Æхсæнадон змæлд «Иудзинад» зындгонд у йæ рухстауæн архайдæй. Æрæджы «Иудзинад»-ы æмбырдтæ аразæн залы уыд презентаци ног чиныгæн. Рухс федта ЦОГОЙТЫ Микъалайы фырт Тамерланы иузæрдион архайдæй. Чиныджы автор зæрдиаг арфæ ракодта «Иудзинад»-ы уæнг МÆРЗОЙТЫ Тамерланæн, æнæ уый æххуысæй, ацы чиныг уагъд не ‘рцыдаид.
«Мыкалгабыртæ авд авды сты» — афтæ схуыдта Цогойы-фырт йæ чиныг. Мыхуыргонд æрцыд ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Æвдыст дзы цæуынц Мыкалгабырты номхыгъд, арæзт æрцыд йæ фыдыфыд Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, стæй Уæлладжыры комы хохаг æмæ быдираг хъæуты хистæрты хъуыдыты æмбырдгондæй сфидыдтой йæ сыфтæ.
Чиныджы бакæсæн ис ирон адæмы уырнындзинады тыххæй æрмæджытæ, раздæры æмæ нырыккон кавказиртасджыты куыстытæ.
Цогойты Тамерлан райгуырд Уыналы хъæуы уæздан æмæ фæллойуарзаг бинонты ‘хсæн, уым ахуыр кодта хъæууон авдазон скъолайы, йæ хъысмæт амондджын рауад æмæ ахуыры бæрзæндтæм схызт, райста цалдæр уæлдæр ахуырады, адæм æй зонынц куыд фæскомцæдисы æмæ Коммунистон партийы бынæттон организациты раздзогæй, бирæ бæрнон бынæтты кусгæйæ, кæддæриддæр бæрзонд хаста ирон лæджы ном, йæ фыдæлты кад. Бирæ азты æнæзæрдæхудт архайды тыххæй Тамерлан хорзæхджынгонд æрцыд Кады нысантæй, ордентæ æмæ майдантæй. 2016 азы йын радтой Алагиры кадджын гражданины ном. Цогойты Тамерлан у æнгом æмæ рæсугъд бинонты хистæр.
Ног чиныджы фæзынд кæддæриддæр бæрæгбон у. Æхсызгонæй йæ райсдзысты сæ къухмæ æмæ йæ бакæсдзысты куыд хистæртæ, афтæ æрыгон фæлтæр дæр.
— Мæ фыдыфыд Алыксандр фæцард 102 азы, 19 æнусы райгуырд, бирæ зонындзинæдтæ, куырыхонад æм уым, йæ алы ныхасæн дæр кодтон стыр аргъ. Ивгъуыд æнусы, 60-æм азты мын цы хабæрттæ дзырдта, уыдон гæххæттыл фыстон цалдæр азы. Мæхицæн æй стыр хæсыл банымадтон, мæ кадджын фыдæлы ном цæмæй рохуаты ма уа, уый тыххæй, махæн цы зонындзинæдтæ радта, уыдон фидæны фæлтæртæм чиныджы хуызы фæхæццæ кæнын, — зæгъы Тамерлан.
— Мыкалгабыртæ авд æвды кæй сты, уый бирæтæ фехъуыстой, фæлæ сæ номхыгъд, сæ мидис ирон адæм рох кæнын райдыдтой. Цы æрмæджытæ æмæ хабæрттæ бахастам чиныгмæ, уыдон æвдисынц Мыкалгабыртæ, кæй сты хор æмæ дзулы (кæрдзыны), тыллæджы, амонды, бинонты, къонайы, бынаты, хæдзарон æмæ хъæддаг фосы, æппæт хъæдты хъæздыгдзинады, дæтты æмæ денджызты бардуæгтæ. Фараст æмæ дыууиссæдз Мыкалгабыртæ сæвæрдтой æвдгæйттæй, æмæ дзы рауад авд къорды. Хурты Хурзæрин, Æфсати, Донбеттыр, Галæгон, Фосы Фæлвæра, Хоры Уацилла, Тыхост æмæ иннæ бардуæгтæ. Æххуысгæнæг уæнт Иры дзыллæйæн!
Ног чиныджы презентацимæ хуынд æрцыдис бирæ зындгонд адæм, фысджытæ, нывгæнджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, Цогойты Тамерланы æмбæлттæ æмæ хиуæттæ.
Сæ хъуыдытæ, сæ цæстуарзон фиппаинæгтæ загътой РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн, ахуыргонд Æлборты Иван, зындгонд скульптор Дзбойты Михал, æхсæнадон архайæг Зæнджиаты Мысырби, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, историон наукæты доктор, профессор Цыбырты Людвиг.
Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг Дауыраты Дамир йæ раныхасы дæнцæгæн æрхаста зæрдæмæдзæугæ таурæгъ:
“Зæронд фыд йæ фыртмæ фæдзырдта æмæ йæ хъæугæронмæ акодта. Сæрмагонд бынатмæ бацамонгæйæ йын загъта, ам мын мæ амæлæты фæстæ дурæй цырт сæвæрдзынæ, уæлмæрды та, хъæдæй цырт, зæгъгæ. Куыд ын бафæдзæхста, лæппу афтæ бакодта, рæстæгимæ акъацийæ конд цырт бамбыдис. Уыцы дуры алыварс та адæм æмбырд кодтой, йæ ном рохуаты нæ баззадис”. — Ахæм зондахаст ис Цогойты Тамерланмæ дæр. Ивгъуыд, æмæ абон баиу кодта йæ фыдыфыдæн аргъ кæнгæйæ. Алы чиныджы рацыд дæр у стыр хъуыддаг, æмæ дын арфæ кæнæм», — загъта буц хистæр.
Санкт-Петербурджы цæрæг ирон адæмы æхсæнады уæнг Агънаты Хъауырбег чиныджы авторæн саккаг кодта Уастырджийы майдан. Æмбырды архайджытæй алкæмæн дæр Тамерлан балæвар кодта йæ ног чиныг. Хæстæгдæр рæстæг та ма, куыд базыдтам, афтæмæй, базонгæ уыдзыстæм Цогойы-фырты ног чиныг «Ирон адæймаджы æгъдау æмæ фарны кодекс»-имæ.
ГУГКАТЫ Жаннæ
Къамтæ систа
КЪÆБЫСТЫ Харитон












