«Иугонд Уæрæсе» — дохтыртæн

0
257

Коронавирусæй сæйæг адæмы кæм дзæбæх кæнынц, уыцы Клиникон æмæ Тагъд æххуысы  рынчындæттæн радтой фæйнæ ног хæдтулгæйы. Медиктæн сæ ахсджиаг куысты тыххæй бузныг зæгъыны хуызы парти «Иугонд Уæрæсе» рынчындæттæн радта нысаниуæг «#спасибоврачам»-имæ хæдтулгæтæ.

Ныридæгæн рынчындæттæ транспортæй кæй пайда кæнынц, уый фæрцы дохтыртæн ис адæмæн медицинон æххуыс  раздæрæй цыбырдæр рæстæгмæ кæныны фадат.

— Амæй размæ нæ рынчындонмæ иунæг рог хæдтулгæ дæр нæ уыд. Кæй райстам, уыцы хæдтулгæ «Ладæ-Вестæ»-йæ цæудзыстæм канд дзæуджыхъæуккаг нæ, фæлæ хъæууон районты  рынчынтæм дæр. Раздæр  нæ-иу  бахъуыд такси æххуырсын, ныр та  пайда кæндзыстæм ног хæдтулгæйæ. Уымæй уæлдай ма нын уыдзæн хостæ, медицинон ифтонггæрзтæ æмæ гæххæттытæ раздæрæй рæвдздæр ласыны фадат дæр, — зæгъы Республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Митциты Астан.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: амæй размæ партионтæ Тагъд медицинон æххуысы дохтыртæн радтой хъахъхъæнæн маскæтæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here