Нæ чызджытæ — спорты хъайтартæ

0
364

Æвæдза, диссаджы рæстæг скодта дунеон спорты историйæн.

Æнусы ‘мбисы размæ дæр ма зын бауырнæн уыди сылгоймæгты хъæбысхæстæй, боксæй, лæгæй-лæгмæ тохты хуызтæй ерыс кæнгæйæ фенын. Кæй бауырныдтаид, сылгоймæгтæ къæхтæй-къухтæй тохты кæрæдзийы нæмдзысты, уый? Фæлæ рæстæг йæхионтæ кæны, æмæ ныр уыцы спорты хуызтæй сылгоймаг-спортсментæ ерыс кæнынц дунеон чемпионатты, æмæ ма суанг Олимпиаг хъæзтыты дæр.

Уæдæ уæззæуттæ исынæй, кæнæ автомобилон спортæй ерысты сылгоймаг-спортсменты фенын диссаг никæмæуал кæсы. Æппæт ацы спорты хуызтæм раздæр фемхиц сты фæсарæйнаг бæстæты сылгоймæгтæ. Уыдонæн аразын райдыдтой алыхуызон дунеон ерыстæ, æмæ дзы бирæтæ систы спорты стъалытæ.

Ирыстоны чызджытæ спорты ахæм хуызтæм се ‘ргом кæд бирæ фæстæдæр раздæхтой, уæддæр сын чысыл нæ бантыст. Нæ сæрæн сылгоймæгтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ систы дунейы стырдæр ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ. Нæ хъæбатыр чызджытæ сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ хæрзиуджытимæ  бирæ хæттыты сыздæхтысты Уæрæсейы, Советон Цæдисы, Европæйы, дунейы чемпионаттæй, æмæ ма суанг Олимпиаг хъæзтытæй дæр. Æгас дунейы дæр хъуыстгонд уыдысты æмæ сты сæ нæмттæ: Цæгæраты Ларисæ, Ольгæ Величко, Санаты Аидæ (фехтовани), Касаты Заремæ, Цæрукъаты Светланæ, Тъуриты Тимæ (уæззау атлетикæ), Гæбæгкаты Викæ, Гусалты Альбинæ, Аркъауты Оксанæ, Æлбегаты Дианæ, Боллоты Дзерассæ, Хъодзасты Ингæ, Мæхъиты Иринæ (армæйхæст).

Уыдонæй уæлдай ма нæ чызджытæ   æнтыстджынæй архайынц дзюдойæ, боксæй, тхэквондойæ, кикбоксингæй, хъæбысхæстæй æмæ лæгæй-лæгмæ тохты цалдæр хуызæй.

Мæнæ та хæрзæрæджы, нæ æрыгон чызджытæ æнтыстджын архайд кодтой Уæрæсейы алы рæтты дзюдойæ, тхэквондойæ æмæ автомобилон спортæй.

Дзюдойæ Тюмены Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты Хъайсынты Мæдинæ рамбылдта æвзист майдан, Æлборты Аланæ æмæ Гаджиты Алинæ та систы бронзæ майдантæй хорзæхджын.

Тхэквондойæ Æппæтуæрæсеон ерысты сæрæн хæст ракодта Гаглойты Элизæ. Уый 49 кг онг уæзы фæуæлахиз æртæ ныхмæлæууæгыл æмæ рацыд кæронбæттæнмæ. Хъыгагæн, йе ‘нæниздзинады аххосæй ацы тохмæ нал рацыд, æмæ бацахста 2-аг бынат.

Автомобилон спортæй дæр нæ чызджытæ æвдисынц хорз бæрæггæнæнтæ. Нæ хæрзæрыгон картингисткæ Годжиаты Маринæ цыбыр рæстæгмæ призон бынæттæ бацахста цалдæр ерысты. Нæ 13-аздзыд чызг ерыс фæкæны йе ‘мгар лæппутимæ. Æрæджы Маринæ Кæсæг-Балхъары республикæйы, горæт Нарткалайы ерыс кодта Советон Цæдисы хъæбатыр Назир Канукоевы номарæн ерысты, æмæ бацахста   2-аг бынат. Ацы ерысты архайдтой Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы æндæр регионты спортсментæ.

Уымæй къуыри фæстæдæр Маринæ архайдта Сочийы Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты, æмæ та уым дæр уыди хуыздæртимæ. Сочийы ерысты архайдтой Уæрæсейы алы рæттæй 147 спортсмены. Маринæ цы дæлкъорды ерыс кодта, уым ын  бантыст 4-æм бынат бацахсын. Йæ тренер Цуциты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй: «Ахæм стыр ерысты Маринæ 4-æм бынатмæ кæй рацыд, уый у хорз бæрæггæнæн. Ныр нæхи цæттæ кæндзыстæм ног ерыстæм. Сочийы цы стыр ерыстæ цыди, ахæмты Маринæ фыццаг хатт архайдта, фæлæ йæхи равдыста тынг сæрæнæй. Маринæ тынг курдиатджын, æгъдауджын æмæ куыстуарзаг чызг у. Уырны мæ, нырма йе стырдæр уæлахизтæ разæй кæй сты, уый».

Маринæ айдагъ спортивон курдиаты хицау  нæу. Уый ахуыр кæны Аивæдты лицейы. Уарзы ныв кæнын æмæ музыкæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнды нывгæнæг суæвын, фæлæ спортæн дæр йæ зæрдæйы ис фидар бынат.

Ахæм курдиатджын æмæ хæрзæгъдау кæстæртæ нæ иумæйаг цард кæнынц райдзастдæр æмæ хъæздыгдæр. Фылдæрæй нын фылдæр кæнæнт!

 

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here