Цомайты Ростик мæнæй уыдис цыппар азы кæстæр. Ирон филологийы факультеты студент ма куы уыдис, уæд-иу мæм рæстæгæй-рæстæгмæ æрбахаудтой йæ иугай æмдзæвгæтæ. Сæ мидис æмæ сæ арæзт уыд поэзийы комулæфтæй, æмæ-иу ын ныфсытæ æвæрдтон, цæмæй йе сфæлдыстадон куыст ма рох кæна, уый тыххæй. Ахуыры рæстæг бирæтæ фæфæлварынц фыссынмæ, фæлæ дзы кæронмæ стæмтæ ахæццæ вæййынц. Йæ фыццаг къахдзæфтæ мæ зæрдæмæ цыдысты канд сæ нывæстæй нæ, фæлæ ма хиуылхæст лæппу кæй уыдис, уымæй дæр. Райдайæны фылдæр æмбæлдыстæм сæрдыгон: Ростик филфакы ирон хайады студент уыд, æз та — Ленинграды паддзахадон университеты аспирант. Æмæ-иу нæ улæфты рæстæг баиу кодта. Кæрæдзийы фæдыл се ‘нусон дунемæ ацыдысты йæ мад æмæ йæ фыд: тынг сыл фæхъыг кодта, фæлæ сæ разы къæмдзæстыгæй никуы æрлæууыд. Æмæ дзы бузныг уыдысты уыдон дæр.
Азтæ кæрæдзи фæстæ згъордтой, æмæ мæнæ ралæууыд 2009 азы кæрон. Цомайы-фырты фыццаг юбилейон аз… Кадджын хуызы йæ сбæрæг кодта, Мыхуыры хæдзары фыццаг уæладзыджы цы кафе уыд, уым. Йæ хæлæрттæй, йæ зонгæтæй, йе ‘мкусджытæй фæсте ничиуал баззад. Стыр залы адæмы змæлдæй къух бакæнæн нал уыдис. Йæ бæрæгбон лæугæйæ арвыста — куы-иу кæй цур æрлæууыд, куы — кæй!.. Алкæмæн дæр загъта йæ бузныджы ныхæстæ. Цыбыр ныхасæй, гъæйтт-мардзæ куывды куыд вæййы, афтæ. Мах — йæ хæстæгдæр æрдхæрдтæ — цалдæрæй (Козаты Ушанг, Касаты Батрадз, Къадзаты Славик, Цæриаты Валери, Зассеты Булат æмæ — æз) иу фынджы уæлхъус бадт фестæм. Æрлæууыд нæ разы, фæлмæн худт бакодта æмæ сæрыстырæй загъта: «Лæппутæ, фæйнæ нуазæны мæ къухæй саккаг кæнут!» Афтæ, мæнмæ гæсгæ, цыд иу фынгæй — иннæмæ, цыма искæй зæрдæхудтæй тарст, уый хуызæн.
Йæ фæндзай азы бонмæ мæ зæрды юбилейон уац ныффыссын ис, зæгъгæ, уый куы базыдта, уæд мын сагъæсхуызæй афтæ бакодта: «Барис, кæд гæнæн ис, уæд ма йæ «Рæстдзинад»-ы нæ, фæлæ æндæр газеты ныммыхуыр кæн. Редакторы хæдивæг дæн, æмæ исчи афтæ зæгъдзæн, йæхи тыххæй æрмæджытæ уадзы!..» Афтæ зæрдиаг æмæ уырнинагæй загъта, æмæ йæ ныхæстыл дыууæ нал загътон. Чысыл фæстæдæр ме ‘рмæг фæзынд газет «Дзæуджыхъæу»-ы фæрстыл 2009 азы кæрон. Сæргондæн ын радтон йæхи æмдзæвгæйы рæнхъытæ: «Тæхынц кæрæдзимæ нæ удтæ». Ацы рæстдзæвин хъуыдыйæ хуымæтæджы не спайда кодтон, уымæн æмæ уыдон уыдысты йе ‘цæг зæрдæйы æвдисæны хуызæн. Йе ‘мбæлттимæ йæ, фыццаджыдæр, иу кодта иузæрдиондзинад. Цы юбилейон æрмæджы кой ракодтон, уым æмткæй аргъ скодтон канд йæхи сфæлдыстадæн нæ, фæлæ йын уырыссагау цы чиныг «Грани» рацыд, уымæн дæр. Бузныг загътон йæ тæлмацгæнджытæ Бицъоты Барис æмæ Дзатцеты Каренæн дæр.
