“Ӕз дӕ уарзин, Иликъо…”

0
574

— Нӕ, Иликъо мӕлын ницы хуызы бакуымдтаид, уый мӕнӕн фӕйнӕгфарс, дурхор лӕппу у, — дзырдта йӕ мад Гоцӕ, ӕмӕ, цалынмӕ йӕ цардӕй ахицӕн, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст йӕ фырты ссыдмӕ. Арӕх-иу байтом кодта, рагӕй дӕр ӕфснайдӕй цы чумӕдан лӕууыд, уый, ӕмӕ-иу фӕрафӕлдах-бафӕлдах кодта, Иликъойы чындзӕхсӕвмӕ цы хъуымӕцтӕ сӕвӕрдта, уыдон. Ӕрхаста-иу сыл арӕхстгай йӕ уырзтӕ, аныгъуылд-иу хъуыдыты. Лӕзырыдысты ӕфснайдӕй хъуымӕцтӕ, рӕстӕг ӕнӕрынцойӕ размӕ цыд, мадӕн та ногӕй-ногдӕр кодтой раджыйы цаутӕ…

Ӕз мӕ бӕхӕн кӕрдӕг ракӕрдон, зӕгъгӕ, бадзырдта йӕ бинонтӕм Мысойты Гадзе ӕмӕ хӕдзарӕй рараст. Бон фӕуынмӕ хъавыд, уӕрдон цъыфджын, лами фӕндагыл сабыргай змӕлыд, афтӕмӕй Гадзейы хъустыл сабыр, ӕнуд цъист ауад. Ӕрмӕстдӕр дзы дыууӕ цъӕх-цъӕхид цӕсты ӕрттывтой, афтӕмӕй ламийы тыхызмӕлд кодта чысыл саби. Рагӕй архайдта цъыфы уацарӕй раирвӕзыныл, фӕлӕ йӕ бон нӕ уыдис. Йӕ дзаумайыл, йӕ къухтыл цъыф хъӕбӕр цъар сӕвӕрдта. Лӕг алырдӕмыты фӕракӕс-бакӕс кодта, дзӕвгар ма Сындзыхъӕуы ‘рдӕм ныццыд, кӕд сывӕллонӕн хицау разынид, зӕгъгӕ, фӕлӕ змӕлӕг дӕр нӕ федта.

Раласта Гадзе йӕ кӕрц, сабийы дзы ӕрбатыхта ӕмӕ сыздӕхт Цраумӕ, йӕ бинонтӕм… Ӕддӕмӕ-ма ракӕс, зӕгъгӕ, бадзырдта йӕ бинойнагмӕ. Уыцы сывӕллоны тӕригъӕдмӕ ныккӕсын дӕр хъуыд! ӕнӕдзургӕйӕ уал Гоцӕ пецы сӕр дон хъарммӕ авӕрдта. Сывӕллон иу гыццыл кӕрцы мидӕг ӕртӕфст, фӕлӕ йӕм хъаруйы мур нал баззад. Раздӕр уал ын цалдӕр хуыппы йӕ дзыхы хъарм ӕхсыр ауагьтой. Цъыфы хъӕбӕртӕ ӕхсад куы ӕрцыдысты, уӕд дзы разынд ӕфхӕрд, хӕлмаг буар, сӕры хъуынтӕ ныффист сты, хӕсгард сӕ нӕ хызт. Суанг сауизӕртӕм фӕархайдтой лӕг ӕмӕ ус, цалынмӕ йын йӕ сӕр сӕлвыдтой, йӕ буар ын хосӕй байсӕрстой. Стӕй йӕ Гоцӕ сыгъдӕг дзаумӕтты ӕрбатыхта, ӕмӕ уыйадыл саби афынӕй…

Афтӕмӕй ма Мысойты стыр бинонтыл бафтыдис. Райдайӕны ӕрмӕстдӕр ӕнуд куыд кодта саби. Цыдаид ыл иу ӕртӕ азы бӕрц. Йӕ дзыхӕй-иу иунӕг ныхас схаудис, «Итто, Итто», зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ схуыдтой Иликъо. Цыбыр рӕстӕг рацыд, ӕмӕ фӕхъӕлдзӕг саби, Гоцӕ ӕмӕ-иу Гадзейы уындмӕ йӕхи размӕ ӕппӕрста, сабыргай райдыдта змӕлын, худын. Йӕ бакастмӕ гӕсгӕ уырыссаг уыдис: ирд, ӕрвхуыз цӕстытӕ, йӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр бур. Ӕххормаг азтӕ уыдысты уыдон, ӕмӕ адӕм суанг Уӕрӕсейы алы къуымтӕй цыдысты Кавказы ‘рдӕм къӕбӕргур, хоры муртӕ агурӕг. Афтӕмӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕрбафтыд Иликъо дӕр ардӕм, ӕмӕ йӕ йӕ сыдӕймӕлӕг мад фӕндагыл ныууагъта. Кӕд ыл, мыййаг, иу Хуыцауысконд лӕг сӕмбӕлид кӕнӕ та кӕд мӕла, уӕд мӕнӕй дард, зӕгъгӕ…

