Лæгау лæг уыд Хазби

0
308

Нæ разагъды лæгтæй иу уыди Хуыриаты Хазби. Ахæм адæймагимæ зонгæ кæй уыдтæн, уый дæр кæуылты у! Уый Ирыстоны зындгонд лæг уыди. Куыста районы разамонæгæй дæр.

Æз мæхицæн цардæмбал уыцы мыггагæй æрхастон. Мæ каисты ‘рдыгæй мæм Хазби уæлдай буц цæстæй кастис. Мæ хъуыддæгтæй кæддæриддæр  разы уыдис. Тынг хорз арæхстис адæмимæ цæрынмæ. Нæ разагъды лæг дæр æй хуымæтæджы нæ хонын. Ногхъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, уыдонæн номарæн комплекс дæр Хазбийы руаджы сырæзт.  Тедеты Павелимæ цыртдзæвæн сæвæрыныл фыццагдæр Хазби ныхас кæнын райдыдта. Хъæуы цæрджыты уавæртæ хуыздæр кæныныл архайдта. Хионау мыл узæлыдис, æхсæнады æмæ мæ сфæлдыстады алы хъуыддагмæ дæр разæнгард кодта.  Цæмæй Ногхъæуы мемориалон комплексæн Хетæгкаты Къостайы паддзахадон преми лæвæрд æрцæуа, ууыл дæр зæрдиагæй бакуыста.

Хуссар Ирыстонæй йе ‘рвадæлтæ 30 азы размæ ардæм куы ралыгъдысты, уæд сын йæ хæдзары сарæзта  фембæлд æмæ æрбахуыдта йæ иннæ æрвадæлты дæр. Газеткæсджыты размæ цы къам хæссын, уый дæр Хазби систа Советон Цæдисы маршæл Семен Буденныйимæ.  Къам мын куы лæвæрдта, уæд ыл ныффыста мæнæ ацы ныхæстæ: «Мишæ, ацы къам дын лæвар кæнын зæрдæхæларæй.  Къамы  стæм Семен Буденный æмæ æз. Пятигорск, 1947 аз. Хуыриаты Хазби».

Хазби куыд дзырдта, афтæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыд афицер, службæ кодта фидæны инæлар, Советон Цæдисы Хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары дивизийы. Хуыриаты Хазбийы хуызæн фæрнджын лæгты нæмттæ хъуамæ рох ма уой!

 

ДЗБОЙТЫ Михал,

“Рæстдзинад”-ы

æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here