Сæрмагонд фæтк: Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Указæй

0
368

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав иуæй-иу ивддзинæдтæ бахаста, коронавирусы низæфтауæг парахат кæнынæн гæрæнтæ сæвæрыны тыххæй æрæджы цы сæрмагонд Указ бафыста, уымæ.

Афтæ, 2020 азы 19 апрелы онг урæд æрцыд ресторанты, кафеты, хæрæндæттæ æмæ хойраджы иннæ ахæм кусæндæтты куыст. Уыцы кусæндæттæн сæ архайд адарддæр кæнæн ис, сæ продукци рагагъоммæ заказтæм гæсгæ æлхæнджытæм куы æрвитой, æрмæстдæр уæд.

Цæгат Ирыстоны фæзуатыл ныртæккæ нæй аразæн дзыллон театралон-хиирхæфсæн, культурон-рухстауæн, спортивон, физкультурон æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ дæр.

Рæстæгмæ урæд æрцыд розницæйы базарады кусæндæттæ æмæ базарты архайд дæр. Уыимæ, сæ куыст адарддæр кодтой хойраджы продукттæ æмæ фыццаградон промышленнон товартæ чи уæй кæны, уыцы базарадон кусæндæттæ. Æнæкъуыхцыйæ кусынц афтектæ, юридикон æмæ ветеринарон лæггæдтæ, стæй хæдтулгæтæ кæм цалцæг кæнынц, уыцы кусæндæттæ дæр.

19 апрелы онг урæд æрцыд косметологон салонты, абанатæ æмæ æндæр ахæм кусæндæтты архайд дæр. Рæстæгмæ сæ куыст æрурæдтой стоматологон поликлиникæтæ дæр. Уыимæ, æвæстиат стоматологон æххуысы мадзæлттæ дарддæр дæр æххæстгонд цæуынц. Ацы бонты кусыны фадат кæмæн ис, уыдоны номхыгъды ноджыдæр ма сты æрвылбоны цардархайдимæ баст лæггæдтæ чи кæны, иуæй-иу ахæм организацитæ.

Уыимæ, ацы бонты йæ куыст чи адарддæр кодта, уыцы куыстуæтты бæстон цæстдард хъуамæ уа санитарон цæстдарды домæнтæм.

Документы бындурыл республикæйы цæрджытæн амынд цæуы, цæмæй ацы бонты дарддæр æххæст кæной хииппæрддзинады фæтк. Хæдзарæй рацæуæн ис æрмæстдæр хойраджы æмæ фыццаградон промышленнон товартæ æлхæнынмæ, æвæстиат медицинон æххуыс райсынмæ, хæдзарон цæрæгойты тезгъомæ ракæнын æмæ афтæ дарддæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фæтк не ‘ххæссы, сæ куыст урæд кæмæн не ‘рцыд, уыцы организациты коллективты кусджытыл. Уыимæ, уыцы кусæндæтты разамонджытæ хъуамæ сфидар кæной архайды сæрмагонд графиктæ. Уыцы документты бæстон хъуамæ хыгъд æрцæуой санитарон-эпидемиологон æдасдзинады домæнтæ.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг йæ Указы бæлвырд амынддзинæдтæ радта республикæйы хицауады æххæстгæнæг оргæнтæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæн.

 

СЛАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here