Тынг уарзтой сывӕллоны Гоцӕ ӕмӕ Гадзе. Кӕд-иу иннӕ цотыл над дӕр ауад кӕнӕ тызмӕг ныхас, уӕд Иликъойы ӕфхӕрд, цӕстысыг никӕмӕн барстой. «Мачи йӕ хъыгдарӕд, мачи йӕ нӕмӕд», зӕгъгӕ, та-иу рауадысты йӕ хъӕлӕсмӕ ныййарджытӕ. Цӕрдӕг лӕппу разынд Иликъо, стӕй бинонтыл ӕнувыд. Ницы хуызы йӕ бамбӕрстаид, адон йӕхи бинонтӕ не сты, уый. Фӕлӕ йын иухатт уынджы чидӕр бакой кодта, ды сӕхи лӕппу нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Кӕугӕ ӕрбацыд мидӕмӕ сывӕллон. Ӕрсабыр ӕй кодтой ныййарджытӕ, ӕмӕ уӕд фыццаг ӕмӕ фӕстаг хатт рауадис хӕдзары ныхас Иликъойы фӕзынды тыххӕй.

Рӕзыдис йе ‘мгӕртты ӕмхуызон Иликъо. Ахӕм сӕрӕн уыд, ӕмӕ Гоцӕ ӕмӕ Гадзейы разӕй алы куыстмӕ дӕр гӕпп кодта: бӕх аифтындзын, фыдимӕ быдырмӕ, хъӕдмӕ ауайын. Уӕдӕ ма дзы йӕ фӕдыл, стӕй ӕппӕты хистӕр лӕппуйӕ уӕлдай цыппар кӕстӕры рӕзыд, ӕмӕ сӕм мадимӕ иумӕ зылдис. Гоцӕ-иу къуымбил ӕлвыста, Иликъо та, йе ‘нгуылдзтыл цӕст нӕ хӕцыд, афтӕмӕй цъындатӕ кодта. Мад чъырӕй цӕгъды, Иликъо дӕр — йе ‘мрӕнхъ. Йӕ кӕстӕрты йын исчи бахъыгдардта, зӕгъгӕ, уӕд-иу йӕхицӕн бынат нал ардта. Фӕлӕ-иу искуы-иухатт бадгӕйӕ куы аззад, уӕд-иу ӕрӕнкъард. Хъӕлдзӕгзӕрдӕ лӕппу нӕ уыдис.

— Иликъо, мӕ хур, кӕд дын, мыййаг, искуы исчи ис, кӕд искӕй зоныс, уӕд мын ӕй зӕгъ, ӕмӕ дӕ ӕз фӕласдзынӕн… Цӕмӕн ӕнкъард кӕныс? — бафарста фыд.

— Гадзе, ӕз сымах йеддӕмӕ никӕй зонын… Афтӕ мын макуыуал зӕгъ, — ӕрбауынгӕг лӕппуйы зӕрдӕ.

Скъолайы фӕстӕ Иликъо кусынмӕ бацыд колхозмӕ. Уӕды фӕсивӕд арт уыдысты, уӕдӕ цы?! Се змӕлдыл цӕст нӕ хӕцыд. Хуымӕтӕджы къӕпи дӕр ын нал фаг кодта ӕмӕ ӕрмадзы йӕхицӕн дынджырдӕр скӕнын скодта Иликъо. Нӕ йын уыд ӕмбал нӕдӕр рувгӕйӕ, нӕдӕр — хосгӕрсты. Стӕй та афӕнд кодта Мызуры ӕрзӕтыссӕн фабрикмӕ ацӕуын. Къуырийы дӕргъы-иу хохы фӕцис, стӕй-иу хуыцаубоны рахӕццӕ Цраумӕ. Ӕхца райста, уӕд ӕнӕмӕнгӕй Гоцӕйӕн радзырдтаид: «Мӕнӕ уыйбӕрц мӕхицӕн уадзын, иннӕтӕ дӕуӕн ӕмӕ, цы хъӕуы, уымӕн сӕ спайда кӕн…»

