Мæздæггæгты цинæн

0
509

Мæздæджы районы байгом кодтой  æртæ рæвдауæндоны цур уæлæмхасæн бæстыхæйттæ.  Уырдæм исдзысты, афæдз æмæ æрдæгæй æртæ азмæ кæуыл цæуы, уыцы сабиты.

Дыууæ дзы ис Мæздæджы. Уыдонæй уæлдай ма Тройцкы станицæйы дæр арæзт æрцыд рæвдауæндонмæ уæлæмхасæн бæстыхай 55 сабийæн. Æртæ рæвдауæндоны бæстыхæйттæ дæр ифтонг сты нырыккон хъомыладон, ахуырадон, техникон, цардыуагон фæрæзтæй. Кусдзæн дзы фæлтæрдджын хъомылгæнджытæ. Алы бæстыхайæн дæр ис йæхи хъармгæнæн æмæ мæнгагъуыстытæ.

Рæвдауæндæттæ кæй байгом сты, уый фæдыл ацы хъомыладон артдзæстыты уыд концерттæ.

— Мах тынг райгонд стæм, рæвдауæндоны нæм  ног къорд кæй байгом, уымæй. Ныр ардæм алы райсом дæр хъæлдзæгæй цæудзысты нæ чысыл хотæ æмæ æфсымæртæ, — сæ хъуыдытæ дзырдтой хистæр кары сабитæ.  Рæвдауæндæттæ кæй байгом сты, уый тыххæй сывæллæттæ æмдзæвгæтæ æмæ зарджыты хуызы арфæ ракодтой  амалхъомтæн, проекттæ царды рауадзджытæн.

— Æхсызгон  нын у, рæвдауæндоны ног къорд  кæй байгом, уый, бузныг зæгъæм  Битарты Вячеславæн æмæ районы разамындæн. Нырæй фæстæмæ нæм ныййарджытæ æхсызгонæй кæндзысты сæ сабиты, — загъта Мæздæджы рæвдауæндон «Чысыл назбæлас»-ы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Ольгæ Тимофеева.

Мæздæджы районы рæвдауæндæттæ аразыны  фарст лыггонд цæуы рæвдз. Æрмæст ивгъуыд аз ацы районы байгом дыууæ  ног рæвдауæндоны. Иннæ рæвдауæндæтты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ кæй сарæзтой, уый фæрцы  дзы фæзынд 165 ног бынаты.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here