Сæвзæргæ фарстытæм — бæстон цæстдард

0
285

Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ зынгæ хъуамæ рацаразой се ‘рвылбоны куыст, фыццаджы-фыццагдæр се ‘ргом аздахой адæмы царды сæвзæргæ фарстытæ афойнадыл лыг кæнынмæ. Ахæм хъуыдыимæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав раныхас кодта республикæйы социалон-экономикон уавæр нывылдæр кæныны фарстыты фæдыл штабы æмбырды.

Ацы ног структурæ арæзт æрцыд, 20 апрелы Дзæуджыхъæуы цы цаутæ уыд, уый фæстæ. Штабы нысан у æвæстиатæй лыг кæнын, хъæппæрисджын къорды уæнгтæ, стæй республикæйы иннæ цæрджытæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы раз цы тыхстаг фарстытæ æвæрынц, уыдон.

Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем æмæ Парламенты профилон комитеты сæрдар Ортабайты Тимур. Хицауады уæнгтæ æмæ республикæйы муниципалон скондты сæргълæуджытæ æмбырды архайдтой видеоконференцийы фæрцы.

Зындгонд куыд у, афтæмæй фæстаг азты республикæйы цæрæн бынæтты рæстæгæй-рæстæгмæ арæзт æрцæуынц, бынæттон адæм сæ тыхстаг фарстытимæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгмæ кæм бахатынц, ахæм дзыллон æмбырдтæ. Уыцы æмбырдты рæстæг профилон ведомствæтæ æмæ районты разамонджытæн лæвæрд æрцæуынц бæлвырд амынддзинæдтæ адæмы куырдиæттæ æххæст кæныны фæдыл. Фæлæ, рæстæг куыд æвдисы, афтæмæй æппæт амынддзинæдтæ афойнадыл сæххæст кæныны тыххæй фаг мадзæлттæ арæзт не ‘рцæуы.

Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, бæстон æркæсын хъæуы, æппæт муниципалитетты дæр цы уавæр сæвзæрд, æмæ тыхстаг фарстытæ афойнадыл лыг кæныны хъуыддаг цы æууæлтæ къуылымпы кæнынц, уымæ. «Районтæ æмæ иннæ администрациты хъуамæ бынат ма уа, адæмы сæ тыхстаг фарстытимæ алы кабинеттæм чи рарвит-барвит кæны, ахæм чиновниктæн», — фæнысан кодта республикæйы разамонæг.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, коронавирусы пандемийы æууæлтæ хынцгæйæ, хииппæрддзинады фæтк æвæрд кæй æрцыд, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы цардыл хорзæрдæм нæ зыны, бирæтæ рæстæгмæ æгуыстæй баззадысты, хъыгдард цæуы адæймаджы психологон уавæр дæр. Уыцы уавæрты архайгæйæ, хицаудзинады бынæттон оргæнтæ хъуамæ уой къæрцхъус адæмы домæнтæм.

— Бынæттон хицауады оргæнты разамонджытæ хъуамæ бæстон зоной, адæмы цы фарстытæ тыхсын кæнынц, уыдон. Фыццаджы-фыццагдæр æххуыс хъуамæ лæвæрд цæуа, царды зын уавæрты чи бахауд, уыцы адæмæн. Уыимæ, алкæцы хицау дæр хъуамæ цæттæ уа адæмимæ комкоммæ ныхасмæ. Æмæ кæд иуæй-иу фарстытæ муниципалитеты æмвæзадыл алыг кæнæн нæй, уæд сæ æвæрын хъæуы Хицауад æмæ республикæйы Сæргълæууæджы размæ, — бацамыдта Битарты Вячеслав.

Республикæйы разамонæг бæлвырд амынддзинæдтæ радта ведомствæтæ æмæ муниципалитетты бæрнон кусджытæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд æргом аздахын хъæуы фæсивæдимæ æмархайды, социалон хъахъхъæнынад æмæ адæмæн куысты бынæттæ дæттыны службæты архайдмæ. Уыцы структурæтæн хъуамæ иудадзыгон бастдзинад уа муниципалитетты разамонджытимæ.

Штабы уæнгтæ бæстон æрдзырдтой, республикæйы социалон-экономикон уавæр фæнывылдæр кæнынæн цы уæлæмхасæн мадзæлттæ саразын хъæуы, ууыл.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ

 Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here