Рухсхæссæг, уæздан, æнæхин æмæ цæстуарзон… Ахæм æмæ ма ноджы фылдæр æмæ хуыздæр дзырдтæ зæгъæн ис Национ наукон библиотекæйы хайады раздæры сæгълæууæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг ПАГÆТЫ Тамарæйы тыххæй.
Уый чиныджы фæрцы адæмæн сыгъдæгзæрдæйæ фæллæггад кодта фæндзай азæй фылдæр. Нæ республикæйы цыдæриддæр библиотекæтæ ис, уыдоны кусджытæ се ‘ппæт дæр Тамарæйæ, мадау фæлмæн æмæ цæстуарзон æххуыс æмæ амынд чи нæ банкъардта, ахæм адæймаг, æвæццæгæн нæ разындзæн. Йæхæдæг куыд зæрдиагæй æххæст кодта йæ размæ æвæрд хæстæ, раст ахæм хуызы зæрдæ чиныгмæ æмæ адæммæ дарыныл ахуыр кодта, йæ цард библиотекæйы куыстимæ чи бабаста, уыцы æрыгон специалистты. «Библиотекæ у мæ цард», афтæ иу дзырдта Тамарæ. Бæрзонд культурæ, уæздандзинад, дæсныйадмæ бæстон, бæрнон ахастдзинады миниуджытæ баиу сты йæ æнкъараг зæрдæйы.
1967 азы Пагæты Тамарæ Ленинграды культурæйы институт каст куы фæци, уæд æй 22 августы кусынмæ æрбахуыдтой Кировы номыл республикон библиотекæмæ ( ныр Национ наукон библиотекæ), чингуыты куыстады хайадмæ. Уымæй афæдз фæстæдæр Тамарæ æрлæууыд ацы хайады сæргъы. Йæ фæллойадон фæндаджы фыццаг азтæ та баиу сты, республикон библиотекæйы фондтыл зынг куы сирвæзт, уыимæ. Уæд басыгъд йæ алфавитон генералон каталог. Æмæ Тамарæ æвæстиатæй бавнæлта йе сног кæнынмæ. Уымæй уæлдай ма йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд чиныгкæсджыты каталог дæр. Уæд ма райдыдта библиотекæйы чингуытæ инвентаризаци кæнын. Уыцы рæстæгмæ, йæ удуæлдай архайды фæрцы библиотекæйы чингуыты фонды нымæц фæци дыууæ æмæ æрдæг хатты фылдæр. (1968 азмæ сси 550 мины, 1985 азмæ та 1.452 924). Афтæ хорзæй фæзынд æрыгон, фæлæ дæсны специалисты архайд республикæйы сæйраг библиотекæйы чингуыты хъæздыгдзинадыл.
1974 азы библиотекæйы уæды директор, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Гæздæнты Еленæйы, Пагæты Тамарæйы, Нинæ Волотовскаяйы зæрдиаг архайды руаджы, нæ республикæйы Кировы районы библиотекæ сси библиотекæйы куысты уаг централизацигонд системæмæ раивынæн æххуысы сæйраг артдзæст. Уыцы рæстæг ахæм куысты уагмæ рахызтысты Цæгат Ирыстоны æмæ Дзæуджыхъæуы æппæт библиотекæтæ. Советон Цæдисы республикæты æхсæн, уый фыццаг арæз æрцыд Ирыстоны.
1984 азы та Уæрæсейы Хуссар хайы библиотекæты ‘хсæн, фыццагдæр Ирыстоны царды уагъд æрцыд библиотекон-библиографион системæ, уыцы хъуыддаджы нæ республикæйы сæйраг библиотекæ уыд фæзминаг. Уыцы хуызы практикон ахуыртæ арæзт æрцыдысты Советон Цæдисы æппæт библиотекæты кусджытæн. Уыдонмæ гæсгæ арæзт æрцыд æртæ Æппæтцæдисон стыр конференцийы. Ацы æппæт куыстытæн æмæ методикон ахуыртæн арæхстджын разамынд лæвæрдта Тамарæ.
Йе ‘ххуысæй æмæ лæмбынæг амындæй Ирыстоны библиотекæты арæзт цыдысты систематизацигонд æмæ алфавитон каталогтæ. 1985 азы та Тамарæ æрлæууыд Национ наукон библиотекæйы зонадон-методикон хайады сæргъы. Йæхæдæг æмæ йæ хайады иннæ кусджытæ иудадзыг республикæйы библиотекæты кусджытæн, арæзтой семинартæ, дæсныйад æвдисæн ахуыртæ, квалификаци уæлдæргæнæн лекцитæ æмæ курсытæ… Библиотекæты куыст фæхуыздæр æмæ хъомысджындæр кæныны фæдыл ныффыста цалдæр методикон æрмæджы. Йæ разамындæй нæ библиотекæйы цы хайад куыста, уый методикон æмæ практикон æххуысы хуызы йæ арм дардта 165 дзыллон библиотекæйыл. Йæ фæрцы библиотекæты кусджытæ зонгæ кодтой сæ куысты нодзинæдтимæ, се ‘хсæн парахатгонд цыд дæсныдæр библиотекæрты куысты фæлтæрддзинад. Фæахадгæдæр чиныгкæсджытæн лæггад кæныны уаг дæр.
