Ног разамонӕг равзӕрстой

0
509

РЦИ-Аланийы Боксы федерацийы уыд дзуаппон-ӕвзарӕн ӕмбырд. Йӕ архайджытӕ цы фарстытыл ӕрдзырдтой, уыдонӕй иу уыд федерацийы ног разамонӕг равзарын.

Боны фӕткы фарстытыл дзургӕйӕ, Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Сланты Витали фӕндон бахаста, цӕмӕй Цӕгат Ирыстоны Боксы федерацийы разамонӕгӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуа Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Икъаты Русланбег. Конференцийы архайджытӕ уыцы фӕндоныл сразы сты ӕмӕ Икъайы-фырты ӕмхъӕлӕсӕй равзӕрстой федерацийы президентӕй.

Республикӕйы физикон культурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Алан федерацийы ног разамонӕгӕн арфӕ ракодта ӕмӕ бафиппайдта, федерацийы архайд ноджы хъомысджындӕр кӕй фӕуыдзӕн, ууыл йӕ зӕрдӕ кӕй дары, уый.

Икъаты Русланбег йӕ раныхасы куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй боксы райрӕзтӕн республикӕйы хорз фадӕттӕ ис ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта, спорты ацы хуызы райрӕзтыл ӕхсызгонӕй кӕй кусдзӕн, уымӕй.

Конференцийы архайджытӕ бӕлвырд фӕндӕттӕ бахастой федерацийы архайд фӕахадгӕдӕр кӕныны фӕдыл.

Байаты Лолӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here