Хуссайраг æфсæддон зылды сгарджыты ахуыртæ

0
241

Ацы бонты Цæгат Ирыстоны сты Хуссайраг æфсæддон зылды дæлхайæдты сгарджытæ. Уыдонæн сæрмагонд ахуыртæ арæзт цæуынц æфсæддон полигон «Дайран»-ы.

Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссайраг æфсæддон зылды пресс-службæ.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, сгарджытæ мæйы дæргъы бæрзонддæр кæндзысты сæ æфсæддон дæсныдзинад. Уыимæ, ахуырты рæстæг сгарджыты зонгæ кæндзысты ног сæрмагонд техникæимæ архайыныл. Сæрмагонд æргом здæхт цæудзæн, хæххон уавæрты архайгæйæ, сгарджытæ сæ хæстæ æххæст кæнынимæ куыд арæхсынц, уымæ.

Пресс-службæйы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй æфсæддонтæ æххæст кæндзысты æндæр сæрмагонд хæслæвæрдтæ дæр. Уыимæ, ахуырты пъланмæ гæсгæ, сгарджытæн сæрмагонд схызт уыдзæн Цæгат Ирыстоны хæхтæй иумæ.

Дмитрий КУЗЬМИН

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here