Рынчынты нымæц рæзы

0
308

Дохтыртæ коронавирусы низæфтауæг кæмæ рабæрæг кодтой, уыцы адæмы нымæцыл ивгъуыд фæлладуадзæн бон Цæгат Ирыстоны бафтыд ноджыдæр ма 7. Афтæмæй сæ нымæц схæццæ 34 адæймагмæ.

Уый тыххæй знон фехъусын кодтой «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг республикон управленийы.

Уымæй уæлдай, управленийы разамонæджы хæдивæг Къаболаты Заремæ куыд радзырдта, афтæмæй бынæттон лабораторитæ ног низæфтауæгæй фæрынчын уæвынæй цы адæмыл гуырысхо кæнынц, уыдоны анализтæ арвыстой Мæскуымæ.

Управленийы минæвар адæмы зæрдыл ногæй æрлæууын кодта архайды ахæм фæтк: æндæр регионтæй Цæгат Ирыстонмæ чи сыздæхт, уыцы адæм 14 боны дæргъы хъуамæ архайой хииппæрддзинады домæнты фæлгæты. Уыимæ, уыдоны бадзурын хъæуы «комкоммæ бастдзинад»-ы номырмæ — 8 800  301 20 68, цæмæй сын медиктæ радтой, сæхи куыд дарын хъæуы, уый фæдыл сæрмагонд амынддзинæдтæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here