“Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!”

0
387

Сывæллон йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. Уый  у адæймаджы удыхъæды дидинæг, йæ хъаруйы цæджындз, фæлтæрты æхсæн фидар хид. Сусæггаг нæу, азæй-азмæ къаддæр кæны, иронау дзурын чи зоны, уыдоны нымæц. Алы адæймаг дæр йе ‘взаг фæзоны, цас æй фæуарзы, уый бæрц. Нæ фыдæлтæ цыдæриддæр федтой æмæ базыдтой æнусты дæргъы, цы сфæлдыстой, уыдон иу фæлтæрæй иннæмæ хизынц æрмæст æвзаджы фæрцы. Уый  куы нал вæййы, уæд фесæфынц æппæт уыцы æнæнымæц æмæ хъæздыг диссæгтæ æмæ адæм сæхæдæг дæр. Барахъты Гинойы загъдау: «Цæй уæдæ, бæрзонд Кавказæй Нарты ‘взагæй дзурæм ныр», уымæн æмæ, æнæмæлгæ «Нарты кадджытæ» цы адæм сфæлдыстой, уыдоны æвзаг хъуамæ æнусты цæра.

2003 азы 15 май Ирыстоны интеллигенцийы куырдиатмæ гæсгæ фидаргонд æрцыд «Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бæрæгбон». 15 майы уымæн æрцыд нысангонд, æмæ уæд 1899 азы рухс федта нæ поэзийы зынаргъдæр хæзна — Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр». Ирон æвзаг у ирон адæмæн йæ уд, йæ зæрдæ.  Махæн нæ алкæмæн дæр хæс у йæ рæзтыл кусын, йæ фарн ын бахъахъхъæнын.

Цалынмæ нæ мадæлон æвзаг цæра, уæдмæ цæрдзæн нæ райгуырæн бæстæ — Ирыстон дæр. Хъуамæ не ‘взаг хъахъхъæнæм æмæ йын кад кæнын фæразæм, цæмæй суинаг фæлтæртæн сæ къухтæм радтын нæ бон бауа нæ хæзнаты хуыздæр. Ирон æвзаг, ирон культурæйæн сæ цард, сæ уд радтой: Хетæгкаты Къоста, Коцойты Арсен, Гæдиаты Секъа, Æмбалты Цоцко, Абайты Васо æмæ иннæтæ. Уыдон ирон дзырды фарн семæ нæ ахастой, ныууагътой йæ махæн.

Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы мах никуы рох кæнæм ирон дзырды уаз. Алы мадзæлттæй архайæм ирон æвзаджы рæзтыл. Уымæн æвдисæн сты нæ бирæ литературон фембæлдтытæ фысджытимæ, журналты кусджытæ æмæ автортимæ, мысæн æмæ кады изæртæ ирон дзырдаивады дæснытимæ. Уæдæ нæ литературон иугонд «Суадон»-ы активон архайд æхсæнадон царды хицæн ныхасы аккаг у. Равзæрд  цыппар азы размæ, сфæлдыстадон тæваг кæмæ хæццæ кæны, уыцы æрыгон фæсивæдæн сæ курдиат райхалыны рæзтæн. Фысджыты цæдисимæ æмгуысты фæрцы  сæ бархъомыс ныхас ныридæгæн хъуысы периодикон мыхуыры (газеттæ «Рæстдзинад», «Стыр Ныхас», «Слово», «Северная Осетия»; журналтæ: «Мах дуг», «Ирæф», «Литературная Кабардино-Балкария»), радиойы æмæ телеуынынады равдыстыты æмæ бакастыты, алыхуызон конкурсты æмæ литературон фембæлдтыты. Сæрмагонд сфæлдыстадон литературон-музыкалон изæрты кадджын уавæры Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ чиныгкæсджытæн зæлыдысты  нæ литературон уазæгуаты сæ поэтикон уацмыстæ æмæ се ‘мдзæвгæтыл фыст зарджытæ.

«Суадон»-ы уæнгтæ хистæрæй-кæстæрмæ сты, дзырдаивады бардуаг йæ фæлмæн арм кæуыл дары æмæ арæхстджын къахдзæфтæ чи кæны поэзийы фæндагыл, ахæмтæ. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи æрмдзæф, сæрмагонд хъæлæс. Фæлæ сæ иу кæны уарзондзинад ирон дзырдмæ, мадæлон æвзагмæ. Фыссынц алы темæтыл: уарзондзинад Фыдыбæстæмæ, æрдзмæ, хицæн адæймагмæ, лирикон, философон, урс æмдзæвгæтæ. Кæмæндæр — лæмæгъдæр, кæмæндæр — хъæддыхдæр. Нæ алы фембæлды дæр нын Фысджыты цæдисы уæнгты æххуыс у æгæрон.  Æдзух нын сæ æвæджиауы ‘ххуысы хай хæссынц  Агънаты Гæстæн, Скъодтаты Эльбрус,  Къадзаты Станислав, Хозиты Барис, Дауыраты Дамир æмæ иннæтæ. Нæ дзырдаивады зиууæттæ ахадгæйæ æвдисынц мадæлон æвзаджы æвидигæ хъæздыгдзинад сæ уацмысты, æмæ ахæм фембæлдтытæ кæстæртæн практикон æгъдауæй вæййынц цымыдисаг уроктæ.

Абоны уавæрты дæр нæ куыст не ‘рмынæг. Нæ къорды уæнгтæ Хозиты Агуындæ, Калоты Георги, Бестауты Аланæ, Бететы Фатимæ Уæлахизы бæрæгбоны кадæн виртуалон æгъдауæй бацархайдтой Дзæуджыхъæуы Администрацийы æмæ радио “Алани”-йы расидты сæ авторон уацмыстимæ  литературон конкурсты.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны кадæн сарæзтам виртуалон чингуыты равдыст «Не ‘взаг — нæ хæзна!» æртæ хайæ: «Ирон æвзагзонынад», «Къостайы фæдонтæ», «Периодикон мыхуыр ирон æвзагыл». Бахастам æм цымыдисагдæр æмæ арфдæр цы чингуытæ райхалдзысты равдысты темæ, уыдон, стæй ма — зындгонд адæймæгты хъуыдытæй ист цитатæтæ. Ис дзы  æххæст  библиографион номхыгъд ацы темæйыл чингуытæн, æмæ сæ Дзæуджыхъæуы централизацигонд системæйы библиотекæты чиныгкæсджыты бон уыдзæн бахъуаджы сахат райсын.

Цæй, æмæ нæ мадæлон æвзагыл дзурын ма ‘фсæрмы кæнæм, æмæ нæ хъуыдытæ нывæндæм æмæ дзурæм ирон æвзагыл — нæ хæзнаты  хæзнадæрыл æрмæст фынддæсæм майы нæ, фæлæ алы бон дæр!

 

ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ,

Дзæуджыхъæуы центрон

библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here