Уæ цæстытæ бахъахъхъæнут

0
340

Цæстыты низ глаукомæйы ныхмæ тох кæныны бон медицинон æхсæнад, æппæт адæм дæр бæрæг кæнын райдыдтой 2008 азæй фæстæмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады дунеон организацийы æмæ Глаукомæйæ рынчынты дунеон ассоциацийы хъæппæрисæй.

Ахæм хъæппæрис дыууæ организацийы дæр равдыстой уымæн, æмæ глаукомæйæ рынчынтæ æппæт дунейы  кæнынц фылдæрæй-фылдæр, уыимæ сæ нымæц рæзы тынг тагъд æмæ ныртæккæ хæццæ кæны 100 милуан адæймагмæ. Абон дунейы цы 28 милуан куырм адæймаджы ис, уыдон боны рухс нал уынынц глаукомæйы аххосæй. Афтæмæй та фылдæр хатт цæстытæн уыд бахъахъхъæнæн, адæймаг афоныл дохтыры æххуыс куы бацагуырдтаид, уæд.

Глаукомæ, гæнæн ис, æмæ фæзына, адæймагыл 40 азæй уæлæмæ куы цæуа, уæд. Цæстыты низтæй æппæт рынчынтæй сæ 5 процентæн сæ низыхатт у глаукомæ. Глаукомæ адæймагмæ  фæзыны,  цæстыты мидæг туджы æлхъывдад куы сбæрзонд вæййы, уæд. Адæймаг æй йæхæдæг нæ фембары, уымæн æмæ дзы рисгæ ницы фæкæны. Низ йæ райдайæны йæхи кæй ницæмæй бæрæг кæны, тæссаг дæр уый у. Цæстыты мидæг туджы æлхъывдады æмбæлгæ бæрæггæнæн у 18-24 мм.рт.ст.

Цæмæй адæймаг глаукомæйы аххосæй ма бакуырм уа, уый тыххæй сæйраг профилактикон мадзал у низ йæ райдайæны базонын. Уый тыххæй, 50 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыдон хъуамæ цæуой дохтырмæ æмæ 2 — 3 азмæ иу хатт барой цæстыты мидæг туджы æлхъывдад. Глаукомæ фæзынынæй уæлдай тæссагдæр у сæкæрниз кæнæ гипертонийæ рынчынтæн, кæнæ та, йæ хæстæджытæй глаукомæйæ рынчынтæ кæмæн уыд, уыдонæн. Адон хъуамæ цæстыты мидæг туджы æлхъывдад барой арæхдæр — афæдз иу хатт.

Глаукомæ кæй фæзыны, уымæн йæ сæйраг аххосæгтæ сты: цæстыты мидæг туджы бæрзонд æлхъывдад (22 мм.рт. ст. фылдæр); цæстыгагуыйы æддаг цъар (роговица) æгæр тæнæг куы вæййы, уый;  адæймагæн йæ кар (50 азæй уæлæмæ); цæстыты æндæр низтæ, зæгъæм, катарактæ дæр ма адæймагмæ куы уа;  адæймаг дардмæ æвзæр куы уына; туджы ныллæг æлхъывдад; туджы зилдухы фехæлд; цæст цæфтæ куы баййафа; æндæр низтæ (гипертония, сæкæрниз, фырнард); низ адæймаг йæ ныййарджытæй куы рахæсса.

Профилактикæйы мадзæлттæн сæ сæйрагдæр у низ йæ афоныл базонын, уый тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы дохтырмæ цæуын æмæ цæстыты мидæг туджы æлхъывдад барын. Уый тынгдæр хауы карджын адæймæгтæм. Уымæй уæлдай, адæймаг йæхи куыд æнкъары, уымæ йæхæдæг дæр хъуамæ йæ цæст дара, æххæст кæна дохтырты амынддзинæдтæ, цы низтæ йæм ис, уыдон ыл цæмæй ма фæтыхджындæр уой, уый тыххæй. Цæст дарын хъæуы туджы æлхъывдадмæ дæр, æмæ йæ уадзын нæ хъæуы уæлæмæ-дæлæмæ кæнын. Алыхуызон стресстæй, уæззау хъуыдытæй уæхи хъахъхъæнут, уымæн æмæ сæ аххосæй туджы æлхъывдад кæны бæрзонд. Цæстыты гигиенæ æххæст кæнут, сæ фæллад сын рæстæгæй-рæстæгмæ уадзын кæнут. Мынæг рухсмæ чиныджы ма кæсут. Хурбон дарут, хуры тынтæй чи хъахъхъæны, ахæм кæсæнцæстытæ. Æнæуи кæсæнцæстытæ та дарут, цæстыты дохтыр кæй рафысса, æрмæстдæр ахæмтæ.

Уæ цæстытæ хъахъхъæнут æмæ æнæниз ут.

 

ЦХУЫРБАТЫ Эллæ,

Медицинон профилактикæйы

республикон центры дохтыр-методист

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here