Нæуæдзæм азты нæ цытджын бæстæ адæмы «æцæг знæгты» цыфыддæр фыдракæнды фæрцы куы фехæлд, уæд махæй алчидæр тынг фæмаст кодта. Фæлæ ма махæй уæлдай Ростичы йæ зæрдæ дæр хъыгдарын райдыдта. Суанг ма рынчындæттæм дæр бахауд. Иннæрдыгæй та — редакторы хæдивæгæн чысыл куыст кæм уыдис. Æмæ йын уый дæр йе ‘нæниздзинадыл æнæзынгæ нæ фæцис. Уæд-иу мах, йе ‘мбæлттæ, афтæ хъуыды кодтам, зæгъгæ, уый рæстæгмæйы хабар у. Фæлæ, азтæ куыд равдыстой, уымæ гæсгæ хабæрттæ бирæ уæззаудæр разындысты. Æрцæйхæццæ кодта йæ дыккаг юбилейон аз. Ростик нæ иу цалдæрмæ йæхæдæг телефонæй æрбадзырдта, фæндыдис æй, куы сæмбæлдаиккам, уый. Фæлæ нæ фембæлд нæ рауад… Цомайы-фырт иу зымæгон бон æнæнхъæлæджы ахицæн йæ цардæй… Уазал рæстæг ноджы уæззаудæр кодта нæ зæрдæйы уавæр. Æнæнхъæлæджы хабар, зæрдæйы носау, баззад нæ удрæбын Хуымæтæджы нæ бакæнынц: «Æмбæлттæ æмæ поэттæ ацæуынц æнæнхъæлæджы!…»
Зымæгон асæст бон æрлæууыдыстæм йæ табæты уæлхъус, уæдæ цы!.. Цыдæр мын æнцойад нæ лæвæрдта, æмæ уыцы рæстæг Касаты Батрадзмæ фæкомкоммæ дæн. Бахатыдтæн æм, цæмæй, саударæн æмбырд чи амыдта, уымæн бамбарын кæна æмæ мын бар радта æмгæртты номæй дыууæ ныхасы зæгъынмæ. Рахызтæн æрцæуæг адæмы æхсæнæй æмæ райдыдтон мæ ныхас: «Хъыггæнæг адæм, фарн уæм бадзурæд! Ростик æмгарджын лæппу уыдис, æмæ уыдоны иу хайы номæй зæрдиагæй тæфæрфæс кæнын бинонтæн, хиуæттæн, къабæзтæн, сыхæгтæн, æрцæуæг адæмæн! Уæ къахвæллой, уæ уды фыдæбон Цомайы-фыртæн хæлар уæд. Хуыцаумæ бирæ хорздзинæдтæ ис, æмæ сæ хайджын ут! Кæддæр нæ цытджын поэт Дзанайты Иван ахæм рæстдзæвин хъуыды ныууагъта: «Цард у скаст æмæ ныккаст!» Ома, йæ райгуырд — скаст, йæ ацыд — ныккаст. Æмæ уыцы дыууæ стыр цауы æхсæн бацæуы адæймагæн йæ царды азфысты бæрæгуат. Сфæлдисæджы цур ын барлæвæрд вæййы йæхи равдисынмæ. Ростик цардмæ равзæрд æмæ рантыст фæрнджын адæмы æхсæн. Рох дзы никуы уыд, ирон уæвын стыр хæс кæй у, уый. Дзыллæйы фарн æмæ æгъдау, тырысайау, бынмæ никуы æруагъта йæ фæстаг улæфты онг. Кæм бадти, кæм цардис, кæм куыста, уым нæ фыдæлты æгъдау цыдис йæ разæй. Уымæ гæсгæ йæ мах, йе ‘мгæрттæ, хъулон уарзт кодтам.
