Бæстыхай цалцæг кæнынц

0
249

Мæздæджы аразджытæ дарддæр цалцæг кæнынц  æвзонг техникты раздæры станцæйы  бæстыхай. Уым  уыдзæн сывæллæтты технопарк «Кванториум».

Ацы бонты агъуыстыты  кæнынц электромонтажон куыстытæ, къултæ сæрдынц, тæвдгæнæн системæ, донуадзæн хæтæлтæ æмæ пъолтæ ивынц. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгæнæг специалисттæ архайынц бæстыхайы  архитектурон хицæндзинæдтæ бахъахъхъæныныл.

Æппынкъаддæр 800 сывæллонæн уыдзæн «Кванториум»-ы ног бæстыхаймæ бацæуыны фæдат, технопарк кæй араздзæн, уыцы дзыллон мадзæлтты та архайдзысты ноджыдæр ма цалдæр мин адæймаджы. Скъоладзаутæ  дзы лæвар ахуырад исдзысты энерджиквантумы, геоквантумы, автоквантумы, аэроквантумы, промробоквантумы æмæ hi=tech-ы къабæзтæм гæсгæ. Уыдзæн дзы  шахмæттæй хъазæн уат æмæ картодром дæр. Æвзонг мæздæггæгтæ нырыккон ифтонггæрзты фæрцы дæсны зондамонджыты æххуысæй сахуыр уыдзысты ног технологитыл.

Технопаркмæ исынц, Мæскуыйы облæсты инновацион центр «Сколково»-йы ахуырад чи ацæудзæн, ахæм кусджыты. Сывæллæтты ног технопарк «Кванториум” Мæздæджы байгом уыдзæн ацы аз сентябры  национ проект «Ахуырад»-ы, федералон проект «Алы сывæллоны æнтыстдзинад»-ы фæлгæты.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here