Æхсæнадон цæстдарджыты ахуыртæ

0
249

Цæгат Ирыстоны падзахадон педагогон институты ахуыр кодтой, 2020 азы паддзахадон кæронбæттæн аттестацийы чи архайдзæн, уыцы æхсæнадон цæстдарджытæ.

Иугонд паддзахадон фæлварæн рагагъоммæ раттыны тыххæй æрбацыд 45 куырдиаты. Фæнды сæ æхсæнадон цæстдарджытæ уæвын. Уыдон сты скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ, политикон партиты, дзыллон хабархæссæг фæрæзты, дзæбæхгæнæн уагдæтты минæвæрттæ, хицæн адæймæгтæ.

«Æхсæнадон цæстдарджыты ахуыры программæйы уыдысты паддзахадон кæронбæттæн аттестаци кæныны нормативон-барадон фарстытæ, хъусджыты зонгæ кæнын иугонд паддзахадон фæлварæны æхсæнадон цæстдарæджы бæлвырд архайдимæ. Цæттæгæнæн курсыты кастысты лекцитæ, арæзтой  практикон ахуыртæ, æргом здæхт цыди фæлварæн дæттыны сæйрагдæр уагхæлдтытæм», — загъта Ахуырад æмæ наукæйы министрады консультант Реуазты Анжелæ.

Практикон ахуырты пединституты хъомыладон æмæ социалон куысты проректор Анжелæ Вареница радзырдта хыгъдон документаци акттæ кæныны миниуджыты, паддзахадон кæронбæттæн аттестацийы уагхæлдтыты тыххæй.

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвар Ходы Аидæ куыд загъта, афтæмæй æхсæнадон цæстдарæджы хуызы архайæг æвдисы йæ граждайнаг зондахаст, цæмæй фæлварæнтæ дæттыны хъуыддаг уа æргом æмæ цæстуынгæ. Курсыты фæстæ хъусджытæн радтой сертификаттæ.

Иумæйаг паддзахадон фæлварæны рагагъоммæйы къæпхæн хъуамæ уыдаид 20 мартъийæ 13 апрелмæ, ныр æй раивтой — 25 майæ 29 июнмæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here