Уыцы ахадгæ куыст Тамарæ кодта, куыд Национ наукон, афтæ республикæйы районты æмæ Дзæуджыхъæуы библиотекæты. Уæрæсейы национ библиотекæимæ дæр ын уыд хъуыддаджы æнгом бастдзинæдтæ. Йæ кусджыты лæмбынæг хъусдардæй Тамарæ æмæ йæ хайады иннæ специалисттæ, арæзтой æмæ ныр дæр аразынц æппæт хъæугæ мадзæлттæ, цæмæй библиотекæты куыст бонæй бон хуыздæр кæна.
1980 азы Тамарæйы фæнд æмæ уынаффæйæ республикæйы хъæуты (фыццагдæр Хъарман-Сындзыхъæуы, Суададжы, Лескены) хъæуты библиотекæты кусджыты ‘хсæн райдыдта иртасæн, бæстæзонæн куыст. Уыдон сæ хъæуты тыххæй æмбырд кæнын райдыдтой алыхуызон историон цымыдисаг æрмæджытæ. Фæстæдæр уыцы æрмæджыты бынæттон библиотекæты арæзт æрцыдысты чысыл музейтæ.
Ивгъуыд æнусы 90 азты нæ республикæйы парламент нæ библиотекæты тыххæй сæрмагонд закъон сфидар кæна, уæмæ дæр йæ ахадгæ æмæ стыр æвæрæн бахаста Тамарæ.
Уæдæ куыд библиотекæты куысты фæлтæрдджын кусæг, афтæ йæ зонындзинæдтæ Тамарæ, канд Ирыстоны библиотекæты кусджытæн нæ лæвæрдта. Фæлæ ма сæ рæдауæй амыдта, фыццаг Дзæуджыхъæуы аиваæдты училищæйы библиотекæты хайады студенттæн, фæстæдæр та йыл уыцы хæстæ æвæрд уыд Культурæйы республикон колледжы. Студенттæн-иу ахуырадон æрмæг афтæ æнцонтæй амыдта, æмæ иу æй сæ зонды уайтагъд фидар кодтой. Фæсивæды иу дисы æфтыдта йæ логикон раст хъуыдытæй, цыргъзонддзинадæй, зæрдæхæлар узæлдæй, чиныг æмæ библиотекæйы хъуыддæгтыл æгæрон æнувыддзинадæй. Йе ‘ххуысы сæр иу кæм бахъуыд уырдæм-иу æвæстиатæй атындзыдта, æмæ иу æмкусæг уа, хæлар, кæнæ зонгæйæн, кæм ныхасæй, кæм та хъуыддагæй йæ тыхст ацарæзта. Йемæ-иу куы аныхас кодтаис, уæд иу дæ дисы бафтыдтаид йæ зонд, куыстхъомдзинад æмæ зæрдæхæлар миниуджытæй. Хорз зыдта библиотекæты историимæ баст алы цаутæ дæр. Политиктæ æмæ иу культурæйы архайджытæ, культурæ бахъахъхъæныныл æрмæст ныхасæй куы æвдыстой, уæд уыцы рæстæг та Тамарæ уыцы хæзнатæ, удварыны хъæздыгдзинады бирæ æвдисæнтæ бахъахъхъæныныл архайдта бæлвырд хъуыддæгтæй.
Йе ‘мкусджытæй, йæ зонгæтæй иу царды тыхст уавæры куы бахауд, уæддæр Тамарæ йæ алы ныхасæй дæр, йæ акъахдзæфæй дæр, архайдта, уыцы тыхст адæймагæн йæ уавæр фæрогдæр кæныныл.
— Библиотекæтæ æрмæстдæр адæмæн лæггад кæныны артдзæстытæ не сты, уыдон сты культурæйы, удварны, удхъомысы хæрзтæ тауæг артдзæстытæ æмæ сæм материалон пайда хæссæг куыстуæтты цæстæй куы кæсæм, уæд нæхи æмæ адæмы кæй сайæм, уый бæлвырд у — арæх-иу афтæ дзырдта Тамарæ. Æмæ йе ‘ппæт царды бонтæ дæр сарæзта, афтæ, цæмæй пайда уа адæмæн сæ зæрдæты культурæйы æмæ удварны хæрзтæ гуырын кæныны æмæ агуырыны хъуыддаджы. Æмæ йын уый бантыст, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз. Номдзыд уырыссаг фыссæг Лев Толстойы загъдау, адæймаг цы нысанæн æрвыст у ацы зæхмæ уый хорз куы æмбара, уæд хорздзинад тауыны фæндагæй иуварс нæ хизы. Ахæм уыд Пагæты Тамарæйы царды æмæ рухстауæн архайды сæйраг нысан.
Наталья КУЛИЧЕНКО














