Ахуырады уавæртæ æмæ фадæттæ

0
307

Цæгат  Ирыстоны национ проект «Ахуырад» æххæстгонд куыд цæуы, ууыл ныхас цыд, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз кæй амыдта, уыцы æмбырды. Министртæ, депутаттæ, ахуыргæнæндæтты разамонджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæй уæлдай ныхасы архайдтой ахуырдзаутæ æмæ рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты ныййарджытæ.

Фарон нæ республикæйы национ проект «Ахуырад»-ы хæйттæй царды уадзын райдыдтой 7, сæ сæххæст кæныныл дзуапдæттæг сты Ахуырад æмæ наукæйы, Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадтæ æмæ Фæсивæды хъуыддæгты комитет. Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина куыд радзырдта, афтæмæй проект «Нырыккон скъола»-йы фæлгæты 4079,7 мин сомы радих кодтой æнæниздзинады цыбыргонд авналæнтимæ сывæллæттæн ахуырад райсынæн æппæт уавæртæ саразынæн. Зæгъæм, æвзæр чи  хъусы æмæ уыны, уыцы  сывæллæтты реабилитацион ахуырадон центрæн балхæдтой æнæмæнг хъæугæ ифтонггæрзтæ, байгом дзы кодтой сенсорон уат, хъæбæр гæххæттæй цъæрттæ кæнæн æрмадз, хъæрмуат, инкубатор, цæхæрадоны кусæнгæрзтæ æмæ æндæр цæстуынгæ æрмæг.

Нырыккон технологон æмæ гуманитарон арæхстдзинæдтæ ахуырдзаутæм фидар кæныны тыххæй къухы бафтыд нымæцон 3D аппаратурæ, квадрокоптертæ, ОБЖ амонынæн. Фыццаг медицинон æххуыс бакæнынæн хъæугæ гæрзтæ, стъолтæ, бандæттæ. Скъолаты «Рæзты тæлмытæ», зæгъгæ, цы центртæ байгом, уыдон ифтонггонд æрцыдысты. Ацы аз ма хъæууон скъолаты ноджыдæр байгом уыдзæн 42 центры.

Министр ма радзырдта, ивгъуыд аз ног скъолатæ, рæвдауæндæттæ кæм сарæзтой, ацы аз ахæм объектыл кæм кусынц, уыдæтты тыххæй дæр. Ахсджиагыл банымайгæ у проект «Алы сывæллоны æнтыстдзинад» дæр. Уый фæрцы хъæууон скъолаты æппæт уавæртæ дæр кæнынц физкультурæ æмæ спортæй архайынæн. Фарон 31414,6 мин сомы радих кодтой спортивон залтæ бындуронæй сцалцæг кæнынæн, хъæугæ спортивон гæрзтæ балхæнынæн. Уымæй дарддæр ма 6 хъæуы сарæзтой спортивон клубтæ. Бирæ алыхуызон ахадгæ хъуыддæгтæ конд æрцыд проекттæ «Сывæллонджын бинонтæн æххуыс», «Нымæцон ахуырады алфамбылай», «Фидæны ахуыргæнæг», «Æрыгон профессионалтæ»-йы фæрцы.

Фæсивæды хъуыддæгты комитеты разамонæг Джусойты Руслан та æмбырды архайджыты базонгæ кодта регионалон проект «Социалон рæвдз архайд»-ы руаджы цавæр фарстытæ алыг кодтой, уыдонимæ. Фарон Ирыстоны фæзынд æмæ скуыста бархионтæн æххуысы центр, йæ архайд баст у æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæнынимæ æмæ æдасдзинадыл кусынимæ. Джусойы-фырт ма фæбæрæг кодта, бархионтæ туристтæн хæххон тæссаг уавæрты цавæр æххуыс бакæнынц, цæгатирыстойнаг агурæг-ирвæзынгæнæг къордимæ иумæ куыд кусынц, уыдæттæ.

Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, национ проект «Ахуырад» Цæгат Ирыстоны куыд æнтысы, уымæй скодта хатдзæгтæ. Куыд бацамыдта, афтæмæй фарон хъуыддæгтæ бантыстысты. «Фарон нæ къухы бирæ хорз хъуыддæгтæ бафтыд, сæ хæрзхъæддзинадæй дæр зæрдæ райы. Фæлæ нырма архайд чи домы æмæ ахадгæ уынаффæтæм чи æнхъæлмæ кæсы, ахæм фарстытæ бирæ сты. Хъуамæ æрыгæтты цæттæ кæнæм амæй-ай вазыгджындæр хæстæ æххæст кæнынмæ, хъуамæ дзы хъомыл кæнæм Ирыстон æмæ Уæрæсейы патриоттæ», — загъта Хицауады Сæрдар.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here