, царды стыр фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, уыдон кӕстӕрты сӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ уӕздандзинадыл хъомыл кӕныныл кӕй архайынц, уый. Фидӕны дохтыртӕ куыд загътой, афтӕмӕй сӕрыстыр сты, ахӕм кадджын адӕмыл кӕй сӕмбӕлдысты, уымӕй. «Бузныг уын уӕ хъазуатон фӕллойы тыххӕй, уӕ хъӕбатырдзинад махӕн у дӕнцӕг нӕ дарддӕры царды. Сымах руаджы нын абон фадат ис нӕ фыдӕлты хъӕбатырдзинадыл ахуыр кӕнынӕн, зонындзинӕдтӕ исынӕн», — дзырдтой фӕсивӕд. Ӕргом ныхасы къӕм нӕй, фӕзӕгъынц. Ацы зӕрдӕмӕдзӕугӕ фембӕлдӕн стыр ахадындзинад кӕй ис, ӕрыгон фӕлтӕр хистӕртӕй бирӕ зонындзинӕдтӕ кӕй райстой, уый дызӕрдыггаг нӕу.
Гугкаты Жаннӕ
Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон















