Сæ нымæц фæфылдæр

0
268

Коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 72 адæймаджы.

Ахæм бæрæггæнæнтæ знон фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ.

«Коронавирус низæфтауæг кæмæ рабæрæг, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 72 адæймаджы. Афтæмæй сæ иумæйаг бæрц ныртæккæ у 2314 адæймаджы», — радзырдта управленийы пресс-службæйы минæвар.

Уымæй уæлдай, хииппæрддзинады фæткмæ гæсгæ чи архайы æмæ дохтырты цæстдарды бæрны чи ис, уыцы адæмы нымæц абоны онг у 1463. Дыууæ къуырийы дæргъы хииппæрддзинады фæтк чи æххæст кодта æмæ, низæфтауæг кæмæ нæ разынд, уыцы 4940 адæймаджы систой медицинон цæстдардæй.

Уымæй уæлдай, “Роспотребнадзор”-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг суткæйы дæргъы коронавирусæй рынчынтæй амард ноджыдæр ма 3 адæймаджы. Афтæмæй сæ иумæйаг нымæц ныртæккæ у 18.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here