Республикæйы цæрджыты фæлхасгонд газ æмæ электрон тыхæн нæ фидыны цаутæй алкæмæ дæр хъуамæ районты æмæ фæрæзтæдæттæг организациты разамонджытæ бæстон æркæсой. Уыдæттыл РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æрдзырдта артаджы-энергетикон комплексы куысты тыххæй ведомствæты ‘хсæн къамисы æмбырды.
Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, барадхъахъхъæнæг, слестгæнæг орæнты, фæрæзтæдæттæг организациты разамонджытæ. Республикæйы Сæргълæууæг куыд бацамыдта, афтæмæй фæлхасгонд газ æмæ электрон тыхæн хæстæ чи дары, уыдоны номхыгъдтæм хъуамæ æркæсой бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ. Æппæт уавæртæ дæр хъуамæ бæрæггонд æрцæуой, æнæрхъуыдыйæ сын газ æмæ электрон тыхы хæтæлтæ лыг кæнæн нæй.
«Æргом аздахын хъæуы бирæсывæллонджын бинонтæ, инвалидтæ æмæ, æвадат цард чи кæны, уыцы адæммæ. Хъуамæ бынæттон хицауад, уавæртæ равзаргæйæ, сбæрæг кæной æххуысы гæнæнтæ. Кæд инвалид нæ кусы, цæмæй бафида, уый йын нæ фаг кæны, уæд уал хъуамæ нæхицæн фæнысан кæнæм, цæмæй йæм фæкæсæм, уый. Афтæ, бирæсывæллонджын æмæ мæгуыр цардгæнæг бинонтæ дæр…», — бафæдзæхста республикæйы Сæргълæууæг.
Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой, фæлхасгонд коммуналон фæрæзтæй цы хæстæ сæвзæрд, уыдоны бæрц фæкъаддæр кæнынмæ. Таматы Майрæн куыд бамбарын кодта, афтæмæй фарон Цæгат Ирыстонмæ æрдзон газ æрбарвыстæуыд 6 миллиарды 471 милуан сомы аргъæн, фидгæ та йын бакодтам йæ 80,8 проценты. Электрон тыхæй спайда кодтам 5 миллиарды 294 милуан сомæн, фиддонты бæрц та рауад 89,2 проценты. Республикон бюджет цы организацитæ дары, уыдонæн фæлхасгонд фæрæзты тыххæй фыстой афойнадыл, раздæр азтæй ма дзы цы хæстæ уыд, уыдон дæр фæкъаддæр сты.
Ахæм уавæр ис, районты бюджеты бæрны цы куыстуæттæ ис, уыдонæн дæр. Министр æмбырды архайджытæн куыд загъта, афтæмæй æвзæр фидынц цæрæнуæтты-коммуналон коплексы куыстуæттæ: фæлхасгонд газ æмæ электрон тыхæн фиддонтæ 58 процентыл банцадысты. Ахæм æвзæр æгъдау æвдисынц коммуналон лæггæдтæгæнæг разамонæг компанитæ, цæрæнуæтты хицæутты æмбалæдтæ æмæ æндæр кусæндæттæ.
Республикæйы Сæргълæууæг Таматы Майрæн æмæ районты разамонджытæн бахæс кодта, разамонæг компанитæ æмæ коммуналон лæггæдтæгæнæг кусæндæтты уавæр равзарын. Хъуамæ бацæттæ кæной, сæ куыст сын чи фæхуыздæр кæндзæн, ахæм фæндæттæ. Уыцы къабазы йæ архайд ахадгæ кæмæн у, уыдонæн ис паддзахадон æххуыс бакæнæн. Æмбырды ма фæбæрæг кодтой «Дзæуджыхъæуккаг хъармдæттæн хызтæ»-йы ног разамынд кæй фæзынд æмæ дыууæ мæймæ сæ фиддонты уавæр кæй фæхуыздæр, уый. Фæлæ нырма тынг бирæ мадзæлттæ хъæуы саразын, газ æмæ электрон тыхæн хæстæ кæронмæ бафидынæн.
Æмбырды ма фæбæрæг кодтой фæлхасгонд коммуналон лæггæдтæн фидыны уавæртæ фæхуыздæр кæныны мадзæлттæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