Афтӕмӕй цыдис цард. Иу рӕстӕг скодта, ӕмӕ адӕмы ӕнаххосӕй ахстой ӕмӕ-иу сӕ Сыбыры амӕттаг фӕкодтой. Ахӕм фыд-заман ӕрлӕууыд Мысойты бинонтыл дӕр. Ӕрцахстой Гадзейы, ахастой йӕ Сыбырмӕ. Цы уыд сӕ бон, ӕрмӕстдӕр сӕ цӕстысыгӕй сӕхи ӕхсадтой бинонтӕ. Ӕмӕ уӕд хӕдзары уӕз йӕхимӕ райста Иликъо: «Сымах ӕрмӕстдӕр уӕ ахуыры кой кӕнут… Ӕз кусдзынӕн… Нӕхи фыдгулты фӕндиаг ма фӕкӕнӕм», — фӕдзӕхста йӕ хотӕн ӕмӕ йе ‘фсымӕртӕн Иликъо. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, нӕ бауагъта хӕдзар фӕцудын, Гоцӕйӕн ссис йӕ ныфс, йе скаст. Хохӕй-иу куыддӕр рахӕццӕ, афтӕ-иу уайтагъд Гоцӕйы афарста: «Куыд дӕ? Цӕмӕй тыхсыс?»

… Ӕрцыдис афон, ӕмӕ Иликъомӕ фӕсидтысты ӕфсадмӕ. Тагъд-тагъд ӕй арӕвдз кодтой хӕдзары. Йемӕ Алагиры станцӕйы онг дӕр никӕй уагъта цӕуын, мӕхицӕн, дам, зындӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ бинонтӕн хӕдзары «хӕрзбон» загъта. Уӕддӕр йӕ хо Рая йӕ фӕнд атардта ӕмӕ станцӕмӕ йемӕ ацыдис.

…Мӕнӕ ӕрбахӕццӕ поезд. Иликъомӕ, йе ‘мбӕлттӕм фӕдзырдтой. Нӕ баурӕдта хойы зӕрдӕ, раст ӕм цыма цыдӕр сдзырдта, уый уӕ фӕстаг фембӕлд у, зӕгъгӕ, ӕмӕ скуыдта. Бӕргӕ йӕхи хъӕддых кодта Иликъо дӕр, азылдта йӕ сӕр иннӕрдӕм, йӕ цӕсгомыл та ӕнӕрынцойӕ згъӕлдысты цӕстысыгтӕ. Асӕрфта йӕ хойы дзыккутӕ къухӕй: «ма ку, ма ку», зӕгъгӕ, сдзырдта ӕмӕ бахызт вагонмӕ…

…Стӕй та уайтагъд райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст. Иунӕг фыстӕг ма ссыдис хӕдзармӕ Ленинграды бынӕй. Иликъо уым фӕдзӕхста: «Гоцӕйы зӕрдӕхудты уӕ мачи макуы бацӕуӕд… Кӕсут ӕм, уый зӕрдӕрыст у…» Уый фӕстӕ та хӕдзарыл сӕмбӕлд ӕндӕр, сау гӕххӕтт: «Мысойты Илья Гадзейы фырт… Ӕбӕрӕгӕй фесӕфт…»

“Нӕ, Иликъо мӕлын ницы хуызы бакуымдтаид… Уый мӕнӕн ахӕм маст не скӕндзӕн”, — дзырдта мад… Цалдӕр хатты арвыстой бинонтӕ фыстӕджытӕ хӕстон комиссарадмӕ, фӕлӕ уымӕй уӕлдай ницыуал базыдтой.

Кӕд, мыййаг, сымах хорз нӕ ныффыссут, ӕнӕууӕнк кодта мад йӕ чызджытыл ӕмӕ фӕцыд Алагирмӕ адвокатмӕ. Ӕхцайӕ уӕлдай ма йын бумбули баз дӕр бахаста: хорз, дам, мын ныффысс…

Ахӕм Хуыцауӕхсӕв нӕ уыд, ӕмӕ Гоцӕ ӕртӕ чъирийы ма скува, Иликъойы ма бафӕдзӕхса. Уӕдӕ хӕстӕй бӕлццӕттӕ куы здӕхтысты, ӕмӕ та-иу Иликъо зынӕг куы нӕ уыдис, уӕд-иу фӕкуыдта мад. Фӕлӕ йӕм кӕронмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кастис.

