Сæрмагонд штабы уынаффæйæ…

0
491

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз видеобастдзинады фæткмæ гæсгæ скодта коронавирусон инфекци  парахат кæнынæн гæрæнтæ сæвæрыны оперативон штабы радон æмбырд.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан куыд радзырдта, афтæмæй, республикæйы коронавирусæй чи фæрынчын, уыдоны нымæц фылдæр кæны. Йæ ныхасмæ гæсгæ, коммерцион медицинон компанитæй иуы бафæндыд хæцгæнизæй рынчынты дзæбæх кæнын. Тагъд республикæмæ схæццæ уыдзæн ног компьютерон томограф, уый тынг ахсджиаг у пневмонийæ рынчынты уавæр иртасынæн.

Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Хъаныхъуаты Сергей радзырдта, хæцгæнизæй рынчынты куыд дзæбæх кæнынц, цавæр уæлæмхасæн медицинон фæрæзтæ сæ хъæуы, уыдæтты тыххæй. Æмбырды уæлдай æргом аздæхтой республикæйы цæрджытæн низы тæссагдзинæдты тыххæй хабæрттæ хъусын кæнынмæ. Æхсæнады, цæмæдæр гæсгæ, уавæр раст не ‘мбарынц, ууыл дзурæг у, горæты цæрджытæ æнæмæтæй уынгты куыд тезгъо кæнынц, уый.

Цыдæриддæр гæнæн æмæ амал ис, уымæй адæмæн æмбарын кæнын хъæуы, иуцасдæр рæстæг хииппæрдæй фæуын куыд ахсджиаг у, уый. Æнæ ахæм мадзæлттæй низ æнцонтæй бахæцдзæн, æмæ уæд адæймаг уыдзæн вирусхæссæг. Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, ацы ран хъуамæ сæ бæрнон ныхас зæгъой медицинон кусджытæ.

Æмбырды рахастой, фылдæр адæм кæм вæййы, уыцы бынæттæ — уынгтæ, æхсæнадон транспорт, бирæфатерон хæдзæртты бахизæнтæ — дезинфекцион фæрæзтæй сыгъдæг кæнын адарддæр кæныны уынаффæ. Ахæм мадзæлттæ хъуамæ æрмæст Дзæуджыхъæуы ма кæной, фæлæ районты æппæт цæрæн бынæтты дæр.

Ахсджиаг у социалон æгъдауæй æххуысхъуаг адæммæ фæкæсыны фарст дæр. Æппæт районты дæр цы бархионты пункттæ байгом, уым ахæм адæймæгты бæрæг кæнынц, хойраджы продукттæ сын уарынц.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here