Нæ фыдæлты ныхас афтæ амоны: зианæй, дам, тæрсын хъæуы, фæлæ, куы ‘рцæуа, уæд та йын йе ‘гъдау кæнын хъæуы. Абон, ацы уазал бон, Цомайты кæртмæ чи æрæмбырд, уыдон иууылдæр срæсугъд кодтой зианы фæстаг æгъдау йæ ныййарæг зæххыл. Къоста раст фыста: «Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты…»
Æмгæртты номæй арфæ кæнын æрцæуæг адæмæн. Æгъдау срæсугъд кодтат, зианджынтæн сæ хъыг фæкъаддæр кодтат, йæ иу хай дзы уæхимæ айстат, æмæ уын иунæг кадджын Хуыцау арфæгæнæг уæд. Кæд уæ искæмæ рынчын ис, уæд тагъд рæстæджы йæ къахыл слæууæд; кæд уæ исчи бæлццонмæ æнхъæлмæ кæсы, уæд сæрæгасæй йæ хæдзарыл сæмбæлæд. Мардæй амондджын нæй, фæлæ Ростичы æвæрæн бонæй фæстæмæ бирæ азты зианмæ цæуын куыд нал бахъæуа, ахæм бонтæ уыл скæнæд!
Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: адæймагæн, дам, бинонтæ, ныййарджытæ æмæ сыхæгтæ Хуыцауæй дæтгæ сты, иннæтæ иууылдæр та йæхицæй аразгæ сты. Ныр цалдæр боны сыхбæстæ лæггад кæнынц, æмæ сын не Сфæлдисæг сæ хæрзтæ уынæг уæд. Ростичы æгъдæуттæ афæдзæй-афæдзмæ уæ бар уыдзысты æмæ сæ куыд æнæзæрдæхудтæй райдыдтат, афтæ сæ йæ афæдзы бонмæ рæсугъдæй куыд ахæццæ кæнат, ахæм амонд уæ уæд! Адæймагæн йæ зæххон царды бинонты къорд сфæлдисын Хуыцауы фæдзæхст у. Ростикæн йæ цардæмбал Альбинæимæ хорз кæстæртæ рантыст, фæлæ кæрæдзийы хурæй нæ бафсæстысты, æмæ мæ уымæ гæсгæ зæгъын фæнды: йæхицæн цы нæ бантыст, уый йæ бинонтæ, йæ кæстæртæн бантысæд! Нæй гæнæн, мæ хуртæ, цард уæ фæлвары, æмæ фидар лæуут. Быхсынæй хуыздæр хос нæй. Цард æмæ рæстæгæй хуыздæр дохтыр нæй, æмæ уæ сæ хорзæх уæд! Ростик та уыл уыцы дунейæ дæр хæрзаудæн кæнæд.
Цомайы-фырты æмгæртты номæй зæрдиагæй арфæ кæнын сылгоймæгтæн: цы цæссыгтæ йыл æркалдтат, уыдон уæм хорзæхтæй фæстæмæ раздæхæнт! Уæ кæстæрты зын макуы фенут, сæ хорзæхæй бафсæдут! Хъæбулы зын сылгоймаджы хуызæн мах не ‘нкъарæм, уымæн æмæ йæ уæ зæрдæйы бын сымах хæссут, царды рухс дæр ын сымах фенын кæнут. Фыдæлтыккон æмбисонд нын хуымæтæджы нæ амоны: «Мады хъæбысæй адджындæр ницы ис зæххыл». Гъе æмæ, мады хъæбысау, адджын уæд Ростикæн йæ саумæр зæхх! Йæ ингæн зымæгон сæлгæ ма кæнæд, сæрдыгон — тæвд. Раст адæймаг уыд, æмæ йын Барастыр дзæнæты дуæрттæ байгом кæндзæнис. Йæ бынат хуыздæртимæ уæд: дзæнæты дыргътæй йын хæрыны бар куыд уа, дзæнæты донæй — нуазыны, дзæнæты кæрдæгыл бадыны бар! Цалынмæ йæ уарзон Ирыстоны хæхтæй дур тула, цалынмæ Ирыстоны быдыртыл цалх зила, уæдмæ Ростиславы ном рох ма уæд! Дзæнæты бадæд, йæ кæстæртыл хæрзаудæн кæнæд!»
