Донæфсисады хъуыддаг

0
300

Алагиры районы донæфсисады хъуыддагмæ æппынæдзух сæ хъус дарынц республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауад. Районы хъæутæ æмæ Алагиры цæрджыты сыгъдæг нуазыны донæй æфсадыны фарстыл ныхас рауад, районы бынæттон администрацийы цы æмбырд уыдис, уым.

Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Архайдтой дзы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, районы разамонæг Бутаты Арсен, Алагиры цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты хицæуттæ. Уавæр вазыгджын кæй у, уый у зындгонд, кæрæй-кæронмæ фарст алыг кæнынæн хъæуы бирæ æхца.

Битарты Вячеслав куыд бацамыдта, афтæмæй æрæджы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæг рæгъмæ рахаста ацы ахсджиаг хъуыддаг. Президенты уынаффæйæ Цæгат Ирыстоны разамынды фыстæг арвыстой Уæрæсейы Хицауадмæ æмбæлгæ къухфыстимæ. «Цæттæ кæнæм проект, федералон центрæй нын цы æхца радих кодтой, уыдон куыстгонд цæуынц. Фæлæ нæ республикæйы цæрджыты зындзинæдтæ дæргъвæтин рæстæгмæ æргъæвæн нæй, хъуамæ сæ ныртæккæ гæнæн æмæ амалæй банывыл кæнæм. Уый тыххæй та хъуамæ бæстон ахъуыды кæнæм æмæ уал бацæттæ кæнæм рæстæгмæйы мадзæлттæ, цæмæй алагирæгтæ сыгъдæг нуазыны донимæ къуылымпыдзинæдтæ ма ‘взарой, цалынмæ доны хызæг бындуронæй нæ раивæм, уæдмæ», — фæнысан кодта Битары-фырт.

Бутаты Арсен куыд фехъусын кодта, афтæмæй уал сбæрæг кодтой, Алагир баиу кæнæн кæимæ ис, донæфсисады æппæт уыцы гуырæнтæ. Æмбырды архайджытæ равзæрстой вазыгджын уавæр банывыл кæныны растдæр чи бантысдзæн, æнцондæрæй царды рауадзæн кæй ис, ахæм фæндæттæ. Фадзайты Æхсарбеджы хъуыдымæ гæсгæ уал раздæр доны хызæджы егъаудæр хуынчъытæ æмæ скъуыдтытæ хъæуы сцалцæг кæнын. Уыцы-иу рæстæг районы ныронг пайда кæмæй нæ кодтой, уыцы донцъирæнтæм базилын, скусын сæ кæнын.

Æдæппæтæй Алагиры районы донæфсисады хызтæ сты 343 километры, уыдонæй ивинаг сты 132 километры. Алагирмæ дзы хауы 112 километры. Сæ 80 процентæй фылдæр сты ихсыд.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here