Низы ныхмæ — ахадгæ мадзæлттæ

0
236

«Ног коронавирусон инфекци республикæмæ æрбафтын æмæ йæ рапарахаты ныхмæ æппæт мадзæлттæ дæр Цæгат Ирыстоны конд цæуынц», — фехъусын кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр ГОДЖЫЦАТЫ Тамерлан оперативон штабы æмбырды.

Æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Томайты Ирбег, Иринæ Азимова, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы хицау Александр Хоружий, Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг арæнхъахъхъæнæг управленийы хицау Александр Байков æмæ иннæ бæрнон дзуапдæттæг ведомствæты кусджытæ.

Битарты Вячеслав куыд бацамыдта, афтæмæй коронавирус низ расайдта бирæ бæстæты, ахæм уавæрты штабы размæ æвæрд бæрнон хæстæ хъуамæ æххæстгонд цæуой кæрæй-кæронмæ. «Уæлæнгай цæстæй иунæг хъуыддагмæ дæр нæй акæсæн, хъуамæ æмбарæм, ацы тæссаг вирусимæ тохмæ цас цæттæ стæм, уый. Нæ хæс у Цæгат Ирыстоны цæрджыты æнæниздзинад алывæрсыгæй дæр бахъахъхъæнын æмæ æхсæнады тæссаг уавæртæ ма ‘руадзын», — бахæс кодта республикæйы разамонæг.

Годжыцаты Тамерлан куыд фехъусын кодта, афтæмæй æппæт медицинон кусæндæтты дæр ис æртæ мæйваг вирусы ныхмæ æмæ хи низæй бахизыны хостæ. Æппынæдзух сæм сæ цæст дарынц æмæ сæ рæстæгæй-рæстæгмæ баххæст кæнынц. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæттæм цæстдарды службæ æвзары, рынчындæттæ, поликлиникæтæ æмæ афтектæ хъæугæ хостæй цас ифтонг сты, уый. Годжыцаты Тамерланы ныхасмæ гæсгæ, фæстаг рæстæг афтекты фæбæрæг медицинон маскæтæй хъуагдзинад, фæлæ сæм ацы бонты æрбаластой ног парти.

Эпидемиологон уавæр дунейы мидæг кæй фæхъæддыхдæр, уымæ гæсгæ паддзахадон арæнты сæрты æрбахизыны санитарон-карантинон цæстдард фæкарздæр. Бæлццæтты æмæ сын сæ уæзæгтæ фенынæн фæфылдæр кодтой кусджыты нымæц, коронавирусон инфекцийæ фæгуырысхо уæвгæйæ, дарддæр цавæр хъуыддæгтæ кæнын хъæуы, уыдон сты бæлвырд. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры ныхасмæ гæсгæ, уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-æй раластой 6 гуырысхойаг адæймаджы. Фæлæ сæм низ нæ раиртæстой. Æмбырды ма фæбæрæг кодтой, æппæт тæссагдзинæдтæ нымайгæйæ, фылдæр æргом цы хъуыддæгтæм аздахын хъæуы, уыдон.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here