Нæ сабитæн — ирон æвзагыл

0
476

Ацы аз студи «Frank Animation» ирон æвзагыл рауадзынмæ хъавы ахуырадон мультипликацион кинонывты 10 серийы. Уый тыххæй фехъусын кодта проекты автор СÆЛБИТЫ Алан.

— Нæ ахуырадон анимацион проект ахадгæ кæй у, уый тыххæй  ацы куыст  кæндзыстæм дарддæр. Нырма уал дæс кинонывæн презентаци скодтам. Ацы аз иуæндæсæмæй ссæдзæмы онг серитæ кæй рауадздзыстæм, ууыл мæ зæрдæ дарын, — загъта Сæлбийы-фырт.

Айразмæ Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй, æппæтæй раздæр рауадзынмæ кæй хъавынц, уыцы сери «Чъынды бирæгъ»-ы ныхас цæудзæн сывæллæтты хуымæтæджы арифметикон хынцинæгтыл  ахуыр кæныныл. Æдæппæт проектмæ гæсгæ рауадзынмæ хъавынц  30 серийы.

Адæм  æхсызгонæй сæмбæлдысты, чи рацыди, уыцы серитыл: «Уæрдон тулы», «Тæппуд цуанон», «Адджын фын», «Ног аз», «Æххормаг мыст», «Мæ фидар фыд», «Зондджын уыг», «Мæ бæрæгбон» æмæ «Райгуырæн зæхх»-ыл.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here