Техникон уавæр бæрæг кæнынц

0
368

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы юбилейы бæрæгбонмæ цæттæ кæнгæйæ, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Газпромы Дзæуджыхъæуы газуарæн»-ы кусджытæ бæрæг кæнынц æнусон артимæ номарæн комплексты газы ифтонггæрзты техникон уавæр.

Ацы мæйы кæронмæ компанийы специалисттæ сбæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны  54 номарæн комплексы.

Компаниты къорд «Газпром межрегионгаз»-ы фæндонæй уыцы куыст æххæст кæнынц æппæтуæрæсеон акци «Сыгъдæг табуйаг хæс. Æнусон хъуыдæг»-мæ гæсгæ.

Газы компанийы кусджытæ рабæрæг кæнынц æнусон арты техникон уавæр, стæй йын йæ алыварс  фæзуат бафснайынц. Бахъуаджы заман специалисттæ æнусон арт рæстæгмæ бынатмæ раивынц, стæй йæ йæ раздæры бынаты сæвæрынц.

— Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æфсæддонты рухс нæмттæ бахъахъхъæныны  бæрнондзинад нæм  кæй хауы, уый нымайгæйæ, номарæн комплексты техникон уавæрмæ иудадзыг нæ цæст дарæм, — зæгъы  «Газпромы Дзæуджыхъæуы газуарæн»-ы директор Хъодзаты Алан.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here