Фæлварæн радтой

0
343

149 цæгатирыстойнаг фарæстæмкъласоны уырыссаг æвзагæй кæронбæттæн  фæлварæн радтой 11 мартъийы (ома, уæлæмхасæн бон). Ахсджиаг аххосаджы æфсонæй 12 февралы фæлварæн дæттынмæ æрбацæуыны фадат кæмæн нæ уыд, стæй амынд бон фæлварæн дæттыны рæстæг “зачет” райсынæн фаг баллтæ чи нæ æрæмбырд кодта, уыцы ахуырдзаутæ фæлварæн лæвæрдтой уæлæмхасæн бон.

Кæронбæттæн ныхасы архайджытæ сæххæст кодтой мæнæ ахæм хæслæвæрдтæ: хъæрæй текст кастысты, уæлæмхасæн хабæрттæй спайда кæнгæйæ, ацы тексты мидис радзырдтой, равзæрст темæтæй иумæ гæсгæ монолог радзырдтой, стæй ныхас кодтой фæлварæнисæг ахуыргæнæгимæ.

Республикæйы фарæстæмкъласонты 98 проценты уырыссаг æвзагæй ныхас кæныны фæлварæн æнтыстджынæй радтой.

«Незачет» чи райста, кæнæ ахсджиаг аххосаджы æфсонæй фæлварæн дæттынмæ чи нæ æрбацыд, уыцы ахуырдзаутæн радих кодтой ноджыдæр ма иу уæлæмхасæн бон — 18 май.

2018-2019 ахуыры азæй фæстæмæ фарæстæм кълæсты ахуырдзаутæн кæронбæттæн ныхасы фæлварæн у æнæмæнг дæттинаг. Фæлварæн æнтыстджынæй чи радта, уыцы ахуырдзаутæн уыдзæн кæронбæттæн паддзахадон аттестацийы архайыны бар.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here