РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтимæ ныхас кодта республикæйы социалон-экономикон рæзтыл æмæ цæгатирыстойнæгты цард фæхуыздæр кæныныл. БИТАРТЫ Вячеславæн ахæм фембæлдтытæ уыдзæн иннæ политикон партиты минæвæрттимæ дæр.
Ацы æмбырды ма архайдтой Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем, «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады разамонджытæ, Парламенты, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутаттæ-фракцийы уæнгтæ, партийы районты хайæдтæй æрвыст адæймæгтæ. Битарты Вячеслав æмбырды уæвджытæм фæсидт, цæмæй æргомæй сæ хъуыдытæ дзурой, цæмæй хатдзæгтæ скæной, республикæйы цæрджытимæ фембæлдтыты рæстæг адæм рæгъмæ цы тыхстаг фарстытæ рахæссынц, уыдонæй.
«Дыууæ азмæ цæрджытимæ тынг бирæ фембæлдтытæ скодтам, адæмы цы тыхсын кæны, уыдæттæ раиртæстам. Æххæстгæнæг хицауады оргæнтæн бабар кодтам хъуыддæгтыл бакусын, куыд сын æнтысынц, уымæ ис цæстдард. Адæм хъуамæ зоной, мах сын сæ бартæ кæй хъахъхъæнæм, уый. Уымæ гæсгæ адæмимæ арæхдæр æмбæлут æмæ æмбарут, цæмæй тыхсынц, уый», — бафæдзæхста республикæйы Сæргълæууæг.
Уый ма фæбæрæг кодта «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады фидар æмгуыстад æхсæнадон иугæндтимæ, фæсивæдон организацитимæ, национ-культурон центртимæ, цы бирæ адæмыхæттытæ нæм цæры, уыдоны культурæ æмæ æгъдау фидар кæныны охыл. Битарты Вячеслав ма æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, фæстаг рæстæг цы объекттæ арæзт æрцыд, уыдоны уавæр æппынæдзух æхсæнадон организацитæ кæй æвзарынц, уый дæр.
Фембæлды рæстæг республикæйы Сæргълæууæг йе ‘ргом аздæхта Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй æппæтадæмон хъæлæс кæныны хъуыддагмæ. Куыд бацамыдта, афтæмæй партийы уæнгтæ хъуамæ цæрджытæн æмбарын кæной, паддзахады Сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ цавæр нысанимæ хаст цæуынц, уый. Зындгонд куыд у, афтæмæй 11 мартъийы Паддзахадон Думæйы депутаттæ æртыккаг бакасты сфидар кодтой документ. Ивгъуыд сабаты та Федерацийы Совет рахаста, регионтæ ивддзинæдтимæ кæй сразы сты, уыимæ баст уынаффæ. Ныр та Уæрæсейы Конституцион тæрхондон Конституцимæ ивддзинæдтæ банымадта растыл, фæлæ уæддæр кæронбæттæн уынаффæ рахæсдзысты адæм сæхæдæг: Сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ фидаргондыл банымайдзысты, 22 апрелы сыл куы схъæлæс кæной, уæд.
Фембæлды архайджытæ ма æрныхас кодтой, Æппæтуæрæсеон политикон партийы регионалон хайад ивгъуыд аз куыд бакуыста, ууыл. Фæбæрæг кодтой 2020 азмæ нысантæ.
Нæ уацхæссæг












