Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли Уæлахизы 75 азы тыххæй раарфæ кодта Уæрæсейы разамонæг Владимир ПУТИНÆН.
«Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр сæ зæрдыл дардзысты, уæхски-уæхск лæугæйæ, Фыдыбæстæ чи бахъахъхъæдта, цыфыддæр знагæн нæ зæххæй гæппæл дæр чи нæ радта, уыдоны хъæбатырдзинад»,— фыст ис телеграммæйы.
Бибылы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй дыууæ бæстæйы ‘хсæн хæлардзинад бахсыст хæсты карз æвзарæнты, дарддæр дæр уыдзæн паддзахæдты фæрныгад фидар кæныны ахъаззаг бындур. Уый ма Владимир Путинæн арвыста æнæниздзинады, фæрныгад æмæ Уæрæсейы сæраппонд æнтыстджын архайды тыххæй арфæтæ.














