Æххæстгæнæг хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ хъуамæ æппæт мадзæлттæй дæр бацархайой Цæгат Ирыстоны ног коронавирусы инфекци ма æруадзыныл. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг 2020 азы 18 мартъийы бафыста республикæйы ахъаззаг цæттæдзинады фæткы тыххæй Указ.
«Ныртæккæ уал кусын райдыдта оперативон штаб, разамынд ын дæтты Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз. Штаб кусдзæн æхсæвæй-бонæй, уе ‘ппæты æргом дæр здахын хицауады структурæты иумæйаг æмæ нывыл архайдмæ», — РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ахæм разныхасæй байгом кодта ахсджиаг фарстытимæ баст æмбырд. Архайдтой дзы министртæ, районты хицæуттæ, æппæт бæрнон ведомствæты разамонджытæ.
«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Тыбылаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы ног коронавирусы инфекциимæ рынчынтæ нæ рабæрæг, фæлæ Уæрæсейы 24 регионы ис ахæм рынчынтæ. «Ныртæккæ нæ республикæйы цæрджытæй ног коронавирусы инфекциимæ тæссаг уавæримæ бæстæтæй чи сыздæхт, 75 ахæм адæймаджы сты сæ хæдзæртты æмæ æххæст кæнынц сæрмагонд домæнтæ. Æххæст сæ кæндзысты 14 боны. Се ‘ппæтæй дæр инфекци раиртасыны тыххæй райстой биоæрмæг», — загъта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр.
Куыд ма загъта, афтæмæй, цыдæриддæр РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указы мадзæлттæ нысангонд æрцыд, уыдон царды æххæст кæнынц. Битарты Вячеслав æмбырды архайджыты æргом аздæхта, тæссаг инфекци ма ‘руадзыны тыххæй цавæр рагагъоммæ æмбарынгæнæн, санитарон, æндæр ахъаззаг мадзæлттæ кæнын хъæуы, уыдонмæ. «Указы домæнтæм гæсгæ, дзыллон мадзæлттæ ивд æрцыдысты, районты, æппæт горæттæ æмæ хъæуты дæр æппынæдзух кæсын хъæуы хойраджы продуктты уавæрмæ. Уыцы ран фылдæр хæстæ хауы разамонджытæм. Куыд зонут, афтæмæй экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег фембæлд егъаудæр базарадон кусæндæтты хицæуттимæ, æмæ нæм хойрагимæ зындзинæдтæ нæй», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Куыд ма бацамыдта, афтæмæй экономикон ведомствæ æппынæдзух иртасдзæн, базарады хойраджы бæрц цас у, уый. Битарты Вячеслав сæвæрдта афтектæ хостæй ифтонг кæнынмæ цæст дарыны хæс. Хицауады Сæрдары хæдивæг Кæсæбиты Игорæн бабар кодта, медицинон маскæтæ æрбаласынæн фадæттæ скæнын. Промышленност æмæ транспорты министр Мæрзойты Владимир та хъуамæ цыбыр рæстæгмæ равзара Дзæуджыхъæуы медицинон маскæтæ уадзыны хъуыддаг.
Республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста, цæмæй хойраг æмæ хосты æргътæ фæбæрзонддæр кæнынмæ мачи бавнала. Уый тыххæй та уавæр æппынæдзух хъæуы иртасын. Адæм хъуамæ мацæмæй стыхсой, мацæмæй тæрсой.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ
Хицауады пресс-службæ














