Нӕ фӕсивӕд фесгуыхтысты Екатеринбурджы

0
358

Армӕйхӕстӕй 24-26 февралы Екатеринбурджы Уӕрӕсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты фесгуыхтысты нӕ республикӕйы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

Ерыстӕ цыдысты ӕртӕ кары спортсменты ‘хсӕн, ӕмӕ ӕртӕйӕ дӕр командон фыццаг бынӕттӕ бацахстой Цӕгат Ирыстоны армрестлертӕ. Ӕдӕппӕтӕй нӕ лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ рамбылдтой 71 хӕрзиуӕджы. Хицӕн къухтӕй хӕцгӕйӕ ӕртӕ кары (14-16, 16-18, 19-21 азтӕ), нӕ чызджытӕ сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой 3, нӕ лӕппутӕ та — 15. Уымӕй уӕлдай ма, дывӕрӕй нымайгӕйӕ, ирыстойнаг спортсментӕ дӕсӕй систы сыгъзӕрин майдантӕй хорзӕхджын.

Ӕвзист майдантӕ нӕ чызджытӕ рамбылдтой 13, нӕ лӕппутӕ та — 10. Бронзӕ майдантӕй нӕ чызджытӕ хорзӕхджын систы 7 хатты, лӕппутӕ та — 11 хатты.

Нӕ лӕппутӕй дыууӕ къухӕй дӕр сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой: 14-16-аздзыд Габеты Алан (60 кг), 16-18-аздзыдты ерысы — Дыгуры Сослан (60 кг) ӕмӕ Абайты Батрадз (70 кг), 19-21-аздзыдты ‘хсӕн та дыгай хӕттыты фесгуыхтысты Фӕрниаты Егор (65 кг) ӕмӕ Дыгуры Сӕрмӕт (90 кг).

Не спортсментӕй сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой: Сагкаты Миланӕ (55 кг), Теблойты Данӕ (+70 кг), Габеты Алан (60 кг), Сабанты Сослан (60 кг), Дыгуры Сослан (60 кг), Дыгуры Сӕрмӕт (90 кг), Багаты Дзамболат (65 кг), Цӕголты Сослан (+70 кг), Абайты Батрадз (70 кг), Сослан Тваури (60 кг), Фӕрниаты Егор (90 кг), Саулохты Азӕмӕт (65 кг) ӕмӕ Абайты Батрадз.

Раппӕлинаг сты, дыгай майдантӕ чи рамбылдта, уыцы фӕсивӕд иууылдӕр. Ахӕмтӕ та нӕ командӕйӕн уыдысты сӕ фылдӕр. Зӕгъӕм, кӕд се ‘ппӕтӕн сыгъзӕрин майдантӕ рамбулын нӕ бантыст, уӕддӕр сӕ архайд тынг фӕпайда командон ерысты фӕуӕлахиз уӕвынӕн. Афтӕ Дур-Дуры скъола-интернат «Ныфс»-ы ахуырдзау Санахъоты Олег 14-16-аздзыд спортсменты ерысы, галиу къухӕй хӕцгӕйӕ, рамбылдта ӕвзист майдан, рахизӕй та бацахста ӕртыккаг бынат. Скъолайы директор Хъойбайты Оксанӕ ӕмӕ Оледжы ахуыргӕнджытӕн тынг ӕхсызгон уыди сӕ хъомылгӕнинаджы фесгуыхт. «Мах нӕ хъомылгӕнинаджы 2-аг бынатыл тынг бацин кодтам, уымӕн ӕмӕ Олег у тынг хорз скъоладзау. Ахуыр дӕр кӕны хорз. У хӕдӕфсарм лӕппу. Спортӕй уӕлдай ма  хихъӕппӕрисадон аивадон къордты дӕр у зӕрдиаг архайӕг. Олег куыстуарзаг ӕмӕ ӕнӕзивӕг кӕй у, уый нӕ ныфс уадзы, йӕ цардвӕндаг ӕнтыстджын кӕй рауайдзӕн, уымӕй. Абон кӕд Олег Уӕрӕсейы йӕхи карӕнты ‘хсӕн дыккаг бынат бацахста, уӕд сомбон та фыццаг кӕй суыдзӕн, уый нӕ уырны», — загъта Хъойбайты Оксанӕ.

Нӕ республикӕйы армспорты федерацийы президент, раздӕры дунейы чемпион Цъӕхилты Таймураз разы у, нӕ фӕсивӕд сӕхи куыд равдыстой, уымӕй ӕмӕ нын загъта: «Ерысты архайдта 500 спортсменӕй фылдӕр. Алы кары дӕр фыццаг бынӕттӕ бацахсыныл цыди тынг ахъаззаг тохтӕ. Ахӕм уавӕры нӕ чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ уыйбӕрц хӕрзиуджытӕ кӕй рамбылдтой, уый раппӕлинаг хъуыддаг у. Ӕз ма нӕ фӕсивӕдӕй  разы дӕн, сӕхи куыд дарынц, уымӕй дӕр. Иууылдӕр архайынц кӕрӕдзийӕн  ӕххуыс кӕныныл. Уый тынг хъӕугӕ хъуыддаг у спорты, уӕлдайдӕр та, ерыстӕ ӕндӕр рӕтты куы фӕцӕуынц, уӕд. Нӕ командӕйы сты нӕ республикӕйы алы районты райгуырӕг ӕмӕ сырӕзӕг фӕсивӕд, фӕлӕ нӕм ӕппӕты фылдӕр ис Дур-Дуры хъӕуӕй.

Уым тынг зӕрдиаг куыст кӕны тренер Сабанты Олег, ӕмӕ йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ ӕвдисынц хорз цӕттӕдзинад.  Санахъоты Олег  дӕр у йӕ хъомылгӕнинаг.

Уӕдӕ нӕм ис дзӕуджыхъӕуккаг хорз фӕсивӕд дӕр. Зӕгъӕм, Екатеринбурджы дыууӕ къухӕй дӕр сыгъзӕрин майдантӕ чи рамбылдта, уыдонӕй иу у Габеты Алан.  Ныр мах нӕхи цӕттӕ кӕндзыстӕм Европӕйы чемпионатмӕ. Уый цӕудзӕн майы Венгрийы, ӕмӕ дзы нӕ фӕсивӕдӕй уыдзӕн ссӕдз адӕймаджы. Уырны нӕ, уым дӕр  сӕхи сӕрӕнӕй кӕй равдисдзысты, уый!»

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here