Милдзыхты Зауырбеджы фырт Хадзымырзæ райгуырд 1919 азы 1 январы Елхоты. «Чысыл сгуыхтæй райдайы уæлахиз», — зæгъы ирон æмбисонд. Æхсарджын æмæ ныфсхаст Хадзымырзæ йæ чысылæй фæстæмæ рахаста. Фыццаг хатт стигъджытимæ хæцæнгарзæй тохы куы бацыд, уæд ыл 14 азы йеддæмæ нæма цыд.
Æвзонг лæппуйы бар бакодтой хъомрæгъау. Уыцы рæстæг та хъомгæс æнæ дыууæхстон никуы уыд. Тæссаг уыд алы стигъджытæй хъомрæгъау атæрынæй. Банк чи фæкъахта, ахæм дыууæ стигъæджы æмбæхст уыдысты хъæды, æнхъæлмæ кастысты, гæнæн сын куы фæуа, уæд дарддæр сæ сæртæ бафснайдзысты, зæгъгæ. Хъæды кæрон сæ æвзонг лæппу бафиппайдта. Уый базыдтой стигъджытæ æмæ сфæнд кодтой уæлдай æвдисæны амарын. Райдыдтой йæ æхсын. Хадзымырзæ дæр сæм фæцырд æмæ сæ цалдæр хатты бахста. Иуы дзы фæцæф кодта, иннæ хъæд-хъæд алыгъд. Хъомгæс йæ амæттаджы хъæумæ æркодта æмæ йæ хъæуы хицауад схорзæхджын кодтой йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Уый уыд йæ цардвæндаджы фыццаг сгуыхт.
1939 азы йæ акодтой службæ кæнынмæ Сырх Æфсадмæ. Службæ кæнын райдыдта Дард Скæсæны, уырдыгæй бахауд Литвамæ. 1941 азы, цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый фыццæгтимæ бацыд карз тохы немыцаг фашисттимæ. Хъæуккаг æвзыгъд лæппу немыцимæ фыццаг тохты равдыста сæрæндзинад. Цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый тырыса рахаста судзгæ къазармайæ æмæ йæ, немыцы фæсчъылдымы карз хæстыты архайгæйæ, фæхæццæ кодта йæ æфсæддон хаймæ Псковы бынмæ. Уый фæстæ йæ ракодтой Цæгат Ныгуылæйнаг фронты 34-æм æфсады 164 æхсæг дивизийы 177 хицæн сгарæг ротæмæ.
1942 азы январы астæу Новгороды облæсты Лычковскы районмæ немыцы фæсчъылдыммæ æрвыст æрцыд советон сгарджыты къорд æмæ нал раздæхт.
Æххуысмæ йæм арвыстой æндæр къорд æртæ адæймагæй — сержант Милдзыхы-фырты, сгарæг ротæйы командир Ефимов æмæ лейтенант Черновы. Знæгтæ цы зæххытæ бацахстой, ууылты цæугæйæ, сгарджыты къорд бамбæлд немыцаг блиндажыл.
Сгарджыты къорд гранатæй срæмыгъта блиндаж, æмæ дзы авдæй фæмард сты, æртæйæн дзы бантыст алидзын, иуы та дзы уацары райстой, æмæ йæ Чернов штабмæ фæхæццæ кодта. Милдзыхы-фырт æмæ Ефимов бамбæлдысты, сгарæг къорды размæ чи бабадт, ахæм 12 фашистыл. Немыцæгтæм бацыдысты чъылдымæрдыгæй. Ефимов сфæнд кодта сæ хæцæнгарз сын байсын æмæ сæ æрфæрсын. Уыдон æнæнхъæлæджы æхсын райдыдтой, фæлæ дыууæ советон сгарæджы нæмгуытæй дыууадæсæй дæр фæмард сты. Фæмард Ефимов дæр.
Хадзымырзæ сгарджыты къорды куы ссардта, уæд сæ федта бынтон дæрæнæй. Се ‘ппæт дæр уыдысты уæззау цæфтæ, нæмгуытæ дæр сæм фаг нал уыд, ноджы ма сæ фæсте сырдта немыцаг фашистты æнæхъæн батальон. Хистæр сержант сфæнд кодта йе ‘мбæлтты бахъахъхъæнын. Ауагъта сæ размæ, йæхæдæг, цы нæмгуытæ ма сæм уыд, уыдон сæмбырдгæнгæйæ, бабадт фашистты размæ. Бирæ æнхъæлмæ кæсын æй нæ бахъуыд. 250 немыцаг æфсæддоны ныхмæ æрлæууыд иунæг советон салдат. Фыццаг рæстæг дзы афæлдæхта 39. Иннæтæ архайдтой Милдзыхы-фыртыл æрхъула кæныныл æмæ йæм æввахсдæр бацæуыныл. Карз тох цыдис сахаты æрдæгæй фылдæр. Хистæр сержант фæцис æртæ цæфы — йæ къах, йæ гуыбын æмæ йæ бæрзæй, фæлæ уæддæр нæ саст.
Дыууæ нæмыджы ма йæм баззад, афтæ йæм фæзындысты æххуысмæ «Ура» хъæргæнгæ, æрбахæццæ сты, кæй йæм рарвыстой, уыцы сырхæфсæддонтæ, æмæ немыц лидзæг фесты.
Хадзымырзæйы та аластой санчастмæ. Знæгтæй чи фæмард, уыдоны сырхæфсæддонтæ нымайын куы райдыдтой, уæд сæ нымæц схæццæ 108 онг.
1942 азы 16 мартъийы Милдзыхты Зауырбеджы фырт Хадзымырзæйæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном — Ленины орден æмæ «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майданимæ. Хъæбатыр хæстон лæг дарддæр службæ кодта НКВД-йы, тох кодта Советон Цæдисы знæгтимæ æмæ ма уым дæр иу уæззау цæф фæцис. Милдзыхты Хадзымырзæ фæцард 80 азы онг æмæ амард 1998 азы. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы. Мах цалынмæ цæрæм, уæдмæ хъуамæ ма рох кæнæм, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты егъау хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдоны нæмттæ. Сæ ныфс, се ‘хсар, сæ уарзондзинад Фыдыбæстæмæ сыгъдæгæй хæссæм æмæ хæсдзыстæм нæ фидæны фæлтæртæм, нæ рæзгæ фæсивæдмæ.
“Хадзымырзæ сгарджыты къорды куы ссардта, уæд сæ федта бынтон дæрæнæй. Се ‘ппæт дæр уыдысты уæззау цæфтæ, нæмгуытæ дæр сæм фаг нал уыд, ноджы ма сæ фæсте сырдта немыцаг фашистты æнæхъæн батальон. Хистæр сержант сфæнд кодта йе ‘мбæлтты бахъахъхъæнын. Ауагъта сæ размæ, йæхæдæг, цы нæмгуытæ ма сæм уыд, уыдон сæмбырдгæнгæйæ, бабадт фашистты размæ.”
КАСАТЫ Батрадз














