Минæвары равзæрстой

0
526

Æрæджы РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы æвзæрстой УФ-йы Æхсæнадон палатæмæ нæ республикæйы минæвары. Хъæлæс кæнынмæ кæй кандидатурæтæ рахастой, уыдонæй  æппæты фылдæр хъæлæстæ райста ЛАГКУТЫ Вячеслав.

Уый ма амæй размæ дæр дыууæ хатты уыд нæ бæстæйы Æхсæнадон палатæйы уæнг. Алы азты дзы  уыдысты  Тускъаты Таймураз, Кучиты Зауырбег æмæ Бокоты Эльбрус.  Æвзæрстытæй уæлдай ма нæ республикæйы Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ æрныхас кодтой УФ-йы Конституцийы срастгæнинæгтыл хъæлæс кæнынмæ республикæйы  цæттæдзинадыл   æмæ Цæгат Ирыстоны  цæрджыты коронавирусы низæй бахизыныл.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here