Уырысханы кадджын фæндаг

0
386

Адæймаджы зæрдæ Райгуырæн бæстæмæ уарзты монцтæй дзаг куы уа, цы зæххыл райгуырд, уый  сыгъдæг удæй куы уарза, уæд цыфæнды кары дæр цæттæ вæййы йæ бахъахъхъæнынмæ. Афтæ рауад Ставд-Дурты цæрæг Гогыцаты Уырысханы цард дæр. Ставд-Дурты хъæумæ алыгъд Сечерæй. Уым ын райгуырд чызг  Тамарæ.  Йæ иннæ аст сывæллоны та царды рæсугъд фæндагыл æрлæууыдысты Ставд-Дурты цæргæйæ.

Уырысханæн  йæ бинойнаг Асиатимæ,  сабыр дуджы лæгау лæг цы уынаффæтæ фæкæны, ахæм рухс бæллицтæй дзаг бæргæ уыд йæ зæрдæ, фæлæ йын сæ  Фыдыбæстæйы Стыр хæст фæсыкк кодта. Цалдæр хатты  куырдиат бæлæвæрдта æфсæддон комиссарадмæ, цæмæй йæ знаджы дæрæн кæнынмæ арвитой, фæлæ, йæ кар кæй нæ амыдта, уымæ гæсгæ йæ нæ акодтой.  Уыцы рæстæг дæр Уырысхан йæ хæдзары æнцад нæ бадт, фæлæ куыста хъæуы колхозы, йæ фæллойæ æххуыс кодта фронтæн, архайдта æфсæддон фидæртты арæзтады.  Фæлæ, немыц Кавказмæ æрбахæццæ кæнынц, уый куы фехъуыста, уæд та йæ куырдиатимæ фронтмæ йæ арвитыны тыххæй бацыд æфсæддон комиссарадмæ. Ацы хатт  ын йæ ныхасыл дыууæ нал загътой, акодтой йæ хæстмæ.

1942 азы Уырысхан архайдта Сталинградыл  карз тохты. Уый фæстæ ноджы дарддæр ацыдысты йæ хæстон фæндæгтæ. Кæд æрыгон нал уыд, уæддæр  йæ æвæрæн бахаста не Стыр Уæлахизмæ.  Æмæ-иу æй уый фæстæ йæ цот куы фарстой, дæ кар куы нæ амыдта, уæд хæстмæ цæмæн ацыдтæ, зæгъгæ, уæд-иу  сын афтæ загъта: «Æз хæстмæ куы нæ ацыдаин, мæ хъару куыд амоны, афтæ хæсты куы нæ фæхæцыдаин цыфыддæр знаджы ныхмæ, уæд уын исчи искæд  бафидис кодтаид: сымах та чи стут, уæ фыд дезертир куы уыди».

Нæ бæстæйыл Уæлахизы хур куы скаст, æмæ Уырысхан йæ райгуырæн хъæумæ куы ссыд, уæд та фæстæмæ бацыд колхозмæ. Уым дæр кад æмæ радæй æххæст кодта йæ фæллойадон хæстæ суанг 80 азы кармæ. Уый нæ, фæлæ ма йе ‘вæрæн бахаста Дзæуджыхъæу æмæ Бехъаны электрон тыхдæттæг станцæты арæзтадмæ дæр. Уый тыххæй йын ЦИАССР-йы Сæйраг Советы Кады грамотæтæ дæр радтой. Тохы быдыры цы лæгдзинад равдыста, уый тыххæй та йын саккаг кодтой майдантæ: «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Германыл фæуæлахизы», «Кавказ бахъахъхъæныны»,  æмæ «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты хъазуатон фæллойы тыххæй».

Уырысхан æмæ Асиат царды уæрæх фæндагыл сæвæрдтой сæ кæстæрты. Хъыгагæн, Равенка æмæ Тамарæйæн хæрз æвзонгæй сæ царды зынг ахуыссыд. Уæдæ   Зинæ, Нинæ, Варычкæ, Уыбег  кæд æгас нал сты, уæддæр царды сæ зæрдæйы хорз ахастæй, се ‘нувыд фæллойæ сæхицæн скодтой ном æмæ кад. Зауыр æмæ Валик  дæр  царды ссардтой сæ бынат. Сæ кадджын хистæрты кадыл аууон никуы ницæмæй баппæрстой. Йæ лæгдзинад æмæ фæллойы намысджын фæндаг сын у фæзминаг.

Нал ис ацы зæххыл Гогыцаты Уырысхан. Фæлæ йæ ном, лæгдзинад æмæ намысы хъуыддæгтæ цæрынц йе ‘мхъæуккæгты, хиуæттæ æмæ йæ фæзминаг цоты зæрдæты.

 

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here