Бирæ æнкъарæнтæ ныууагъта мæ зæрдæйы æдзард поэты хъысмæт. Æмæ уымæ гæсгæ рагæй ныффыссынмæ хъавыдтæн мæ сагъæстæ Цомайты Ростичы тыххæй. Æцæг мын æрвылбоны куысты уагæвæрд уымæн фадат нæ лæвæрдта. Фæлæ мын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ мæ хъуыдытæ цадæггай æмбырд кæнын райдыдтон иу ранмæ. Æмæ мæ чысылгай сæхимæ æлвасын байдыдтой. Ростикимæ зонгæ уыдтæн суанг ахуыры азтæй фæстæмæ, æмæ уыцы азты фарнæй мæхицæн иу вазыгджын хатдзæг скодтон: мæ зæрдæ йыл никуы фæхудти; цы зæрдæ мæм дардта, йæхи куыд æнæзæрдæхудтæй æвдыста, уымæ гæсгæ мæм йæхæдæг дæр никуы фæхæрам, уыцы миниуæг та йæ мæнмæ бынтон тынг æрбахæстæг кодта. Ахæм хуызы уый дæр мæхицæй иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта хорз ныхæстæ. Кæрæдзийы зæрдæхудты кæй никуы бацыдыстæм, уымæй уæлдай ма не ‘хсæн уыдис иу бастдзинады тугдадзин (æндæр хуызы йын зæгъæн нæй)». Ростом (афтæ йæ хуыдтам Скъодтаты Эльбрусимæ) хорз æмбæрста, йæ бон мæныл цыфæнды хъуыддаджы дæр баууæндын кæй у, уый. Æз дзы хистæр уыдтæн, фæлæ не ‘хсæн кары арæн никуы уыдис. Нæ лымæндзинад нæ азæй-азмæ кæрæдзимæ тынгдæр æлвæста.
Нæ номдзыд нывгæнæг Дзбойты Михал мын лæмбынæг радзырдта, астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ нывгæнынады училищæмæ кæй бацыд æмæ йæ æнтыстджынæй каст кæй фæци, уый. Фæлæ уыцы хаххыл нæ ацыд — фыссынады дæсныйад æй йæ фæдыл асайдта. Æмæ йæ йе ‘взонджы бонтæ ирон филологийы факультетмæ æрбакодтой. Цыбыр ныхасæй, Къостайы номыл университет нæ удтæй баиу кодта, æмæ уæдæй фæстæмæ никуыуал фæхицæн стæм. Йæ фæстаг улæфты онг мын баззадис хорз хæларæй. Чи зоны, уымæн, æмæ йæ хуыздæр фæдзæхст уыдис ахæм: «Цæр æргомæй, цæр лæгæй!» Æрмæст йемæ ныхас кæнын дæр адæймагæн хаста æнцойад, æхцонад æмæ æууæнкад. Нæ алы фембæлды рæстæг дæр-иу дзы ракуырдтон, цæмæй мын йæ ног фыст æмдзæвгæтæй исты (искæцы) бакæса. Æмæ-иу ыл уæд хур ракаст: мæнæн йæ поэтикон (аивадон) уацмыстæ кæсын уарзта, иуæрдыгæй, куыд æмбалæн, иннæрдыгæй та, — куыд литературæиртасæгæн, афтæ. Æцæг ма-иу йæ ныхæстæм, æнæмæнг, бафтыдта: «Дæ къухы цы текст ис, уымæ афтæ кæс, цыма йæ чи ныффыста, уый æппындæр нæ зоныс!» Ахæм æргом ныхас домдта алкæмæй дæр, уымæн æмæ йæхæдæг æргомзæрдæ уыд. Æрмæст цыфæнды карз хатдзæг дæр йæ бон зæгъын уыд фæлмæн, æууæнкджын æмæ уырнинаг ныхасыуагæй.
Исты скъуыддзаг-иу мæ уацтæй йæ зæрдæмæ куы нæ фæцыд, уæд та-иу афтæ бакодта: «Æгæр та йæ сыздыхтай, мæ лымæн!» Æмæ йæ уæд зон, бакусын-ма йыл кæй хъæуы, уый. Фæлмæн зæрдæ йын уыд, æмæ, чи зоны, йæ кусынæй дæр уымæн æнафоны банцад. Раст у, Ирыстон хæрзæгъдауджын адæмыл рæдау кæй у, уый. Фæлæ, хъыгагæн, алы хатт Фыдыбæстæ сæ хурæй нæ бафсæды. Афтæ рауад йæ хъысмæт Цомайы-фыртæн дæр. Фæлæ йæ фарн йæ кæстæртæн ныууагъта, æмæ уымæн аргъ нæй. Афтæ зæгъæн ис йе ‘мгæрттæй дæр. Йæ дзырдаивад дæр, йæ уды тæлмæнтау, уыд бирæвæрсыг. Адæймаг æй кæсынæй не ‘фсæды, æмæ та дзы йæхицæн ног цыдæр ссары. Уый афтæ у, фæлæ йын, хъыгагæн, йæ рагмæлæт фадат нæ радта йе ‘ппæт фæндтæ сæххæст кæнынæн. Æмæ ныр — ардыгæй фæстæмæ — йæ бæсты не ‘мныхасгæнæг уыдзæн йе сфæлдыстад. Цы фарстытæ-иу нæм сæвзæра, уыдонæн дæр дзуаппытæ агурын хъæудзæнис йæ дзырдаивады.
