Инæлары кадæн…

0
322

9 Майы, Цытджын Уæлахизы бон, 80 азы сæххæст нæ республикæйы зындгонд инæлар-майор, хъæбатыр хæстон Хъантемыраты Георги Мæхæмæты фырты райгуырдыл. Георги не ‘хсæн нал ис, фæлæ ирон адæмы зæрдæты цæрынц йæ рухс ном æмæ йæ фæрнджын хъуыддæгтæ.

Фыдæлтæ адæймаджы цард йæ азтæй нæ барстой, фæлæ йын цы бантыст саразын йæ Райгуырæн бæстæйы, йæ адæмы хæрзæбонæн, уымæй. Хъантемыры-фыртæн Хуыцауæй лæвæрд уыдис нæ царды æппæты вазыгджындæр æмæ ахсджиагдæр — сабырдзинады сæрвæлтау  хъарутæ æмæ æфсæддон зонындзинæдтæй хъæздыг уæвын.

Хъантемыраты Георги райгуырд 1940 азы 9 майы Цæгат Ирыстоны, Ираны хъæуы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Хъæуы авдазон скъолайы фæстæ ахуыр кодта Садоны кусæг фæсивæды изæрон скъолайы, бонæй та куыста æрзæткъахæны. Астæуккаг скъолайы фæстæ  ахуырмæ бацыд Дзæуджыхъæуы финансон техникуммæ æмæ йæ каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны Рухсады министрады  хистæр ревизорæй.

Уыцы азты фæсивæд сæрыстыр уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр инæлæрттæ æмæ булкъонтæй. Сæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ сын сæ зæрдыл дардтой, æмæ алы æрыгон лæппу дæр бæллыд хъæбатыр хæстонты кады аккаг суæвынмæ. Хъантемыраты лæппу дæр ногæй ахуырмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Кировы номыл æфсæддон училищæмæ. Бар ын уыдис ахуыры фæстæ равзарын йæ службæйы хъысмæт, фæлæ Георги æнцон фæндæгтæ никуы агуырдта, цардæн йæ æрфыты цыдис. Райдыдта йæ службæ Сахалины. Æрыгон лейтенант нысангонд æрцыд хицæн ротæйы командиры хæдивæгæй. Фæлæ командиры уæззау низ æрцахста, æмæ йæ бæсты æппæт хæстæ дæр æххæст кодта Георги. Ротæ цыбыр рæстæгмæ размæ ракодта Хъантемыры-фырт, æмæ та йæ фæстæзад ротæйы сæргъы æрлæууын кодтой. Афæдзы фæстæ та ацы ротæ дæр размæ рацыд. Афтæ æрыгон лейтенантæн æртæ азмæ бантыст цыппар ротæйы фидар æфсæддон фæтк сæвæрын. Разамынды миниуæг Георгийæн йæ туджы уыдис. Скъолайы дæр-иу алы хъуыддаджы дæр — раззæгтимæ. Йæ куысты бæрзонд бæрæггæнæнты тыххæй Георгийы командæгæнынад арвыста Фрунзейы номыл æфсæддон академимæ. Æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ æмæ йæ каст фæцис. Иттæг хорз ахуыры тыххæй йын лæвæрд æрцыд капитаны цин. Кæддæриддæр бæллыд æмæ архайдта йæхи æнæнхъæлæджы уæззаудæр уавæрты бафæлварыныл æмæ æрыгон афицер барвæндонæй дарддæр йе ‘фсæддон службæ æххæст кодта Астæуккаг Азийы. Уырдæм нысангонд æрцыд Советон Цæдисы мидæфсæдты батальоны 88-æм дивизийы командирæй. Æфсæддон хæйттæ уыдысты Узбекистан, Таджикистан æмæ Туркменийы, штаб та — Ташкенты. Хъантемыраты Георги ацы дивизийы уыд академион ахуырадимæ  фыццаг афицер. Уыцы заман мидæфсæдтæ фæстæзадыл нымад уыдысты хæстон цæттæдзинады фарстыты, иннæ гæрзифтонг тыхтимæ абаргæйæ. Хъантемыры-фырты дæсны разамынд бахъуыд ацы ран дæр. Уый сарæзта сæрмагонд  ахуыртæ æмæ йæ къухы бафтыд æфсæдтæ размæ ракæнын. Домаг, бæрнон, ныфсджын æмæ хъæддых — ахæм командирæй йæ зыдтой кæмдæриддæр.

