Æнæниздзинад — æппæтæй зынаргъдæр

0
362

Карз низы ныхмæ иумæйаг хъарутæй тох кæнынц бирæ адæм. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ йе ‘ххуысы хай хæссы. Фæлæ абоны хъайтартæ, æнæмæнг, сты рынчындæтты кусджытæ, дохтыртæ, медицинон хотæ, фелсыртæ, санитартæ, тагъд æххуысы машинæты шофыртæ. Хъыгагæн, Цæгат Ирыстоны хæцгæнизимæ уавæр карздæр кæны, рынчынты нымæцыл æфты.

Ацы уавæрты, æнæниздзинад æппæты зынаргъдæр хæзна кæй у, уый æмбаргæйæ, нæ дохтыртæ æвдисынц æцæг хъæбатырдзинад. Бирæтæ дзы ныууагътой сæ бинонты, сæ кæстæрты æмæ сæ зонындзинæдтæ, сæ хъарутæ æнæвгъауæй дæттынц рынчын адæмæн.

Дохтырты фарсмæ балæууыны хæрзаудæн акцийы бацархайыны хъæппæрис равдыста республикон газет «Северная Осетия»-йы коллектив. 29 апрелы номыр иууылдæр фыст у, медицинон кусджытæ цы хъæбатырдзинад, хæрзаудындзинад æмæ уарзондзинад æвдисынц, ууыл.

Республикæйы клиникон рынчындонмæ æрбацыдысты газеты сæйраг редактор Битарты Маринæ, йæ хæдивджытæ Александр Торин, Колыты Иринæ, Гогаты Нателлæ æмæ иннæтæ. Рынчындонмæ бацæуæны семæ фембæлдысты волонтерты штабы уæнгтæ, сæ сæргъы æхсæнадон архайæг — Мæргъиты Жаннæ.

— Нæ газеты  арæх мыхуыр кæнæм дохтырты тыххæй арфæйы ныхæстæ, фыссæм интервьютæ, лыггæнинаг фарстытыл дæр æрныхас кæнæм. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы кусджытыл абон стыр хæс æвæрд  ис. Азтæ рацæудзæн, æмæ ацы зын рæстæг нымад æрцæудзæн нæ сахъ Ирыстоны историйы сыфтæй иуыл.

Уадз æмæ фидæны фæлтæртæ дæр зоной, абон вирусимæ тохы раззаг рæнхъыты чи лæууы, уыдоны нæмттæ, — загъта Битарты Маринæ.

Тиражæй ма уæлæмхасæн 100 хуызджын газеты,  къафеттæ, къофи æмæ къофифыцæнтæ балæвар кодтой рынчындоны кусджытæн. Афтæмæй сæ сбуц кодтой.

Бузныг, нæ ирвæзынгæнджытæн сæ удуæлдай фæллойы тыххæй!

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here