Ныр та мæ фæнды мæ хъуыды йе сфæлдыстады тыххæй зæгъын — ацы хатт æнæ йæхи. Ростиславы аивадон æрмдзæф архайдта æмæ тындзыдта адæймаг æмæ æрдз, хъæу æмæ горæт, ивгъуыд æмæ абон, уарзт æмæ мæлæты æхсæн ахастдзинæдтæ æрдзон хуызы баиу кæнынмæ. Иукъорд æмдзæвгæйы Цомайы-фырт ныффыста хъысмæт, хæлæрттæ æмæ йе ‘мсис æфсымæртыл: «Цомахъ ахæсты” (Цомахъы æмдзæвгæ «Хæлæг» кæсгæйæ), «Мысинаг» (Байронæй), «Ирон дзырд багомыг йæ зæлдæй», «Ды ма мын баззадтæ хæларæн», «Харлампийы монолог», «Хæрдгæбыдтæ» (Омар Хайямæн), «Зарæг», «Лирикон», «Фæлдахын сабыргай мæ азтæ…» æмæ æндæртæ дзурæг сты, поэт рæстæджы хъысмæтыл арф сагъæсты кæй бацыд, хæлардзинадыл иузæрдион кæй уыд, царды сæйраг рахæцæнтыл кæй зарыд, æрвон æмæ зæххон æмиуадыл æнгом хæст кæй уыд, ууыл.
Ростиславы поэтикон сфæлдыстады зынгæ хай баст уыдис йæ сабидуг æмæ йæ ныййарæг мады номимæ: «Авдæны зарæг» (Азæмæтæн), «Ды уды хъарм», «Ныхас мадимæ», «Мадмæ», «Мады рæвдыд» æмæ æндæртæ. Иукъорд æмдзæвгæйы равдыста хъæу æмæ горæты ахастытæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй алкæй бон нæ бавæййы уыцы вазыгджын фарст райхалын: кæнæ хъæуккагæй баззайынц, кæнæ тыхгорæтаг свæййынц. Ростик кæд Дзæуджыхъæуы нæ райгуырд, уæддæр йæ царды фылдæр хай арвыста Ирыстоны сæйраг горæты. Чи зоны, уымæ гæсгæ, дыууæ темæйы æмиуад райхалын дæр йæ къухы бафтыд. Иннæрдыгæй та, кæмфæнды куы цæрай, уæддæр дзы сæйрагдæр у цард (горæтаг æмæ хъæуккаг сты æрмæстдæр миногонтæ). Цомайы-фырт цардуарзаг уыдис, æмæ уымæ гæсгæ уый дæр хорзæрдæм фæзынд йæ аивадон дунейыл. «Горæт æхсæвыгон», «Æрбалæууыд ногæй мæ къæсæрыл бон», “Бæстæ у æрхуым, фынæй», «Мæ фæндаг», «Цард», «Нæ дуне диссаг у йæ кондæй», «Цардвæндаг», «Царды æцæгтæ», «Куыд тагъд фестут, оххай» æмæ иннæты мидис адæймаджы зæрдæйы уадзы ныфс, æууæнк æмæ цардхъомысы вазыгджын æууæлтæ.
Поэты сфæлдыстад цух нæ уыдис Райгуырæн зæххы темæйæ дæр. Ирыстон, фыдызæхх æмæ ирон адæймаджы сурæттæ лирик ныв кодта уæлдай бæрнондæрæй. Ростиславы лæгæй-лæгмæ чи зыдта, уыдон хорз хъуыды кæнынц, йæ Фыдыбæстæйæ куыд сæрыстыр уыд æмæ йæ куыд зæрдиагæй æвдыста йæ уацмысты, уый. «Мæ Ирыстон», «Куывд», «Гаджидау», «Хуры хъæбултæ», «Хъæбатырты фæз» (балладæ), «Хъаймæты бон», «Реквием», «Амыраны хъынцъым», «Цыдысты стæры алантæ», «Фæстаг нæртон лæджы ныхас» æмæ иннæ уацмысты хæдбындур стихамайæг æххæстæй равдыста зæрдæйы ахаст йæ ныййарæг зæхмæ. Ирыстон-Аланыстон-Сæрмæтыстон-Скифыстон ын уыдысты рухс нæмттæ, сагъæстæм хонæг ныхæстæ поэт фыста зæрдæрыстимæ, стыр бæрн æмæ фырты хæсимæ.
