Кæд ма сын исчи баззад

0
584

75 азы размæ  фашистон лæгмартæ нæ бæстæмæ æрбалæбурдтой. Нæ Иры фæсивæд æмхуызонæй  атындзыдтой тохы цæхæрмæ. Сæ кады ном се сгуыхтдзинæдты баззад. Чи æрыздæхт, уыцы хъæбатыр хæстонтæн нæ бæстæ йæ сæрæй ныллæг кувы, фыдызнаджы къæхты бынмæ йæ кæй не ‘руагътой, фидæны фæлтæртæн сæрибары сæраппонд сæ удтæ нывондæн кæй хастой, уый тыххæй.

Фæлæ, тохы быдырты хæст, нæмгуытау, кæй байуæрста, сæ нæмттæ абон дæр æбæрæгæй сæфтыл нымад кæмæн сты, уыцы ирон лæппутæ дæр чысыл не сты.

Æцæгæлон бæстæты æмæ æндæр рæтты сæ зæхх рæвдауы, хур сæ мæрдтæм тавы, фæлæ се сæфт хъæбултæм цæргæбонты æнхъæлмæ чи фæкастис, сæ къухтыл сæ чи хаста æмæ сæ се ‘нхъæлцау бындуртæ чи хуыдта, уыцы фæллад мадæлты хъарджытæ бирæ азты зæлыдысты нæ Иры кæмтты. Сæ цæрынхъуаг лæппутæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, сæ цæстытæ ныуурс сты, æнусон сагъæстыл бафтыдысты. Тигътæм-иу рацыдысты æмæ-иу бон-изæрмæ уым автобусмæ æнхъæлмæ кастысты, кæд мæ хъæбул фæзынид, кæд  автобусæй æрхизид, зæгъгæ.

Уыцы мадæлты мæгуырдзинадмæ кæсгæйæ-иу хъæубæсты цæрджытæн сæ зæрдæтæ куыд нæ тыдтой сæ риуты. Хæст раджы фæцис, æмæ сæрибар дунейы ныр арæм нæ Иры сæфт хæстонты нæмттæ.

Мæнæ мæм ацы хæстон фæсивæды къам бирæ азты размæ  редакцимæ æрбахаста хъæдгæройнаг Гутнаты мыггагæй иу ацæргæ нæлгоймаг, йæ ном ын нал хъуыды кæнын. Куыд дзырдта, афтæмæй  къамы ис хъæдгæройнаг Гутнаты Мулыккæ. Йæ фарсмæ цы лæппутæ ис, уыдоны нæмттæ нæ зыдта. Чи зоны, æмæ ма сын исчи баззад æмæ сæ, зæгъын, кæд  базониккой. Уæд нæм ныффыссæнт редакцимæ. Мулыккæйы тыххæй мын, хъыгагæн, ницы хабæрттæ ракодта, æмæ йыл, уымæ гæсгæ, ницы  ныффыстон. Гутнаты мыггагæй курын хатыр. Æхсызгон нын уыдзæн ацы хæстонты  нæмттæ базонын дæр.

 

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here