Коронавирусæй иунæг рынчын дæр республикæйы нæй

0
294

Коронавирусы ног хуыз республикæмæ не ‘руадзыны фæдыл санитарон-эпидемиологон домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц æмæ уыцы нысанимæ дарддæр цы мадзæлттæй архайд цæуы, уый фæдыл ныхас цыд, знон журналисттæн цы радон брифинг арæзт æрцыд, уым. Дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ фембæлдысты республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр ГОДЖЫЦАТЫ Тамерлан, ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ БАШАРИНА, фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг МАМАТЫ Анджелæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады æнæштатон сæйраг инфекционист ТАУАСИТЫ Валерия æмæ “Роспотребнадзор”-ы Цæгат Ирыстоны управленийы минæвар ЦÆРИКЪАТЫ Мæдинæ.

Годжыцаты Тамерлан фембæлды райдайæны бахатыд журналисттæм, цæмæй республикæйы цæрджытæм хæццæ кæной, æцæгдзинады бындур кæмæн ис, ахæм раст хъусынгæнинаг, дам-думтæн дзы бынат куыд нæ уа, стæй, официалон хъусынгæнинагмæ сæхи ныхæстæ кæнæ хъуыдытæ куыд нæ æфтауой, афтæ.

— Æрвылбон дæр уемæ фембæлæм æмæ æргомæй ныхас кæнæм, цæмæй адæм æмбарой — уавæрæй тæрсын нæ хъæуы, фæлæ хи хъахъхъæнын æмæ хуымæтæг домæнтæ æххæст кæнын. Адæм хъуамæ зоной, ныртæккæ цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр сæ нысан кæй у низ республикæмæ не ‘руадзын. Уыцы мадзæлтты фæрцы абоны бонмæ коронавирусæй фæрынчыны иунæг цау дæр республикæйы нæй, — загъта министр.

Фылдæр кæны, се ‘нæниздзинады уавæрмæ уæлдай тынгдæр хъусдард кæмæн цæуы, ахæм адæймæгты нымæц. Уыдон абоны онг сты 552 адæймаджы. Уый дæр уымæн, æмæ уыдон Цæгат Ирыстонмæ фæсарæйнаг бæстæты балцытæй кæй æрцыдысты, æмæ ныр 14 боны хъуамæ арвитой сæ хæдзæртты, дарддæр йæ ныхас кодта Годжыцаты Тамерлан. «Республикæйы арæнты сæрты чи æрбахизы, фæнды хæдтæхæгæй, фæнды автомобилон транспортæй, се ‘ппæты дæр æрвылбон сбæрæг кæнæм. Ацы куыст æххæст кæнæм республикæйы Мидхъуыддæгты министрады æмæ “Роспотребнадзор”-ы кусджытимæ иумæ», — загъта министр.

“Роспотребнадзор”-ы минæвар Цæрикъаты Мæдинæ куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы сæйраг санитарон дохтыры уынаффæйæ республикæйы нырæй фæстæмæ æхгæд цæуынц спортивон, фитнес — æмæ кинозалтæ, культурæйы хæдзæрттæ. Фæлхасадон куыстгæнæг амалхъомтæн амынд цæуы, цæмæй лæмбынæгдæр уой санитарон-эпидемиологон домæнтæ æххæст кæнынмæ, æмбæлгæ уагыл дарой уæйгæнæн бынæттæ, уæлдай къæрцхъусдæр уой, чи сæм кусы, уыцы адæмы æнæниздзинадмæ. Ацы домæнтæ хауынц канд уыдонмæ нæ, фæлæ æппæт куыстдæтджытæм дæр.

Людмилæ Башарина куыд радзырдта, афтæмæй скъоладзаутæн сæ улæфыны рæстæг у 30 мартъимæ. Уый фæстæ 12 апрелы онг скъоладзаутæ ахуыр кæндзысты, ахуырады ног хуызмæ гæсгæ, ома, алчи йæ хæдзары нырыккон информацион-техникон гæнæнты æххуысæй. Афтæ — астæуккаг профессионалон æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ дæр. Рæвдауæндæттæ дæр нырма сты æхгæд. Фæлæ сывæллæттæй бирæтæм кæсæг кæй нæй, уымæ гæсгæ сын æнæ рæвдауæндонæй гæнæн нæй, зæгъгæ, ахæм куырдиæттæ ныййарджытæй куы уа, уæд иуæй-иу рæвдауæндæтты байгом кæнын бахъæудзæн радгæс къордтæ. «Карантин цалынмæ уа, стæй куы фæуа, уæддæр йæ сывæллоны хæдзары дарын кæй бафæнда, ахæм ныййарджытæ рæвдауæндонæн уыцы рæстæгæн æхца фидынæй уыдзысты уæгъд, — загъта Людмилæ Башарина.

Нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æнæштатон сæйраг инфекционист Тауаситы Валерия куыд радзырдта, афтæмæй министрады «тагъд æххуыс»-ы телефонмæ æрбацыд 987 дзæнгæрæджы. Адæмы фылдæр тыхсын кæнынц, коронавирусы бæрæггæнæнтæ цавæр сты, рынчыны тыххæй гæххæттæн цы хуызы ис райсæн æмæ æндæр фарстытæ, стæй радзырдта, æппæт фарстыты фæдыл дæр “Роспотребнадзор”-имæ кæй кæнынц æмгуыст.

Маматы Анджелæ радзырдта, Фæллой æмæ социалон рæзты министрады социалон æгъдауæй лæггадгæнæг центртæ ног уавæрты куыд кусынц, уый тыххæй. «Уæрæсейы Федерацийы “Роспотребнадзор”-ы уынаффæтæ æххæст кæнгæйæ, министрады территориалон центртæм адæмæн ныртæккæ цæуæн нæй. Социалон æххуыс райсыны тыххæй цы гæххæттытæ хъæуынц, уыдон ныртæккæ барвитæн ис постæй кæнæ та сæ бадæттын бирæкъабазджын центрты (МФЦ) фæрцы. Нæ цæст дарæм, 60 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм карджын адæймæгтæм. Алкæмæн дæр сæ æххуыс кæны социалон кусæг, ацы ран нын нæ къух тынг рог кæнынц Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ æмæ бархионтæ, — загъта министры хæдивæг.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here