Уарзты темæ та йæм баст уыдис сылгоймаджы номимæ. Уый йын уыдис зæды хуызæн æмæ йæ æвдисгæ дæр бæрзонд æмæ сыгъдæг рæнхъытæй уый тыххæй кодта:
Мæ риуы уарзты арт ыссыгъди,
Мæ монцтæ райхъал ысты ног.
Мæ уд æнуд хъузгæй фæлыгъди
Æмæ та æрцард кæмдæр, уæлвонг.
Кæнæ:
Уыд хъал мæнæн мæ зæрдæ,
Уыд уарзт мæнæн мæ сомы.
Ныр мын ысчынд кæлæнтæ,
Ныр нал сæтты мæ дойны.
Уарзты темæ поэт æрдзон хуызы баххæст кодта æмгарад æмæ æвзонгадыл фыст уацмыстæй. Фыццаджыдæр, йæхæдæг дæр æмгарæн кæй бæззыдис, уымæ гæсгæ йæ дзырдыхъæд дæр уыдис зæрдæйы суадæттæй. Уды бынæй цы ратæдзы, уый та, æнæмæнг, сæмбæлы зæрдæйы кæроныл. Ростислав уыдис цæсгомджын æмæ хæрзæгъдауджын адæймаг: йæ аивадон æрмдзæф дæр цух уымæн нæ уыдис æвæрццæг æууæлтæ æмæ миниуджытæй. Уыдон уыдысты йæ уæлтæмæнады дыууæ базыры. Стыр бынат ахста йæ удыхъæды мидæг бузныгады æнкъарæн дæр. Рох дзы никуы уыд, йæ къæхтыл кæй фæрцы слæууыд, кæй фæрцы сахуыр кодта, дзырдаивады фыццаг къахдзæфтæ кæй фæрцы акодта, уый. Чи зоны, уымæ гæсгæ цыфæнды зын уавæры дæр йæ уагæвæрды сæйраг рахæцæн уыдис цæсгом, иу армы чи бацæуы, адæймагæй адæймаг чи аразы, уыцы диссаджы удварны фæзынд:
Хуыцаумæ кув, æмæ дын радта
Цард, фарндæттæг Хæдзар.
Дæ зондмæ кув, æмæ дын радта
Дæ цардæн амондджын æвзар.
Æмбалмæ кув, æмæ дын радта
Йæ ныфс, йæ уарзт æмæ æхсар.
Фыдæлтæм кув, æмæ дын радтой
Сæ хуыздæр хæзнатæй — æфсарм.
Йæ сæйраг æмдзæвгæтæй иу — «Цард»-ы Цомайы-фырт арф æмæ уæндонæй æргом кæны, йæ царды сæйраг фæзилæнты астæумагъз цæй мидæг ис, уый:
Æз уарзын цард,
Йæ цинтæ ‘мæ йæ хъыгты,
Цы ма уа цардæй
Азæххыл хуыздæр!
Рæсугъд у цард,
Сывæллонæн, зæрондæн
Цард адджын у,
Уый махæн у нæ мад.
Цард се ‘ппæтæн
Хæрзиуджытæ нæ дæтты,
Цард тохæй у,
Йæ хæрзиуæг дæр — Цард.
