Дзыллæйæ æнæмæнг хифæиппæрд кæныны фæтк нæ нымайгæйæ, ацæргæ адæмæн æххуыс кæныны фæдыл бархионты регионалон штаб йæ куыст дарддæр кæны.
Цæгатирыстойнаг амалиуæггæнджыты æххуысæй бархионтæ æмæ æхсæнадон организаци «Стыр зæрдæ»-йы уæнгтæ фæкæсинаг адæммæ хойраг бахæццæ кодтой. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, социалон лæггадкæнынады горæтаг æмæ районты комплексон центртæ бархионтæн сахъат адæймæгты, стæй зын уавæры бахауæг цыбыркъух æмæ бирæсывæллонджын бинонты номхыгъдтæ радтой. Бархионтæ 8-800-200-34-11 телефонмæ æрбадзурæг адæмæн хостæ æмæ хойраг балхæдтой.
Уымæй уæлдай, бархионтæ баххуыс кодтой Мæздæджы æмæ Алагиры районты цæрæг адæмæн. Ныридæгæн 120 куырдиатæй фылдæрыл бакуыстæуыд.
Нæ уацхæссæг














