Муниципалон скондты разамонджыты цур амалхъомады рæзты советы радон æмбырд уыдис Мæздæджы районы. Хъуыддаджы лæгтимæ фембæлдысты республикæйы Экономикон рæзты министрады бæрнон кусæг ЦÆБОЛТЫ Отар, амалхъомадæн æххуысы фонды хицау ГАДЖИТЫ Батрадз, инвестицион рæзты корпорацийы директор ГУГКАТЫ Таймураз æмæ æххуысы иннæ фондты разамонджытæ.
Районы амалхъомтæн радзырдтой, ныртæккæ республикæйы цавæр æххуысы мадзæлттæ ис, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады фарсмæ сæ бон цæмæй у балæууын, уыдæтты тыххæй. «Адæм фылдæр хатт нæ фæзонынц, амалхъомады рæзтæн сын цы гæнæнтæ ис, уый. Мах та уын сæ хъуамæ æмбарын кæнæм. Кæд дзыллон хабархæссæг фæрæзтимæ кусæм, уæддæр фаронæй фæстæмæ районтæм цæуын райдыдтам æмæ æмбæлæм амалхъомтимæ. Дарддæр дæр уыцы куыст кæндзыстæм», — загъта Цæболы-фырт.
Ахæм фембæлдтытæ вæййынц куыстуæтты, афтæмæй продукциуадзджыты тыхстаг фарстытæ æнцондæрæй вæййы равзарæн.Мæздæджы районы та æрæмбырд сты хъæууонхæдзарадон куыстуат «Дружба»-йы. Амалхъомадæн æххуысы организациты разамонджытæ æмæ минæвæрттæ дзуаппытæ радтой бирæ фарстытæн, æрбацæуæг адæмæн ма байуæрстой мыхуыргонд информаци. Уыцы документтæм бахастой амалхъомтæн зонинаг хабæрттæ.
Амалхъомадæн æххуысы фонды директор Гаджиты Батрадз куыд радзырдта, афтæмæй ахæм лæвар консультацитæ кæны, Дзæуджыхъæуы цы центр байгом, уый — «Мой бизнес». Цæмæй районты цæрджытæн æнцондæр уа, уый тыххæй бынæттон администрациты кусын райдайдзысты лæггæдтæгæнæг специалисттæ. Уыцы бон ма советы уæнгтæ бабæрæг кодтой Луковскойы станицæйы скъола дæр. Уымæн хорз æххуыс кæнынц бынæттон амалхъомтæ.
ГУЫРДЗЫБЕТЫ Зæринæ