Цомайты Ростиславæн уыдис йæхи сфæлдыстадон æрмдзæф: уыдис курдиатджын поэт-зарæггæнæг, публицист æмæ тæлмацгæнæг дæр (хуымæтæджы йæ нæ райстой Уæрæсейы Журналистты æмæ Фысджыты цæдистæм дæр), фæлæ дзы «Æз фыссæг дæн», зæгъгæ, никуы ничи фехъуыста, уымæн æмæ йын сæйрагдæр уыдис сфæлдыстад æмæ фыссæджы хæс. Уыимæ алы хатт дæр касти размæ, хорз зыдта, йæ сæйраг чиныг фыст кæй нæма æрцыд, уый дæр. Иу хатт мын йæ ног фыст поэтикон уацмыс (мыхуыргонд чи нæма уыд, ахæм) куы бакаст йæ кусæн уаты, æмæ йын дзы куы раппæлыдтæн, уæд мæ дарддæр дзурын нал бауагъта: «Цытæ дзурыс! Цæттæ нæма у! Кусын-ма йыл хъæуы», æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: «Нæ фысджытæ сæхицæй фаг нал домынц, æмæ уый хорзы нысан нæу». Ахæм ныхасы фæстæ мæ дæсгай фысджытæ стыр бузынг фæуыдаиккой, сæхицæй ныббузныг уыдаиккой, фæлæ Михалы фырт ахæмтæй нæ уыд.
Цомайты лæппу йе ‘нусон дунейы куы ис, уæдæй нырмæ рацыд фондз азæй фылдæр. Æрæджы йын йæ чингуытæ ногæй бакастæн æмæ та райстон стыр уæлмонцад. Æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма мæм йе сфæлдыстады тæваг арфдæр бахъардта. Йæ хъарм æмæ фæлмæн ныхасыуаг зæрдæмæ, ирдгæйау, хызт, æмæ уæрæхæй-уæрæхдæр кодта ме ‘нкъарынад. Йæ мидисамад нæ æнæрлæугæ рæвдаугæ цæуы суанг уацмысты (журналистон, публицистон, поэтикон) кæронмæ. Æнæрынцойæ йæ зæрдæ рысти Ирыстоныл, йæ абон, йæ фидæныл. Уый уымæн афтæ уыд, æмæ йæхæдæг дæр уыд дзыллæйы зæрдæйы тæгтæй иу. Æндæр йæ адæмы хъысмæтыл афтæ нæ тыхстаид йæ цыбыр царды мидæг. Кокайты Тотрадз ын уыцы æууæл раст бафиппайдта, йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгондæн цы разныхас ныффыста, уым: «… Хуыцауæн — табу! — уæддæр ма разыны, мадæлон æвзаджы ад чи æнкъары æмæ дзы уарзондзинады зарджытæ чи кæны, ахæм лæппутæ. Цомайты Ростислав — уыдонæй иу. Йæ зæрдæйы зарджытæ, уалдзыгон хуры тынты рæдау хуынау, … Уырны мæ, кæй йын уыдзæн йæхи чиныгкæсæг, йæ аив амад рæнхъытæ йын, æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ амондмæ бæлгæйæ, мæйрухс изæрты кæй фæлхат кæндзысты сæ миднымæр, уый».
Зæрдæйы зарджыты хал кæронмæ куы нæ райхæлы, уæд уымæй стырдæр зындзинад дзырдаивадæн нæ вæййы. Фæлæ ма сæ автор уымæй уæлдай дæ цæдисон æмбал куы разына, уæд адæймагæн дыууæ хатты зындæр вæййы. Уымæн æмæ нæ удтухæнтæн сæ уагæвæрд фехæлы æмæ та йæ ногæй нывæндын бахъæуы. Зæрдæйы зынг хъуамæ хардзгонд цæуа æмгарадæн, уарзтæн, аудынæн… Гъе, фæлæ æмгары ацыды фæдыл куы ныххал вæййынц нæ сагъæстæ, уæд кæмдæр удварны æвæрæнтæ къахырæй баззайынц. Æмæ, цалынмæ ног æмгарæй нæ райсай уды цæхæр, уæдмæ зæрдæйы рыстæн банцайæн нæ вæййы. Ростик йæхæдæг дæр уыд ахæм æргом зæрдæйы хицау. Йæ лымæнтæй-иу искæй æвæстиатæй æххуыс куы бахъуыд, уæд-иу йæ удæй бацыд… Æмæ ма-иу уымæй амондджындæр кæм уыд. Чи зоны, зæрдæниз дæр уыцы удтухæнтæй райста, фæлæ йыл фæсмон никуы фæкодта, уымæн æмæ йæ йæхицæн нымадта æмгары хæсыл. Ирон фынгыл йæ уарзондæр сидтытæй иу уыд «Æмгардзинады тыххæй». Уый уымæн афтæ уыд, æмæ йæхæдæг дæр уыд хорз æмгар, хорз поэт…
ХОЗИТЫ Барис














