Ног бынæттæ — рынчындæтты

0
334

Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академи æмæ Æфсæддон рынчындон рацараздзысты, COVID-19 низæфтауæг кæмæ рабæрæг, уыцы адæмы дзæбæх кæнынæн.

Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин сфидар кодта, æххæстгæнæг хицаудзинады федералон оргæнты  медицинон кусæндæттæй коронавирусæй рынчынты  кæм дзæбæх кæндзысты, уыдоны номхыгъд.

14 маймæ коронавирусæй рынчынтæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон медакадемийы бацæттæ кæндзысты 200 сынтæджы, Æфсæддон рынчындоны та  сын 15 маймæ сараздзысты 30 бынаты.

Ирыстонæй фæстæмæ ма уæлæмхасæн бынæттæ сараздзысты Мæскуыйы облæсты, Бетъырбухы, Хъырымы, Краснодары крайы, Чуваши æмæ Приморьейы дæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here