Рынчынтыл ноджыдæр бафтыд

0
273

Коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 93 адæймаджы.

Ахæм бæрæггæнæнтæ знон фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ.

«Коронавирус низæфтауæг кæмæ рабæрæг, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 93 адæймаджы. Афтæмæй сæ иумæйаг бæрц ныртæккæ у 763 адæймаджы», — радзырдта управленийы пресс-службæйы минæвар.

Уыимæ, “Роспотребнадзор”-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 78 адæймаджы коронавирусæй сдзæбæх сты. 3 адæймаджы амард уыцы низæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here