Йӕ чындзӕхсӕвмӕ йын цы хъуымӕцтӕ сӕвӕрдта, уыдонӕй йӕ чызджытӕн иу дӕр нӕ радта, уыдон Иликъойы сты, зӕгъгӕ. Цалынмӕ ӕфсадмӕ нӕ ацыдис, уӕдмӕ йын бӕргӕ лӕгъстӕ кодта мад, бинонты хъуыддаг бакӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ никуы сразы: «Мӕнӕ Гадзе нӕхимӕ куы сыздӕха, ӕрмӕстдӕр уӕд…» Мадӕн йӕ дзаумӕтты зынаргъдӕр ӕмӕ уарзондӕр уыд йӕ зӕронд гаруз. Куы йӕ кодта, уӕд дзы Иликъо дӕр цалдӕр рӕнхъы абыдта. Ацы гарузыл, дам, йӕ къухты фӕдтӕ баззадысты, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр йӕ нывӕрзӕны дардта…

Нал фӕзынд Сыбырӕй хӕдзары хицау, бинонты сӕр Гадзе. Кӕд ӕмуд, ӕнувыдӕй фӕцардысты Гоцӕ ӕмӕ Гадзе, уӕддӕр Гоцӕйы сынтӕджы сӕрмӕ ауыгъд уыдис Иликъойы хуызист. Кастис-иу ӕм мад, ӕмӕ йӕ цӕстытыл уадис, гыццыл лӕппуйӕ, мады фӕдджитыл фидар хӕцгӕйӕ, куыд зылдис Иликъо, куыд-иу ӕм нылхъывта йӕхи. Стӕй та йын ссис хӕдзары астӕуккаг цӕджындз… Куыд бирӕ йӕ уарзтой кӕстӕртӕ, куыд ӕнувыд ыл уыдысты… Исчи сын афтӕ куы загътаид, ӕмӕ Иликъо фыдуынд у, уӕд ӕм знаджы зӕрдӕ бадардтаиккой. Уымӕй сӕм рӕсугъддӕр ӕмӕ хуыздӕр ничи каст.

Мӕхи кӕдӕй хъуыды кӕнын, уӕдӕй мӕ мад Мысойты-Бутаты Раяйӕ хъуыстон Иликъойы кой. Куыд нӕ йын уыдысты зынаргъ йӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ Хадзымырзӕ, Аслӕмырзӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы Иликъойӕн уыдис хицӕн бынат. Уӕлдай уарзт, уӕлдай ахаст… Афтӕ, цалынмӕ цард, уӕдмӕ.

… Мысинӕгтӕ, стӕй зӕрдӕйы ӕнӕцӕугӕ рыст ныууагъта йӕ фӕстӕ Иликъо… Цымӕ кӕцы тохы быдыры, Фыдызӕххы кӕцы гӕппӕл хъахъхъӕнгӕйӕ, сӕмбӕлд Иликъойы фӕтӕн риуыл знаджы нӕмыг? Кӕм ӕрхауд, чи йын ӕрӕхгӕдта йӕ ӕрвхуыз цъӕх-цъӕхид цӕстытӕ, чи йыл бакалдта зӕхх? Чи зоны?!

Ӕз та йӕ зонын: Иликъо уыдис хъӕбатыр, уый йӕ мад Гоцӕйы цӕстысыгтӕ ницы хуызы ныббарстаид цыфыддӕр знагӕн. Уый командиры сидт «За Родину!», «За Сталина!» фехъуыста, сыстад йе ‘мбӕрц, ӕдӕрсгӕ размӕ алӕгӕрста знӕгты ссӕндгӕйӕ. Нӕмыг ыл куы сӕмбӕлд, уӕддӕр нӕ баурӕдта йӕ къахдзӕф, йӕ бырст, ӕмӕ, мӕлӕт кӕмӕн нӕй, уыцы хъӕбатырты ӕмрӕнхъ ӕнустӕм ӕрлӕууыд…

Уарзын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ зӕронд къамтӕ ракал-бакал кӕнын. Бирӕ зонгӕ ӕмӕ ӕнӕзонгӕ цӕсгӕмттӕ… Ӕндӕрхуызон цӕстӕнгас, ӕнахуыр уӕлӕдарӕс… Дисгӕнгӕйӕ сӕ иртасыс: «Адон та чи сты, цымӕ?» «… Дӕлӕ ӕрыгонӕй цы аив уыдис!…» Афтӕмӕй кӕддӕр базонгӕ дӕн мӕ мады ‘фсымӕр Иликъоимӕ. «Кӕй хуызӕн уӕ уыдис, кӕй?!» — фарстон-иу мӕ мады… Чи зоны, кӕддӕр ӕй хъаймӕты рӕстӕг, йӕ туг йӕ цӕстытӕй згъалгӕ, фӕндагыл цы ныййарӕг ныууагьта, уый ӕнгӕс уыд Иликъо… Фӕлӕ Мысойтӕ дӕр цъӕхдзаст ӕмӕ бурхил сты, ӕмӕ йӕ йе сфӕлдисӕг зӕд уымӕн ныффӕдзӕхста уыдоныл… Ӕмӕ ӕнӕхайыры хӕст куы нӕ сыстадаид, уӕд ма мын уыдаид иу мады ‘фсымӕр, фылдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ дӕ ӕз, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ уарзин, Иликъо…

БУТАТЫ Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here