Зæгъын мæ хъуыдытæ

0
422

А фæстаг рæстæг ирон адæймаджы удыхъæд цæхгæр кæй фæивта, уый мæ дисы дæр æмæ масты дæр æфтауы. Хорзæй хорз зæгъын нæ цæст нал уарзы, нæ хæрзгæнæгæн бузныг зæгъын дæр хæлæг кæнæм. Нæ куырыхон фыдæлтæй нын ахæм арфхъуыдыджын ныхас куы баззад — дæ хæрзгæнæджы æмбар æмæ йын бузныг зæгъын зон. Уæд цымæ мах, сæ фæдонтæ, цавæр кæлæнты уацары бахаудыстæм?

Æз ацæргæ сылгоймаг дæн. Чысыл нæ федтон мæ дæргъвæтин царды — хорз дæр, æвзæр дæр. Бирæ дæсны разамонджытæ уыд Ирыстонæн, алчидæр йæ бæрнон хæс æххæст кодта. Фæлæ ма мын зæгъут, хорз адæм, нæ республикæйы Битарты Вячеславы разамындæй хуыздæрæрдæм цас ивддзинæдтæ æрцыд, афтæ кæцы рæстæг уыд? Адæмон хæдзарады, царды æппæт къабæзты дæр нывылгонд цæуынц бирæ объекттæ. Бындурон цалцæггонд цæуынц хъæуты æмæ горæтты Культурæйы æмæ спорты галуантæ, скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты бæстыхæйттæ.

Уæдæ ног арæзтæдтæн дæр чысыл нæу сæ нымæц. Чи нæ кæд федта цыбыр рæстæгмæ уый бæрц ивддзинæдтæ? Кæд кæмæн йæ къухы бафтыд ахæм æнтыстдзинæдтæ? Уæдæ нæ ирондзинад, нæ мадæлон æвзаг, фыдæлтæй ныууадзгæ удварны хæзнатæ бахъахъхъæныны охыл дæр цас мадзæлттæ аразы, афтид уый тыххæй дæр Битары-фырт у стыр арфæйы аккаг. Уæлдай раппæлинаг та уый тыххæй у, æмæ мæгуыр адæмыл кæй сагъæс кæны, сæ тыхстдзинæдтæ сын кæй æмбары, сæ къух сын истæмæй фæрогдæр кæныныл кæй архайы. Уæдæ ахуырады къабазы кусджытæн дæр сæ фыдæбон æмбары, æмæ сыл кæй ауды, уый дæр сусæггаг нæу.

Мах, Куырттаты комы цæрджытæ, стыр бузныг стæм Битарты Вячеславæй. Уый руаджы абон пайда кæнæм æрдзон газæй. Поселочы хъармгæнæн агуат сыгъдæг æрдзон артагæй кæй пайда кæны, уый хорзæрдæм фæзынд алфамбылай уæлдæфы сыгъдæгдзинадыл. Бирæ азты дæргъы, бирæ разамонджытæм къахихсыд баци Фыййагдоны бынæттон администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валери, цæмæй Фыййагдоны раздæры æрзæтыссæн куыстуаты хауæццæгтæ сæ маргхæццæ буаргъæдтæй æрдзы сыгъдæгдзинадæн дæр æмæ адæмы æнæниздзинадæн дæр знаггад ма кæной, уый тыххæй. Фæлæ та уыцы ахсджиаг фарст банывыл кæнын бантыст æрмæстдæр Битары-фыртæн. Нырыккон технологитæй, арæзтадон æрмæгæй пайда кæнгæйæ, зианхæссæг æппæрццæгуат æхгæд æрцыд. Ныр ацы бынат канд æдас нæу, фæлæ ма йæ аивдзинадæй дæр адæймаджы зæрдæ райы. Æхсызгон нын у, Куырттаты комы туристон комплекс арæзт кæй æрцæудзæн, уый дæр. Куырттатæгтæ стыр бузныг зæгъынц æппæт уыцы хорздзинæдты тыххæй нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн.

