Хуыздӕртӕн — хӕрзиуджытӕ

0
336

РЦИ-Аланийы Экономикон рӕзты министрад ивгъуыд азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ хӕрзиуджытӕ радта республикӕйы хуыздӕр ӕнӕкоммерцион кусӕндӕттӕн. Ӕнӕкоммерцион кусӕндӕтты ӕппӕтдунеон форумы хъӕппӕрисӕй ӕнӕкоммерцион кусӕндӕтты ӕппӕтдунеон бон бӕрӕг кӕнын райдыдтой 2014 азы 27 февралӕй фӕстӕмӕ.

Социалон ахадгӕ проекттӕ ӕмӕ граждайнаг фӕндӕттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕвӕрӕн бахӕссыны тыххӕй ведомствӕйы разамонӕг Томайты Хъазыбег 23 ӕнӕкоммерцион кусӕндоны минӕвӕрттӕн радта бузныджы фыстӕджытӕ. Ныхас цӕуы, фӕкӕсинаг адӕмӕн зӕрдиагӕй чи ӕххуыс кӕны, донорты змӕлды рӕзтӕн чи ахъаз кӕны, культурон бынтӕ чи хъахъхъӕны, стӕй хӕрзаудӕн, экологон ӕмӕ рухстауӕн акцитӕ чи аразы, ахӕм кусӕндӕттыл. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕуӕлахиз сты Президенты грантты федералон конкурсы.

— Нӕ ӕнӕкоммерцион кусӕндӕттӕ алыхуызон къабӕзты кӕй архайынц, уый мын ӕхсызгон у. Сымах арӕх ӕххӕст кӕнут, паддзахады бӕрны чи ис, уыцы куыстуӕтты хӕслӕвӕрдтӕ дӕр. Мах стӕм бӕрнон оргӕн ӕмӕ уын уӕ проекттӕн ӕппӕтвӕрсыг ӕххуыс кӕндзыстӕм, — загъта Томайы-фырт.

Ӕнӕкоммерцион кусӕндӕтты разамонджытӕ министрӕн радзырдтой сӕ пъланты тыххӕй. Баххӕст кӕнынмӕ кӕй хъавынц, уыдон сты: республикӕйы районты фӕзтӕ агурыны, национ проекттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрбахоныны, ахуырадӕн ӕхца дӕттыны, информацион уагӕй ӕххуыс кӕныны, террористон фыдракӕндты амӕттӕгты дунеон номарӕн музейтӕ терроризмӕй бахизыны центры арӕзтад ӕмӕ ӕндӕр профилон ведомствӕтимӕ ӕмгуыст кӕныны фӕндӕттӕ. Ацы пълантыл кӕй бакусдзысты, министр сын уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта.

Фиппаинаг: Цӕгат Ирыстоны сӕрмагонд ӕгъдауӕй регистрацигонд ис 904 ӕнӕкоммерцион кусӕндоны (се ‘ртыццаг хай кусы социалон къабазы). Министрад хуыздӕр кусӕндӕттӕн хӕрзиуджытӕ радта дыккаг аз фӕд-фӕдыл.

Гуырдзыбеты Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here