Аивад æмæ спорт сты йæ ныфсдæттæг

0
286

Аивад æмæ спорт алы адæмыхаттæн дæр сты сæ национ культурæйы вазыгджын къабæзтæ. Цы уаид æнæ уыдонæй адæймаджы цард? Аивад æмæ спорт сты, царды арæх цы уæззау уавæртæ сæвзæры, уым ныфсы хос. Æвæццæгæн, а дунейы ахæм адæймаг нæма уыд, зарын, кафын, кæнæ спортивон ерыстæм кæсын чи нæ уарзта. Зæрдæмæхъаргæ зарæг, музыкæйы зæлтæ, кæнæ рæсугъд кафт уæззау, тугкалæн хæсты рæстæг дæр разæнгардгæнæг  уыдысты райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг æфсæддонтæн.

Уæдæ сабыр царды рæстæг дæр арæх æрцæуынц, адæймаджы зын уавæры чи баппары, ахæм цаутæ. Алкæй бон нæ бавæййы бафæразын, хъысмæт ын цы æвзарæнтæ саразы, уыдоны ма фæцудын, æмæ сæхимæ хъусынмæ фæвæййынц. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, ноджы фæуæззаудæр кæны зын уавæры бахауæджы хъысмæт æмæ зæрдæсаст фæвæййы.

Уый хыгъд арфæйаг сты, хъысмæты уæззау æвзарæнты йæ ныфс кæмæн нæ асæтты, цардмæ уарзон цæстæй чи кæсы, йæхи лæмæгъæй равдисыныл разы чи нæу, ахæм цардбæллон адæймæгтæ. Уыдонæй иу у Дзæрæхохты Хазбийы фырт Батрадз.

Хуымæтæг нæ рауад йæ цардвæндаг. Гуырдзæй уæзхъус кæд рахаста, уæддæр ын Хуыцау балæвар кодта кафыны курдиат. Авдаздзыдæй  цæуын райдыдта Алагиры Культурæйы галуанмæ кафджыты къордмæ. Йæ сæрæн архайдыл ын сæ цæст æрæвæрдтой аивады кусджытæ, æмæ хуынд æрцыд Дзæуджыхъæуы сывæллæтты  хъуыстгонд ансамбл «Хæхты сывæллæттæ»-мæ. Уым Цæгат Ирыстоны адæмон артист Козаты Станиславы разамындæй ссис ансамблы солист. 16-аздзыдæй бацыд Паддзахадон ансамбл «Алан»-мæ, æмæ та уым дæр йæхи равдыста тынг курдиатджынæй. Батрадз ахæм сæрæн кафт кодта, æмæ йæ чи зыдта, уыдоны дæр ма дисы æфтыдта, музыкæ нæ хъусгæйæ афтæ æнæкъуыхцыйæ кафынмæ куыд арæхсти, уымæй.

Цæхæрцæст, саджы фисынтыл амад лæппуйы кафт тынг цыди аивадуарзджыты зæрдæмæ, æмæ йын-иу сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд.

Батрадз йæхи амондджын хуыдта, йæ уарзон ансамблы кусгæйæ, фæлæ йыл ам æнæнхъæлæджы æрцыд ног бæллæх. Æхсаргæрдтимæ кафт репетици кæнгæйæ, йæ цæстыл ауад æфсæйнаджы цæхæркалгæ схъис, æмæ йæ уыйадыл бахъуыд ансамблæй ацæуын. Иунæг Хуыцау æй зоны, уыцы рæстæг Батрадзы зæрдæйы цы æнкъарæнтæ уыди, йæ сæры цы хъуыдытæ æвзæрди, уый, фæлæ та ахæм уавæры дæр Дзæрæхохы-фырт йæхи лæмæгъæй нæ равдыста. Ноджы ма йын ныфсдæттæг йæ ныййарджытæй уæлдай уыдысты йæ фыды ‘фсымæр Станислав, йæ фырттæ Ацæмæз æмæ Сослан.

Батрадз сывæллонæй дæр кафынæй уæлдай æмхиц уыд спортмæ. Фидæрттæарæзт лæппу уыд цæнгдых, æмæ йæ бафæндыд йæ хъару армхæсты спорты бавзарын.