Уæдæ ма мын зæгъут, зынаргъ газеткæсджытæ, Битары-фырт цы фембæлдтытæ аразы горæтты æмæ хъæуты цæрджытимæ, ахæмтæ кæцы разамонæг арæзта адæмимæ, йæхимæ сæ æрбаввахсдæр кæныны, сæ тыхстдзинæдтæ сын бæлвырддæр базоныны охыл? О, уый зонæм, æмæ нæм-иу депутаттæм кæндидаттæ фæзындысты, фæлæ æрмæст æвзæрстыты размæ, æмæ нын-иу митæй мæсгуытæ ацамадтой. Фæлæ… Фæлæ-иу нал дæр мæсыг федтам, нал дæр депутатæн йæхи.

Æз тынг зæрдиагæй æмæ лæмбынæг бакастæн нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы Æрвыстæг æмæ дзы иу ныхас дæр мæнг нæу. Куыд фæзæгъынц, ницы дзы ферох, ничи дзы ферох. Уæдæ кæуылты æрхъуыдыдзинад, хорздзинад у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн Уæлахизы бонмæ, нæ бæстæйы Президенты Указæй лæвæрд 75 мин сомæй уæлдай ма Битары-фырты хъæппæрисæй фæйнæ 25 мин сомы æфтыд кæй æрцæудзæн, уый! Æрвыстæджы ахсджиаг бынат ахсынц республикæйы социалон, экономикон æмæ политикон фарстытæ сæххæст кæныны бæлвырд мадзæлттæ. Цыбыр дзырдæй, нæ республикæйы Сæргълæууæджы Æрвыстæг, æмткæй райсгæйæ, у Ирыстоны цæрæг адæмæн ныфсы хур. Адæймаджы дисы ‘фтауы, куыд æххæссы Битары-фырт æппæтыл. Суанг ма алы лыстæг хъуыддæгтæм дæр иудадзыг йæ цæст дары. Цыбыр дзырдæй, Вячеслав стыр æвæрæн бахаста æмæ хæссы йæ адæмы хæрзæбонæн. Фæлæ йæхимæ уый фаг нæ кæсы, тырны йе ‘мзæххонтæн ноджы фылдæр хæрзты бацæуынмæ, ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæм.

Мæнæн, Ирыстоны цæрæг адæймагæн, æнцой нæ дæтты, иуæй-иутæ сæхи кæй «бакуырм» кодтой æмæ сæ æппæт уыцы хорздзинæдтæ уынын кæй нæ фæнды, уый. Æмбæлгæ аргъгæнæг кæй не сты Битары-фырты зæрдиаг архайдæн. Æнæбындур, æнæхъола ныхæстæ фехъусæн вæййы æхсæнадон бынæтты. Чи йыл тауыс кæны, уыдон сты, адæмы мæт æппындæр чи нæ кæны, фæлæ æрмæстдæр йæхи гуылы бын чи ‘ндзары, ахæм бухъцардгæнæг æнæджелбетт адæймæгтæ, Битары-фырт æбæрнондзинад кæмæн нæ бары, кæнæ та республикæйы Сæргълæууæджы къæлæтджынмæ чи тырны, ахæмтæ. Æз æнæдызæрдыгæй зæгъын, йæхи сыгъдæг фæллойæ цæрæг ирыстойнагмæ ахæм хъуыдытæ никуы æрцæудзæн. Уый нæ, фæлæ ма Битары-фырты цæрæнбонæн кувдзæн, уымæн æмæ йын йæ аудындзинад æнкъары, æппынфæстаг æууæндын райдыдта фæрнджын сомбоныл, рæсугъд фидæныл.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн йæ миддуне уый бæрц хъæздыг у, уый бæрц уæздандзинад æм ис, æмæ йе ‘ппæт хъарутæ дæр хардз кæны адæмы цард фæрогдæр кæныныл. Æппæтæй ахсджиагдæр ын у хуымæтæг фæллойгæнæг адæмы æууæнк. Гъемæ ныл Дунесфæлдисæг хорзæрдæм аудæд, раст зондæй нæ фæхайджын кæнæд, Битары-фырт цы уæззау уаргъ сæккой кодта, æмæ йæ хæссын куыд фæразы, уый куыд æмбарæм, ахæм хъару нæм разынæд. Сыгъдæгзæрдæйæ, цæстуарзонæй нæ хæрзгæнæгæн бузныг зæгъын куыд зонæм, уыцы фарнæй нæ Хуыцау фæхайджын кæнæд.

 

ФÆРНИТЫ Рая,

педагогон

фæллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here