Æргътæ фæкъаддæр кæнынæн

0
207

Цæгат Ирыстоны Экономикон рæзты министрад базарадон кусæндæттимæ ныхас кæны æргътæ фæкъаддæр кæныныл. Супермаркеттæ «Деликат», «Наш» æмæ «Чиба» æппæтæй хъæугæдæр хойрæгтæ уæй кæнынц æнæ уæлæмхасæн æргътæй.

Фæаслам кæнын кæй æргътæ æмбæлы, уыцы хойрæгты номхыгъдмæ хаст æрцыдысты сæкæр, ссад, æйчытæ, пырындз, сауфагæйы кърупа, зети æмæ карчы фыдызгъæл. Продуктты  æргътæ алы дуканиты кæрæдзийæ хицæн кæнынц. Супермаркет «Наш» картоф, макъаронтæ æмæ æхсыр, «Деликат» та — картоф æмæ макъаронтæ уæй кæнынц товаруадзджыты æргътыл. Дзул лæвар кæм дæттынц, уыцы «Чиба»-йы имбир, лимон æмæ къабуска балхæнæн ис иннæтæй асламдæр аргъæй.

Адæм æппæтæй арæхдæр кæй æлхæнынц, ахæм хойрæгтæ æмæ товартæ иннæтæй асламдæр æргътыл чи уæй кæны, уыцы дуканиты нымæц фæфылдæр кæныны тыххæй ведомствæ ныхас  кæны базарадон кусæндæттимæ. Ацы фæндоны фарс рахæцыны фæнд скæнæг амалиуæггæнджытæн ис 53-29-57 телефонæй æргъты иртасынады хайадмæ бадзурыны бар. Адæм æппæтæй тынгдæр кæй æлхæнынц, уыцы хойрæгты æргътæм цæстдард ис  æрвылбондæр. Æргътыл бафтауыны цаутæ  фехъусын кæнынц монополийы ныхмæ арæзт федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийæн.

 

ГУЫРДЗЫБЕТЫ Зæринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here