Ног низæфтауæгимæ баст сæвзæрæг уавæрты республикæ куыд цæры, цавæр æххуыстæ исынц йæ цæрджытæ, ацы æмæ царды æндæр къабæзтимæ баст фарстытæн он-лайн хуызы арæзт конференцийы рæстæг дзуаппытæ лæвæрдта республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ АЗИМОВА.
Бæрæг куыд у, афтæмæй, сæвзæрæг уавæр нымайгæйæ, ацы аз нæ уыдзæн Уæлахизы парад, фæлæ йæ кадæн рагацау цы мадзæлттæ уыд нысангонд, уыдон æххæст æрцыдысты, стæй ма дарддæр дæр цæудзысты. Фыццаджыдæр, нывылгонд æрцыд Барбашовы фæз; Цæгат Ирыстоны фæзуæттыл цы 78 æфсымæрон ингæны ис, уыдонмæ дæр сæ фылдæрмæ базылдысты; ирон æвзагмæ тæлмацгондæй рацыд хъуыстгонд киноныв «Баллада о солдате», фæлæ йын дзыллон равдыст саразын къухы нал бафтыд, уымæ гæсгæ йæм бакæсыны фадат фæуыдзæн фæстæдæр, ног низæфтауæгимæ баст уавæр куыддæр аива, афтæ; он-лайн хуызы цæуы акци «Уæлахизы рудзгуытæ»; акци «Сад памяти»-йы фæлгæты Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй цæгатирыстойнæгтæй чи нал сыздæхт, уыдонæн сæ алкæй номыл дæр хъуамæ сагъд æрцыдаид 80 мин тала бæласы, сæвзæрæг уавæрты йын дзыллон хуызы саразын нал бантыст, фæлæ уæддæр ныридæгæн къухы бафтыд 43 мин бæласы ныссадзын; уæдæ сæ намысджын хистæрты мысгæйæ, абоны кæстæртæ цыбыр видеоравдыстытæ кæй аразынц æмæ сæ дзыллæйы размæ кæй рахæссынц, уый дæр у хъомыладон æмæ патриотон ахсджиаг фæрæз.
Ахуырадон къабазимæ баст фарстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ, Иринæ Азимова куыд загъта, афтæмæй Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны уагæвæрд ивд не ‘рцæудзæн, æмæ 11-æм къласонтæ йæ ныридæгæн куыд лæвæрдтой, афтæ йæ дæтдзысты ацы аз дæр, фæлварæнтæ дæттынæн цы пункттæ бацæттæ кæнынц, уым, æрмæст аудиториты раздæр кæд 15 адæймаджы бадт, уæд дзы ныр баддзæн къаддæр, кæрæдзийæ æмбæлгæ дæрддзæгмæ, абоны санитарон домæнтæм гæсгæ.
Ныртæккæ уал цы уынаффæ ис, уымæ гæсгæ 9-æм къласонтæ дæтдзысты æрмæстдæр дыууæ бындурон паддзахадон фæлварæны — уырыссаг æвзагæй æмæ математикæйæ.
Дæрддзæгмæ ахуырадыл ныхас кæнгæйæ, Хицауады Сæрдары хæдивæг куыд загъта, афтæмæй уый у рæстæгмæйы ахуырадон хуыз, æмæ, уавæр куыддæр банывыл уа, афтæ скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ 2020-2021 азы раивдзысты ахуырады æмæ хъомылады традицион хуызмæ.
Уымæй уæлдай, бафиппайдта, ахуырады ацы хуызы хъæндзинæдтæ дæр. «Уавæр куыд равдыста, афтæмæй ахуырады ахæм хуызмæ цæттæ нæ уыдысты нæдæр æппæт скъолатæ, нæдæр æппæт ныййарджытæ æмæ сывæллæттæ. Цыфæндыйæ дæр нын уый уыдзæн хъæугæ фæлтæрддзинад, хатдзæгтæ скæндзыстæм, æмæ ахуырады ацы фæрæз банывыл кæныныл бакусдзыстæм», — загъта Иринæ Азимова.
Цы ног низæфтауæг ахæлиу, уый адæмæн бирæтæн сæ цард бынтон кæй аивта, уымæ гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, карздæр уавæрты кусынц республикæйы министрадтæ æмæ ведомствæтæ. Радзырдта ма сæвзæрæг уавæрты аххосæй æнæ куыстæй æмæ æнæ царды фæрæзтæй чи баззад, ахæм адæймæгтæ æмæ бинонтæн Фæллой æмæ социалон рæзты министрады фæрцы лæвæрд æрцæудзæн иурæстæгон пособи 5 минæй 15 мины онг. Ахæм бинонтæ республикæйы сты 2 619. Уыцы нысанæн бахъæудзæн 26 милуан æмæ 588 мин сомы.
Ныййарæджы капиталы республикон программæ æххæст кæнгæйæ, се ‘ртыккаг (цыппæрæм æмæ а.д.) сывæллон 2012 азы размæ кæмæн райгуырд, ахæм бинонтæн Фæллой æмæ социалон рæзты министрад ивгъуыд азы се ‘ппæтæн дæр бафыста 50-гай мин сомтæ. Ацы аз уыцы æхца бафиддзысты, се ‘ртыккаг (цыппæрæм æмæ а.д.) сывæллон 2014 азы размæ кæмæн райгуырд, нæ республикæйы цæрæг 1 826 ахæм бинонтæн. «Ныридæгæн реестртæ сты цæттæ, æмæ хæстæгдæр бонты ацы бафыстытæ адæм исын райдайдзысты. Уыцы нысанæн республикон бюджет радих кодта 91 милуан æмæ 300 мин сомы», — бафиппайдта Хицауады Сæрдары хæдивæг.
Конференцийы кæронбæттæны Иринæ Азимова куыд загъта, афтæмæй ног низæфтауæгимæ баст сæвзæрæг уавæрты бинонтæн æмæ хицæн адæймæгтæн баххуыс кæныны мадзæлттæ дарддæр дæр цæудзысты æххæстгонд.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