Афганистанмæ кæй æрвыстой, уыцы фæсивæды уал-иу ахуыртæм бакодтой Георгийы æфсæддон хæйттæм. Хъантемыраты Георгийы цард æмæ æфсæддон архайдыл бирæ ис дзурæн, хицæн чиныджы дæр нæ бацæудзысты йæ фæрнджын хъуыддæгтæ. Фæлæ æнæзæгъгæ нæй, советон милицæйы уавæры тыххæй 1990-æм азты. Нæ бæстæ ныппырх, демократийы бындурыл райдыдтой нациты ахастдзинæдтæ дæр хæлын. Адæм кæрæдзимæ знаджы цæстæй акастысты. Нæ бæстæйы анхъæвзтой хæстон быцæутæ: Алма-Атайы, Тбилисы, Ферганайы, Хæххон Карабахы, Хуссар Ирыстоны æмæ Прибалтиаг республикæты.

Быцæутæ æрцыд мæхъæл æмæ ирæтты ‘хсæн дæр. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ уыцы уавæрты æдых уыдысты, æмæ иу быцæуæй иннæмæ мидхъуыддæгты æфсæдты раппар-баппар кодтой. Ахæм тæссаг уавæры æндæр æфсæддон мадзæлттæ хъуыдис, милицæйы чи нæ уыд, ахæмтæ. Нæ республикæйы разамынд уæд центрон разамындмæ фæсидтис æххуысмæ. Æмæ  æвзæрст æрцыд инæлар Хъантемыраты Георги. Инæлар-булкъон Юрий Шаталин Георгийы мидæфсæдтæй милицæмæ ацæуын нæ бауагъта. Уымæн æмæ Георги, куыд фæлтæрдджын æфсæддон разамонæг, хæстон быцæуты архайæг, афтæ  зыдта, Цæгат Кавказы дæр цытæ æрцæудзæн, уый. Æмæ Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрæй нысангонд æрцыд оперативон кусæг нæ, фæлæ хæстон инæлар. Зын рæстæджытæ уыдысты уыцы азтæ. Фыдракæндтæ, æртхъирæнтæ сарæх сты, æмæ милицæйы бон уыцы барадхæлдтытæ банывыл кæнын нæ уыд. 1991 азы Хъантемыры-фырт нæ республикæйы  сарæзта ОМОН. Уыцы къорд уыдис фыццаг Цæгат Кавказы. ОМОН ссис мидæфсæдты сæйраг тых, æмæ сæ æрвыстой æппæты тæссагдæр æмæ бæрнондæр куыстытæм.

Георгийы ныхасмæ хъуыстой иннæ инæлæрттæ æмæ булкъонтæ. Цæгат Кавказы зылды мидæфсæдты командæгæнæджы хæдивæг, инæлар-лейтенант Вадим Сафонов афтæ загъта: «Уыцы азты не ‘ппæтæн дæр зын уыдис. Бирæ æфсæддон разамонджытæн-иу сæ ныфс асаст. Æмæ Хъантемыры-фырты хуызæн æфсæддонтæ хъуыдысты ахæм сахат. Йæ кад нæ бæстæйы нæрыдис, æмæ нæм диссаг каст, йæхи республикæмæ æрыздæхыны фæнд куы скодта, уæд. Æндæр хуызы йæ бон нæ баци Георгийæн. Йæхи республикæ зын уавæры бахауд, æмæ фæтагъд кодта инæлар йæ ирон адæммæ æххуысмæ».

Мæхъæлон-ирон быцæу бауромыны хъуыддаджы Георгийы сгуыхтдзинæдтæ бирæ сты. Уыцы цаутæ иууылдæр зонæм. Фæлæ хæст цалдæр бонмæ банцайын кæныны, экстремистты къордтæ ныддæрæн кæныны фарстытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, лыггонд цыдысты Хъантемыраты Георгийы уæззау зондæй. Паддзахад ын йæ æфсæддон архайдæн стыр аргъ скодта. Хорзæхгонд æрцыд бирæ кадджын хæрзиуджытæй, фæлæ йын сæйрагдæр уыдысты адæмы бузныгад, нæ бæстæйы фæрныгад æмæ сабырдзинад.

 

“ Цæгат Кавказы зылды мидхъуыддæгты æфсæдты командæгæнæджы хæдивæг, инæлар-лейтенант Вадим Сафонов афтæ загъта: «Уыцы азты не ‘ппæтæн дæр зын уыдис. Бирæ æфсæддон разамонджытæн-иу сæ ныфс асаст. Æмæ Хъантемыры-фырты хуызæн æфсæддонтæ хъуыдысты ахæм сахат. Йæ кад нæ бæстæйы нæрыдис, æмæ нæм диссаг каст, йæхи республикæмæ æрыздæхыны фæнд куы скодта, уæд. Æндæр хуызы йæ бон нæ баци Георгийæн. Йæхи республикæ зын уавæры бахауд, æмæ фæтагъд кодта инæлар йæ ирон адæммæ æххуысмæ». ”

 

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here