Сгарджыты ахуыртӕ

0
586

Цӕгат Ирыстоны хӕххон полигон «Дайран»-ы райдыдтой Хуссайраг ӕфсӕддон зылды фистӕгӕфсӕддон иугӕндты ӕмӕ Сауденджызон флоты хӕйтты сгарджыты ахуыртӕ. Сӕ архайджыты иумӕйаг нымӕц хӕццӕ кӕны 250 адӕймагмӕ.

Ахуырады сӕрмагонд курсмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ хохы ӕххӕст кӕндзысты хӕцӕнгӕрзтӕй рӕвдз ӕхсыны, хӕдтулгӕ скъӕрыны, лӕгӕй-лӕгмӕ ӕмӕ кардимӕ хӕцыны, хи ӕмбӕхсыны, знаджы ӕнӕ уынӕрӕй иуварс кӕныны, ӕнӕзонгӕ бынаты архайыны ӕмӕ, альпинистон ифтонггӕрзтӕй пайда кӕнгӕйӕ, къардиутӕм хизыны хӕслӕвӕрдтӕ.

Ахуырадон курсыты кӕрон сгарджытӕ нырыккон нымӕцон бастдзинад ӕмӕ навигацийы фӕрӕзты ӕххуысӕй схиздзысты 3 мин метры бӕрзӕндӕн хохмӕ. Ӕфсӕддон ахуыртӕ ахӕсдзысты 15 мартъийы онг.

Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here