Нæ чысыл хуртæн

0
591

Дзæуджыхъæуы 107-æм æмæ 65-æм рæвдауæндæтты байгом кодтой, 1,5-3-аздзыд сывæллæттæн фæйнæ 55 бынаты кæм ис, ахæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Кадджын æмбырдты архайдтой Цæгат Ирыстоны ахуырады министры хæдивæг ДЗАНКИСТЫ Ирмæ, горæты администрацийы ахуырады управленийы хицау Зинаидæ ЛАРИОНОВА æмæ  фидæны хъомылгæнинæгты ныййарджытæ.

Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Цæрикъаты Риммæйы æххуысæй рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмбырдтæм æрбацæуæг адæмæн равдыстой сфæлдыстадон сценæтæ.

— Сабитæ рæвдауæндæттæм æнæзивæгæй кæй цæудзысты, уый мæ уырны, æрыгон ныййарджытæн та уыдзæн куыстмæ рацæуыны æмæ сæ цотыл ма сагъæс кæныны фадат, —  загъта Дзанкисты Ирмæ.

Сывæллæттæн иууæладзыгон бæстыхæйтты ис удæнцой хуыссæнуæттæ, хъазæн агъуыстытæ æмæ хæрзхъæд сантехникæйæ ифтонггонд уазæгдæттæ.

Рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ арæзт æрцыдысты национ проект «Демографи» æххæст кæныны фæткмæ гæсгæ. Федералон æмæ регионалон бюджеттæ алы объекты арæзтадæн дæр радих кодтой 41,5 милуан сомы.

Фиппаинаг:  проект «Демографи»-мæ гæсгæ ацы аз Беслæны сараздзысты, 230 бынаты кæм уыдзæн, ахæм  рæвдауæндон, Дзæуджыхъæуы дыууæ рæвдауæндонмæ та  бафтаудзысты дыууæ  уæлæмхасæн бæстыхайы (уыдзæн дзы фæйнæ 55 бынаты).  Æрыдоны районы Красногоры æмæ Кировы районы Ираныхъæуы рæвдауæндæтты дæр арæзт æрцæудзæн, фæйнæ 20 бынаты кæм уыдзæн, ахæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here