Згъилаг хъисфæндыр

0
470

  Горæтгæрон районы библиотекæйы кæсæн залы уыд зындгонд дохтыр, æртæ дзырдуаты автор, Уæрæсейы Фысджыты литературон æмæхсæнады уæнг Челдыты Ауызбийы ног поэтикон æмбырдгонд «Згъилаг хъисфæндыр»-ы презентаци.

Æрбацыдысты йæм поэзиуарзджытæ, йе ‘мкусджытæ, йе сфæлдыстадæн аргъ чи кæны, уыцы адæймæгтæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ. Изæр байгом кодта библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Гæбæраты Валентинæ. Уый цыбырæй радзырдта Ауызбийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, æмæ ныхасы бар радта Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг, Джусойты Нафийы номыл национ литературон премийы лауреат, поэт Дыгъуызты Тенгизæн. Уый  æрдзырдта Челдыты Ауызбийы цард æмæ сфæлдыстадыл æмæ йæ хъуыдытæ загъта ног чиныджы ахадындзинады тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, «Згъилаг хъисфæндыр»-ы поэт ирдæй равдыста йæ поэтикон курдиат, —дзырдта Тенгиз.

Тынг фырнымд адæймаг у Ауызби. Бирæ хорздзинæдтæ сарæзта, фæлæ уæддæр фæзæгъы, цы, дам, сарæзтон уадиссагæй. Ахæм у йæ удысконд. Йæхицæй дæр фæзæгъы, поэт нæ дæн, зæгъгæ. Фæлæ уый раст нæу, Ауызби у хæдбындур поэт. Йæ чиныджы сæйраг бынат ахсынц ирон номдзыд поэт Къостайы тыххæй фыст уацмыстæ. Уый йæ чиныджы райдайæны йæ фыццаг æмдзæвгæйы фыссы:

  Нæ пехуымпар, нæ зæд,

  нæ рухсдар,

  Нæ цин, нæ æнусон кад.

  «Ирон фæндыр»,

  Ирон фарны бæркад.

Къостайы тыххæй  Ауызби ныффыста  цалдæр зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæйы, уыдонимæ: «Къостайы бæллиц», «Нæ сæрхъуызой» æмæ æндæртæ. Уым зæрдæрисгæйæ дзуры генион поэты æрхæндæг хъысмæты тыххæй.

Куыд йæ бæстæйы  патриот, афтæ Ауызби бирæ уацмыстæ ныффыста Ирыстоны тыххæй. Куыд дохтыр, афтæ зæрдæбынæй архайы адæмы низтæ сдзæбæх кæныныл, уымæ гæсгæ йæ поэзийы дæр ныфсджынæй сисы уыцы риссаг темæ.  Челдыйы-фырт зоны царды æппæт миниуджытæ дæр, сиды хорз зондмæ, æгъдаумæ æмæ адæймаджы чи рæсугъд кæны, уыцы миниуджытæм.

  Де взаг,

  де ‘гъдауыл хæц,

  Зон алцæмæн йæ бæрц.

  Кæддæриддæр уый зон,

  Кæй дæ аланты фæдон.

Челдыты Ауызбийы ног чиныджы тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой нæ республикæйы Парламенты депутат Челдыты Витали, Дунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хистæрты уынаффæдоны сæрдар, поэт-публицист Томайты Шамил, Уæрæсейы Журналистты цæдисы уæнг Джиголаты Эрик, Горæтгæрон районы «Ныхас»-ы сæрдар, хæсты æмæ фæллойы ветеран Ходы Æхсарбег  æмæ иннæтæ.

Челдыты Ауызбийы аив æмæ зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ бакастысты Октябрыхъæуы фыццæгæм скъолайы агуыргæнинæгтæ.

Кæронбæттæны презентацийы архайджытæн æмæ йæ саразджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Челдыты Ауызби. Уый загъта, ахæм поэтикон изæртæ тынг ахъаз кæй сты фæсивæды удварн рæсугъддæр кæнынæн.

 

ТОМАЙТЫ Роксанæ,

чиныджы редактор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here