Уæрæсейы сгуыхт тренер Лелаты Тотрадзы разамындæй Батрадз цыбыр рæстæгмæ йæхи равдыста тынг хъомысджынæй. Уый тыххæй Тотрадз зæгъы: «Æз зыдтон, Батрадз рæсугъд кафт кæнынæй уæлдай ма цæнгдых кæй уыд, уый, æмæ йын бакой кодтон йæхи армхæстæй бафæлварын. Батрадз сразы. Кæд ыл уыцы рæстæг 24 азы цыди, уæддæр уайтагъд фæцалх и нæ тренировкæтыл. Æнæзивæг æмæ хæрзæгъдау кæй у, уый тыххæй йыл тынг æнувыд уыдысты йе ‘мбæлттæ. Батрадзæн йæ арæхстдзинад рæзыд иу ерысæй иннæмæ, æмæ йæ æнтыстдзинæдтæ дæр фылдæрæй-фылдæр кодтой. Йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсменты ‘хсæн фондз хатты ссис Уæрæсейы чемпион, фæйнæ æртæ хатты та 1-аг бынæттæ бацахста Европæ æмæ дунейы чемпионатты. Сæххæст кодта дунеон къласы спорты мастеры домæнтæ. Йæ сгуыхтдзинæдтæ  ноджы фылдæр кæй уыдзысты, уый мæ уырны. Æнæмæнг, ныр дæр у Уæрæсейы спорты сгуыхт мастеры номы аккаг».

Батрадзæн аивады æмæ спорты  цы бæрзæндтæм схизын бантыст, уыдонæй бузныг у йæ фыды ‘фсымæр Дзæрæхохты Станислав æмæ йæ ахуыргæнджытæй. Станислав æй авдаздзыдæй бакодта Алагиры сывæллæтты аивадон скъолайы адæмон кæфтыты къордмæ. Уым Зæнджиаты Æхсары разамындæй тынг зæрдиагæй архайдта кафыны дæсныйадыл фæцалх уæвыныл. Батрадз абон дæр стыр бузныг у Зæнджиаты Æхсарæй, Козаты Станиславæй, Къозаты Зелим æмæ, паддзахадон ансамбл «Алан»-ы кæимæ куыста, уыцы балетмейстертæй. «Уыдонæй алкæмæй дæр æз райстон бирæ хорздзинæдтæ. Кафыны дæсныйад мæ зæрдæйы ахсы стыр бынат. Цы бæллæх мыл æрцыди, уый фæстæ мын «Алан»-ы ансамблы кусынæн фадат нал уыд, æмæ мæ уæд  Уæрæсейы адæмон артист Къозаты Зелим йæхимæ акодта сывæллæтты ансамблы кусынмæ. Стыр бузныг зæгъын Уæрæсейы сгуыхт тренер Лелаты Тотрадзæн дæр. Уый мæ сразæнгард кодта армхæстмæ  бацæуынмæ, æмæ уым ногæй мæхиуыл фæхæцыдтæн. Уый, æвæдза, амонд у, дæхи цардхъомысæй хатын!  Стыр ерысты дæ уарзон республикæ æмæ æнæхъæн Уæрæсейы спортивон кад æнтыстджынæй куы бахъахъхъæнай, æмæ дын дæ номыл дæ райгуырæн бæстæйы гимн куы ацæгъдой, уæд ма уымæй хуыздæр цы уа! Уыдæттæ мæ къухы кæй бафтыдысты, уым мын цы æххуысгæнджытæ уыди, уыдонæн мæ сæрæй ныллæг кувын. Сæ хорздзинæдтæ мæнæй никуы ферох уыдзысты. Куыд хъуамæ ферох кæнон æз мæ ахуыргæнджыты, мæ ныййарджыты, кæнæ мын дыккаг фыдау чи у, уыцы фыды ‘фсымæр Станислав æмæ йæ фырттæ Ацæмæз æмæ Сосланы узæлд. Ныртæккæ мыл цæуы 32 азы æмæ ма мæ фæнды ног ерысты архайын. Чи зоны, æмæ ма ноджыдæр иу спорты хуызы бавзарон мæ хъарутæ», — зæгъы Батрадз.

Батрадз цы спорты хуызы кой скодта, уый у рог атлетикæ. Æрæджы рог атлетикæйæ тренер Хъороты Барис Батрадзы æфсæйнаг къори æппарынæй афæлвæрдта, æмæ, куыд зæгъы, афтæмæй ацы спорты хуызæй дæр йæ гæнæнтæ гыццыл не сты.

Чи зоны, æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ фехъусæм Дзæрæхохты Батрадзы ног сгуыхтдзинæдты кой канд армхæстæй нæ, фæлæ ма рог атлетикæйæ дæр. Батрадзæн йæ æрдзон курдиат æмæ уæлахизмæ тырнындзинад зонгæйæ уымæн уæвæн кæй ис, уый уырны, хорз æй чи зоны, уыдоны.

Нæ зæрдæ йын зæгъы ног сгуыхтдзинæдтæ!

 

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here